Сымах «мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ»
«[Сымах]... мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ... суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (ХЪУЫД. 1:8).
1, 2. а) Йегъовӕйӕн ӕппӕты хуыздӕр ӕвдисӕн чи уыд? ӕ) Йесойы ном цы нысан кӕны? Хуыцауы Фырт ахӕм ном дзӕгъӕлы кӕй нӕ хаста, уый куыд равдыста?
ЙЕСО ЧЫРЫСТИЙӔН куы тӕрхон кодтой, уӕд Понтий Пилатӕн, Иудейӕйы бӕстӕйы ромаг хицауӕн, хъӕбатырӕй загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон». (Бакӕс Иоанны 18:33–37.) Бирӕ азты фӕстӕ апостол Павел Йесойы тыххӕй ныффыста, «Понтий Пилаты раз хъӕбатырӕй ӕвдисӕн ныллӕууыд», зӕгъгӕ (1 Тим. 6:13). Мах цӕрӕм, Хӕйрӕджы къухы чи ис, уыцы фыддунейы, ӕмӕ цӕмӕй Йесойау «иузӕрдион ӕмӕ ӕцӕг ӕвдисӕнтӕ» уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм хъӕбатыр (Рарг. 3:14).
2 Йесо дзуттаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ райгуырдӕй уыди Йегъовӕйы ӕвдисӕн (Ис. 43:10). Хуыцауы номӕй чи дзырдта, уыдонӕй Йесо уыд ӕппӕты хуыздӕр ӕвдисӕн. Уый хорз ӕмбӕрста, Хуыцау ын ахӕм ном цӕмӕн радта, уый. Куы нӕма райгуырд, уӕд Хуыцауы зӕд Иосифӕн, Йесойы зӕххон фыдӕн, загъта: «Схондзынӕ [йӕ] Йесо, уымӕн ӕмӕ уый адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн» (Матф. 1:20, 21, фип.). Библи чи иртасы, уыдонӕн сӕ фылдӕры хъуыдымӕ гӕсгӕ, Йесойы ном дзуттагау у «Йешу́а», ӕмӕ нысан кӕны «Йегъовӕ у ирвӕзындзинад». Йесо уыцы ном дзӕгъӕлы кӕй нӕ хаста, уый уымӕй равдыста, ӕмӕ Израилы адӕмӕн, «сӕфт фыстӕй уӕлдай чи нӕ уыд, уыдонӕн», ӕххуыс кодта, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кодтаиккой ӕмӕ та Йегъовӕйы хорзӕх ссардтаиккой (Матф. 10:6; 15:24; Лук. 19:10). Уый зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Марк уый тыххӕй ныффыста: «Йесо ацыди Галилейӕмӕ ӕмӕ уым хъусын кодта Хуыцауы хорз хабар ӕмӕ дзырдта: „Афон ӕрцыд, Хуыцауы паддзахад ӕрхӕстӕг. Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ хорз хабарыл баууӕндут“» (Мар. 1:14, 15). Йесо хъӕбатырдзинад ӕрмӕст хъусын кӕнгӕйӕ нӕ равдыста. Уый дины разамонджытӕн сӕ фыдхъуыддӕгтӕ хурмӕ калдта. Ӕмӕ уый уыд, цӕй тыххӕй йӕ амарын кодтой, уыцы аххосӕгтӕй сӕ иу (Мар. 11:17, 18; 15:1–15).
«ХУЫЦАУЫ СТЫР ХЪУЫДДӔГТӔ»
3. Йесойы мӕлӕтӕй ӕртӕ боны фӕстӕ цы ’рцыд?
3 Йесойы фыдмард куы акодтой, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ Йегъовӕ диссаг сарӕзта – райгас ӕй кодта ӕмӕ йын радта, зӕдтӕн цавӕр буар ис, ахӕм буар (1 Пет. 3:18). Йесо кӕй райгас, уый цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ базыдтаиккой, уый тыххӕй-иу сӕм фӕзынд адӕймаджы буары. Хуыцау ӕй куы райгас кодта, уӕд дыккаг бон ӕппынкъаддӕр фондз хатты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕмӕдӕрты фӕзынд (Матф. 28:8–10; Лук. 24:13–16, 30–36; Иоан. 20:11–18).
4. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм куы фӕзынд, уӕд сын цы бамбарын кодта ӕмӕ сын цавӕр куыст бахӕс кодта?
4 Йесо йӕ апостолтӕ ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕндзӕм хатт фӕзынд, иумӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд. Ӕмӕ сын уӕд «сӕ зонд бынтондӕр байгом кодта, цӕмӕй Фыстад бамбӕрстаиккой». Уыдон бамбӕрстой: Йесо Хуыцауы знӕгты къухӕй кӕй амард ӕмӕ диссаджы хуызы кӕй райгас, уымӕй сӕххӕст сты, Фыстады уый тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон. Уыцы фембӕлды кӕрон Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бӕлвырд бамбарын кодта, амӕй фӕстӕмӕ цавӕр куыст хъуамӕ кӕной, уый. Загъта сын: «Ӕппӕт адӕмтӕн дӕр йӕ номӕй [ома Чырыстийы номӕй] хъусын кӕндзысты, зӕгъгӕ, уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уын хатыргонд ӕрцӕудзысты. Гъемӕ Иерусалимы дӕр, ӕмӕ стӕй иннӕ рӕтты дӕр хъусын кӕнут, цы федтат, уыдӕттӕ» (Лук. 24:44–48).
5, 6. а) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй ӕвдисӕнтӕ хъуамӕ суыдаиккой? ӕ) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн цавӕр хабар хъуамӕ хъусын кодтаиккой?
5 40 боны фӕстӕ Йесо йӕ апостолтӕм фӕстаг хатт фӕзынд, ӕмӕ сын фӕстагмӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, хорз бамбӕрстой. Йесо сын бафӕдзӕхста: «Уыдзыстут [мын] ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ израилӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕуи дӕр уыдысты Йегъовӕйы ӕвдисӕнтӕ. Фӕлӕ ма ныр хъуамӕ суыдаиккой Йесойы ӕвдисӕнтӕ дӕр. Цымӕ уый цӕуыл дзурӕг уыд?
Йесойы ахуыргӕнинӕгтау мах дӕр адӕмӕн дзурӕм, Йегъовӕ фидӕны цы сараздзӕн, уый тыххӕй (кӕс 5, 6 абзацтӕ)
6 Ныр хъуамӕ хъусын кодтаиккой, Йегъовӕ адӕмы Йесойы фӕрцы кӕй ирвӕзын кӕны, уый. Уыцы хъуыддаг абарӕн дӕр нӕ уыд, кӕддӕр Йегъовӕ йӕ адӕмы Египеты цагъарадӕй ӕмӕ фӕстӕдӕр та Вавилоны уацарӕй куыд ссӕрибар кодта, уыимӕ. Йесо Чырыстийы мӕлӕт ӕмӕ райгасдзинады руаджы адӕмӕн фадат фӕзынд, цӕмӕй ссӕрибар уой ӕппӕты карздӕр цагъарадӕй – тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыдысты, уӕд адӕмӕн «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» дзурын райдыдтой. Хорз хабар чи фехъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ Чырыстийы нывондыл баууӕндыдысты. Йесойӕн уӕлӕрвты лӕвӕрд ӕрцыд ног бартӕ, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ уый уылты зӕххыл мингай адӕмы ирвӕзын кӕнын райдыдта (Хъуыд. 2:5, 11, 37–41).
«ЙӔ УД РАДТА БИРӔТЫ БАЛХӔНЫНЫ ТЫХХӔЙ»
7. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй цы уыд бӕрӕг?
7 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Йесо адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй цы нывонды аргъ бафыста, уый Йегъовӕ кӕй айста (Дзут. 9:11, 12, 24). Йесо йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй зӕхмӕ уый тыххӕй не ’рцыд, «цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Матф. 20:28). Уыцы «бирӕтӕм» ӕрмӕст дзуттӕгтӕ нӕ хаудысты, фӕлӕ иннӕ адӕм дӕр, уымӕн ӕмӕ Йесойы тыххӕй загъд уыд, «дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн», зӕгъгӕ. Ӕмӕ Хуыцауы фӕндон дӕр уый мидӕг ис, цӕмӕй «алыхуызон адӕм... фервӕзой» (Иоан. 1:29; 1 Тим. 2:4–6).
8. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы цы бантыст ӕмӕ цӕй фӕрцы?
8 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Йесо Чырыстийы тыххӕй хъӕбатырӕй хъусын кодтой. Уый сын цӕй фӕрцы ӕнтыст? Уыцы хъуыддаг сӕхи хъаруйӕ нӕ арӕзтой. Уыдон Йегъовӕйӕ йӕ сыгъдӕг тых куырдтой, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кодтаиккой. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 5:30–32.) Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй иу-27 азы куы рацыд, уӕд зӕгъӕн уыд, ӕмӕ «рӕстдзинад, ома хорз хабар», хъуыстгонд ӕрцыд «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» – дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн дӕр (Кол. 1:5, 23).
9. Цы ис зӕгъӕн, чырыстон ӕмбырды хабар куыд рауад, уый тыххӕй?
9 Фӕлӕ, хъыгагӕн, рӕстӕг куы рацыд, уӕд чырыстон ӕмбырды иуӕй-иутӕ райдыдтой мӕнг ахуырӕдтӕ амонын (Хъуыд. 20:29, 30; 2 Пет. 2:2, 3; Иуд. 3, 4). Цасдӕры фӕстӕ уыцы мӕнг ахуырӕдтӕ апарахат сты чырыстон ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕры. Йесо бамбарын кодта, раст дины ныхмӕ чи сси, уыдон фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кӕндзысты ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн суанг «ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ» (Матф. 13:37–43). 1914 азы октябры мӕйы Хуыцау Чырыстийы ӕппӕт адӕмӕн дӕр Паддзахӕй сӕвӕрдта, ӕмӕ уӕд райдыдтой Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонтӕ» (2 Тим. 3:1).
10. а) Сӕрст чырыстӕттӕ рагацау цавӕр ахсджиаг азы тыххӕй хъусын кодтой? ӕ) 1914 азы октябры мӕйы цы ’рцыд ӕмӕ уый цӕмӕй бӕрӕг у?
10 1914 азмӕ ма цалдӕр дӕсазы куы хъуыди, уӕд сӕрст чырыстӕттӕ хъусын кӕнын райдыдтой, уыцы аз октябры мӕйы ахсджиаг хабар кӕй ӕрцӕудзӕн. Афтӕ дзырдтой, пехуымпар Данел цы ныффыста, уымӕ гӕсгӕ. Данелы чиныджы фыст ис, кӕй акалдтой, фӕлӕ «авд рӕстӕджы» фӕстӕ ногӕй чи хъуамӕ сырӕзтаид, ахӕм бӕласы тыххӕй (Дан. 4:16). Уыцы рӕстӕджы кой кодта Йесо дӕр ӕмӕ йӕ схуыдта «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг». Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта фидӕны хабӕртты тыххӕй ӕмӕ сын бамбарын кодта, цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый. Ӕмӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй бӕрӕг у, Йесо Чырысти ныр Паддзах кӕй у (Матф. 24:3, 7, 14; Лук. 21:24). Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр адӕмӕн дзурӕм «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй», ӕмӕ уыцы хъуыддӕгтӕм хауы, 1914 азы Йегъовӕ Йесо Чырыстийы Паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, уый дӕр.
11, 12. а) 1919 азы сӕрст чырыстӕттӕн цавӕр фадӕттӕ фӕзынд? ӕ) 1935 азы цы рабӕрӕг? (Кӕс нывмӕ 28 фарсыл.)
11 Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд райдыдта йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты «Стыр Вавилоны» уацарӕй сӕрибар кӕнын (Рарг. 18:2, 4). Фыццаг дунеон хӕсты фӕстӕ, 1919 азы, сӕрст чырыстӕттӕн фылдӕр фадӕттӕ фӕзынд хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынӕн. Уыдон дзырдтой, Хуыцау Чырыстийы нывонды фӕрцы адӕмы кӕй ирвӕзын кӕны ӕмӕ уӕлӕрвты йӕ Паддзахад кӕй сфидар, уый тыххӕй. Уый фӕрцы ма ноджыдӕр мингай адӕм рӕстдзинад базыдтой ӕмӕ уыдон дӕр сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты, цӕмӕй фидӕны Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой.
12 1935 азы рабӕрӕг, Чырысти «ӕндӕр фысты» дӕр кӕй райдыдта ӕмбырд кӕнын. Библи сӕ хоны «тынг бирӕ адӕм», ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, абон сты милуантӕ ӕмӕ сты ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй. Уыцы ӕндӕр фыстӕ сӕрст чырыстӕттимӕ иумӕ Йесойау хорз хабар хъӕбатырӕй хъусын кӕнынц. Уыдон ӕууӕндынц, сӕ ирвӕзындзинад Хуыцауыл ӕмӕ Чырыстийы нывондыл баст кӕй у. Хъусын кӕныны хъуыддаджы дарддӕр дӕр куы архайой ӕмӕ сӕ цардӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ куы рухс кӕной, уӕд «стыр бӕллӕхы» сӕрты ахиздзысты ӕмӕ ног дунейы цӕрдзысты (Иоан. 10:16; Рарг. 7:9, 10, 14).
«ХОРЗ ХАБАР НЫФСДЖЫНӔЙ ДЗУРУТ»
13. Нӕ фидар фӕнд цы у ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр цы хъуамӕ аразӕм?
13 Йегъовӕ Хуыцау цы «стыр хъуыддӕгтӕ» аразы ӕмӕ зӕрдӕ цы фидӕнӕй ӕвӕры, уый тыххӕй хъусын кӕнын махӕн у стыр кад. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы хъуыддаджы архайын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Не ’мчырыстӕттӕй бирӕтӕ ахӕм рӕтты хъусын кӕнынц, ӕмӕ дзы адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕсынц, худынц сыл ӕмӕ ма сӕ ныхмӕ дӕр цӕуынц. Кӕд мах дӕр ахӕм уавӕрты хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ бон у апостол Павелы ӕмӕ, йемӕ иумӕ чи лӕггад кодта, уыдоны бафӕзмын. Павел загъта: «Нӕ Хуыцау [нын] радта хъарутӕ, цӕмӕй уын Хуыцауы хорз хабар ныфсджынӕй дзырдтаиккам, кӕд нӕ ныхмӕ тынг цыдысты, уӕддӕр» (1 Фес. 2:2). Уӕдӕ нӕ къухтӕ макуы ӕруадзӕм. Дарддӕр дӕр, Хуыцауӕн цы дзырд радтам, уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ, цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ хъусын кӕнӕм (Ис. 6:11). Фӕлӕ нӕхи хъаруйӕ уый нӕ бон нӕ бауыдзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нӕ хайджын кӕна, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ». (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 4:1, 7; Лук. 11:13.)
14, 15. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм адӕмӕн сӕ фылдӕр цы зӕрдӕ дардтой ӕмӕ сӕ апостол Петр ныфс куыд бауагъта? ӕ) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый тыххӕй ӕфхӕрд куы ӕййафӕм, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
14 Абон милуангай адӕм чырыстоны ном хӕссынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та, Хуыцау йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразынц ӕмӕ сӕ уый тыххӕй Хуыцауы хорзӕх нӕй (Тит. 1:16). Фыццаг ӕнусы дӕр адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауӕн, уый куыд фӕндыд, афтӕ нӕ куывтой ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕй се сӕфт уыдтой. Уыцы чырыстӕттӕн ныфсы хос уыдысты апостол Петры ныхӕстӕ: «Кӕд уын Чырыстийы номы тыххӕй фидистӕ кӕнынц, уӕд амондджын стут, уымӕн ӕмӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сымах хайджын стут Хуыцауы... сыгъдӕг тыхӕй» (1 Пет. 4:14).
15 Цымӕ Петры ныхӕстӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм дӕр хауынц? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хауынц, уымӕн ӕмӕ мах дӕр адӕмӕн ӕрмӕст Йегъовӕйы тыххӕй нӕ дзурӕм, фӕлӕ, Йесо Чырысти Паддзах кӕй у, уый тыххӕй дӕр. Йесо йӕхӕдӕг дӕр ӕфхӕрд ӕййӕфта, Йегъовӕйы тыххӕй кӕй дзырдта, уый тыххӕй. Йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн загъта: «Ӕз ӕрцыдтӕн мӕ Фыды номӕй, фӕлӕ мыл сымах не ’ууӕндут» (Иоан. 5:43). Уӕдӕ ды дӕр хъусын кӕнгӕйӕ ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар, Хуыцау дӕ райгонд кӕй у ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй хайджын кӕй дӕ.
16, 17. а) Йегъовӕйы адӕм, хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый тыххӕй цы хъуыды кӕнынц? ӕ) Дӕ фидар фӕнд цы у?
16 Дӕ зӕрдыл дар уый дӕр, ӕмӕ бирӕ бӕстӕты рӕстдзинады фӕндагыл нырма бирӕ адӕм слӕууы. Арӕх кӕм фӕхъусын кӕнынц, суанг ахӕм рӕтты дӕр ма вӕййы ссарӕн, хорз хабармӕ зӕрдиагӕй чи байхъусы, ахӕм адӕмы. Уӕдӕ нӕм чи байхъусы, уыдонмӕ-иу ногӕй бацӕуӕм ӕмӕ-иу бацархайӕм, цӕмӕй семӕ Библи ахуыр кӕнын райдайӕм. Афтӕмӕй сын Йегъовӕйы базонынӕн баххуыс кӕндзыстӕм, ӕмӕ уыдоны дӕр бафӕнддзӕн сӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр сразы уыдзынӕ, Хуссар-Африкаг Республикӕйӕ нӕ хо Сарийы ныхӕстимӕ. Ныр 60 азӕй фылдӕр хорз хабар зӕрдиагӕй хъусын кӕны, ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ мын Чырыстийы нывонды руаджы уый фадат кӕй радта, цӕмӕй йӕм баввахс уон, уый тыххӕй дзы тынг бузныг дӕн. Адӕмӕн Йегъовӕйы кадджын номы тыххӕй кӕй дзурын, уый мын у стыр цины хос». Сари ӕмӕ йӕ цардӕмбал Мартинус бирӕтӕн, уыимӕ се ’ртӕ сывӕллонӕн дӕр, баххуыс кодтой, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Сари ма ноджыдӕр загъта: «Ацы куыст адӕймагӕн цы циндзинад хӕссы, ахӕм циндзинад ын иу куыст дӕр нӕ хӕссы. Йегъовӕ не ’ппӕтӕн дӕр йӕ сыгъдӕг тыхы руаджы фаг хъарутӕ дӕтты, цӕмӕй ацы ахсджиаг куысты дарддӕр дӕр архайӕм, ӕмӕ фылдӕр адӕм фервӕзой».
17 Донаргъуыд райстам ӕви нӕма, уӕддӕр хъуамӕ Йегъовӕйӕ бузныг уӕм, ахӕм кады аккаг нӕ кӕй скодта, ӕмӕ йе ’вдисӕнты ’хсӕн уӕм. Уӕдӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй хъусын кӕн ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейӕ дӕхи фӕчъизи кӕнын ма бауадз. Афтӕ куы архайай, уӕд кад хӕсдзынӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыдӕн, йӕ сыгъдӕг ном хӕссыны аккаг нӕ чи скодта, уымӕн.