БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ
Кувын цӕмӕн хъӕуы?
Йегъовӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзурӕм (Лукайы 18:1–7). Уый нӕм тынг лӕмбынӕг фӕхъусы, уымӕн ӕмӕ йын зынаргъ стӕм. Уӕдӕ кӕд нӕ уӕларвон Фыды йӕхи фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм, уӕд ӕм цӕуылнӕ хъуамӕ кувӕм? (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6.)
Хуыцаумӕ ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ кувӕм, цӕмӕй дзы ӕххуыс курӕм. Куывды фӕрцы ӕввахсдӕр кӕнӕм нӕ уӕларвон Фыдмӕ (Псалом 8:3, 4). Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын ӕдзух куы дзурӕм, уӕд суыдзыстӕм йе ’ввахс хӕлӕрттӕ. (Бакӕс Иаковы 4:8.)
Кувын куыд хъӕуы?
Хуыцауы рӕсугъд ныхӕстӕй дисы бафтауӕн нӕй, стӕй йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй цавӕрдӕр куывдтытӕ сахуыр кӕнӕм, ӕмӕ йын ӕдзух уыдон дзурӕм. Уымӕй уӕлдай, лӕугӕйӕ кувӕм, бадгӕйӕ ӕви ӕндӕр искуыд, уый ахсджиаг нӕу. Сӕйрагдӕр у, цӕмӕй йӕм кувӕм зӕрдӕйӕ (Матфейы 6:7). Зӕгъӕм, рагон Израилы иу сылгоймаг, Аннӕ, Хуыцаумӕ куывта, цы йӕ тыхсын кодта, уый тыххӕй. Фӕстӕдӕр, йӕ маст цинмӕ куы раивта, уӕд, Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй скуывта ӕмӕ йын раарфӕ кодта. (Бакӕс 1 Самуилы 1:10, 12, 13, 26, 27; 2:1.)
Ӕвӕдза, Хуыцау нӕ цӕй стыр кады аккаг скодта! Нӕ бон ын у нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ дзурын, кадджын ӕй кӕнын ӕмӕ, цы аразы, уыдӕтты тыххӕй йын бузныг дзурын. Уыцы диссаджы кадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй! (Бакӕс Псалом 145:14–16.)