Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w14 1/1 14–15 фф.
  • Мӕрдтӕ райгас уыдзысты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мӕрдтӕ райгас уыдзысты
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «ӔЗ ДӔН РАЙГАСДЗИНАД»
  • ӔНУСТӔМ ЦӔРЫНЫ НЫФС
  • Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн»!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Чи амард, уыдонӕн ныфс ис!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Ӕцӕг ныфс
    Мӕлӕты фӕстӕ цы ’рцӕуы?
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
w14 1/1 14–15 фф.
[Ныв 14, 15 фӕрстыл]

Мӕрдтӕ райгас уыдзысты

Библийы фыст ис, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты. Уый дӕ уырны?a Чи нын амард, уыдоны ногӕй кӕй фендзыстӕм, уый ахӕм ӕхсызгон хабар у, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Фӕлӕ ууыл нӕ ныфс, мыййаг, дзӕгъӕлы дарӕм? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй уал аныхас кӕнӕм, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый Чырыстийы апостолты цӕмӕн уырныдта.

Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, ууыл апостолтӕ фидарӕй ӕууӕндыдысты. Цӕмӕн? Ӕппынкъаддӕр дыууӕ аххосаджы тыххӕй. Фыццаг уый, ӕмӕ Чырысти йӕхӕдӕг райгас. Куы райгас, уый фӕстӕ йӕ федтой апостолтӕ, стӕй ма «уыцы иу рӕстӕг фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ» (1 Коринфӕгтӕм 15:6). Уымӕй уӕлдай, цыппар Евангелийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, Чырысти кӕй райгас, уый федтой бирӕ ӕндӕр адӕм дӕр ӕмӕ уый се ’ппӕты дӕр уырныдта (Матфейы 27:62–28:20; Марчы 16:1–8; Лукайы 24:1–53; Иоанны 20:1–21:25).

Дыккаг, апостолтӕ сӕхи цӕстӕй федтой, Чырысти ӕртӕ адӕймаджы куыд райгас кодта, уый. Фыццаг хабар ӕрцыд горӕт Наины, дыккаг – Капернаумы, ӕртыккаг та – Вифанийы (Лукайы 7:11–17; 8:49–56; Иоанны 11:1–44). Фӕстагмӕ кӕй райгас кодта, уыцы адӕймаджы тыххӕй фыст ис ацы журналы гыццыл раздӕр. Чи амард, уыимӕ дӕр ӕмӕ йын йӕ бинонтимӕ дӕр Йесо тынг ӕввахс уыд. Цы ’рцыд, ууыл-ма лӕмбынӕгдӕр аныхас кӕнӕм.

«ӔЗ ДӔН РАЙГАСДЗИНАД»

«Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн». Ацы ныхӕстӕ Чырысти загъта Марфӕйӕн, Лазӕры хойӕн. Уӕдмӕ Лазӕры мардыл рацыд цыппар боны. Марфӕ фыццаг нӕ бамбӕрста, Чырысти афтӕ цӕмӕн загъта, уый. «Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн»,– загъта Марфӕ. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уый кӕддӕр фидӕны уыдзӕн. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд тынг бацин кодтаид, Чырысти афтӕ куы загъта, «ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард», зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йе ’фсымӕры куы райгас кодта! (Иоанны 11:23–25).

Лазӕр куы амард, уӕд уый фӕстӕ цыппар боны дӕргъы кӕм уыд? Куы райгас, уӕд ахӕмӕй ницы загъта, цӕмӕй ахъуыды кӕнӕн уыдаид, ӕмӕ уыцы цыппар боны дӕргъы ӕндӕр кӕмдӕр цард. Лазӕрӕн ӕнӕмӕлгӕ уд нӕ уыд ӕмӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацыд. Йесо Лазӕры куы райгас кодта, уӕд ӕй зӕхмӕ уӕлӕрвтӕй, ома, Хуыцауы фарсмӕ амондджын кӕм уыд, уырдыгӕй, не ’рцӕуын кодта. Уӕдӕ уыцы рӕстӕг кӕм уыди? Ингӕны мӕрдвынӕй кодта (Екклесиаст 9:5, 10).

Чырысти мӕлӕт абарста, адӕймаг фынӕй куыд кӕна, уыимӕ. Фӕлӕ йӕ ис «райхъал кӕнӕн», ома райгас кӕнӕн. Библийы кӕсӕм: «„Не ’мбал Лазӕр бафынӕй, фӕлӕ ӕз цӕуын, цӕмӕй йӕ райхъал кӕнон“. Уӕд ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: „Хицау, кӕд бафынӕй, уӕд адзӕбӕх уыдзӕн“. Фӕлӕ Йесо, Лазӕр мӕлгӕ кӕй акодта, уый кой кодта. Уыдон та йӕ афтӕ бамбӕрстой, ӕмӕ ӕнӕуи бафынӕй ӕмӕ сын уый кой кӕны. Ӕмӕ сын уӕд Йесо комкоммӕ загъта: „Лазӕр амард“» (Иоанны 11:11–14). Чырысти Лазӕры райгас кодта, ома йӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта, цӕмӕй ногӕй йӕ бинонтимӕ цардыл цин кодтаид. Цы диссаджы лӕвар скодта Чырысти уыцы бинонтӕн!

Чырысти мӕрдты кӕй ӕгас кодта, уымӕй равдыста, фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы суа, уӕд цы сараздзӕн, уыйb. Йесо зӕххӕн разамынд куы дӕтта, уӕд фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн, ингӕны чи ис, уыдоны. Афтӕ дӕр уымӕн загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад». Ахъуыды-ма кӕн, чи дын амард, уыдоны ногӕй куы фенай, уӕд куыд цин кӕндзынӕ! Стӕй-ма ахъуыды кӕн, чи райгас уыдзӕн, уыдон сӕхӕдӕг куыд цин кӕндзысты, ууыл! (Лукайы 8:56).

Ахъуыды-ма кӕн, чи дын амард, уыдоны ногӕй куы фенай, уӕд куыд цин кӕндзынӕ!

ӔНУСТӔМ ЦӔРЫНЫ НЫФС

Йесо Марфӕйӕн загъта: «Ӕз дӕн райгасдзинад ӕмӕ цард. Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн. Удӕгас чи у ӕмӕ мӕныл чи ’ууӕнды, уый та никуы амӕлдзӕн» (Иоанны 11:25, 26). Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд кӕй райгас кӕндзӕн, уыдон ӕнустӕм цӕрдзысты – ӕрмӕст ыл кӕд ӕууӕндой, уӕд.

«Мӕныл чи ’ууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн» (Иоанны 11:25)

Чырысти Марфӕйӕн уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уӕд ӕй бафарста: «Уырны дӕ?» Марфӕ йын дзуапп радта: «Уырны мӕ, Хицау. Мӕн уырны, ды кӕй дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт» (Иоанны 11:26, 27). Нӕ дӕ фӕнды, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый дӕу дӕр Марфӕйау фидарӕй уырна? Уый тыххӕй фыццаг хъуамӕ базонай, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Иоанны 17:3; 1 Тимофеймӕ 2:4). Уыцы зонындзинӕдты фӕрцы дӕм фӕзындзӕн уырнындзинад. Дӕ бон у зӕгъын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн, цӕмӕй дын равдисой, Библийы ацы фарстайы тыххӕй цы фыст ис, уый. Уыдон дын дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзысты.

a Кӕс статья «Чи амард, уыдонӕн ныфс ис!», 6 фарс.

b Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый фӕдыл Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй дӕ кӕд фылдӕр базонын фӕнды, уӕд кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?», 7 сӕр. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын