НЫХАС КӔНӔМ БИБЛИЙЫЛ
Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? 2 хай
Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕхдӕр куыд фӕныхас кӕнынц, уый. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, Володя, ногӕй бацыд иу нӕлгоймагмӕ, йӕ ном Виктор, ӕмӕ ныхас кӕнынц.
НАВУХОДОНОСОРЫ ФЫН ЫН НОГӔЙ ЙӔ ЗӔРДЫЛ ӔРЛӔУУЫН КОДТА
Володя: Салам, Виктор. Къуыри кӕуылты агӕпп кодта! Уый хорз у, алы къуыри дӕр Библийыл кӕй фӕныхас кӕнӕмa. Цы хабӕрттӕ дӕм ис?
Виктор: Алцыдӕр хорз у, бузныг.
Володя: Ӕгайт-ма. Фӕстаг хатт ныхас кодтам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ цӕмӕн дзурынц, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы кӕй райстаb. Ацы хабар афтӕ кӕй у, уый сӕйраджыдӕр базонӕн ис Данелы чиныджы 4 сӕрӕй. Хъуыды-ма кӕныс, цы фыст дзы ис?
Виктор: Паддзах Навуходоносоры фын стыр бӕласы тыххӕй.
Володя: Раст зӕгъыс. Уыцы фыны Навуходоносор федта тынг стыр бӕлас, йӕ цъупп суанг арвмӕ хӕццӕ кодта. Уый фехъуыста, Хуыцауы зӕд куыд загъта, цӕмӕй бӕлас акалдтаиккой, фӕлӕ йын йӕ бындзӕфхад зӕххы ныууагътаиккой. «Авд рӕстӕджы» куы рацыдаид, уӕд бӕлас хъуамӕ ногӕй сзадаидc. Стӕй ма дзырдтам, ацы пехуымпарад дыууӕ хатты цӕмӕн хъуамӕ сӕххӕст уыдаид. Хъуыды-ма кӕныс, фыццаг хатт куыд сӕххӕст, уый?
Виктор: Навуходоносорӕн йӕхиуыл сӕххӕст, нӕ? Авд азы йӕ зонд йӕхимӕ нӕ уыди.
Володя: Афтӕ уыд. Навуходоносор рӕстӕгмӕ йӕ зонд фесӕфта ӕмӕ адӕмӕн разамынд нал лӕвӕрдта. Фӕлӕ ацы пехуымпарад дыккаг хатт куы сӕххӕст, уӕд та Хуыцау нал лӕвӕрдта разамынд йӕ адӕмӕн авд рӕстӕджы дӕргъы. Куыд ӕй федтам, афтӕмӕй уыцы авд рӕстӕджы райдыдтой нӕ эрӕйы размӕ 607 азы, знӕгтӕ Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, Йегъовӕйы номӕй йӕ адӕмӕн разамынд чи лӕвӕрдта, ахӕм паддзах зӕххыл нал уыд. Фӕлӕ авд рӕстӕджы кӕрон Хуыцау йӕ адӕмӕн хъуамӕ равзӕрстаид ног Хицау – уый хъуамӕ уыдаид уӕлӕрвты. Ӕндӕр ныхасӕй, авд рӕстӕджы куы фӕуыдаиккой, уӕд хъуамӕ бартӕ йӕ къухмӕ райстаид Хуыцауы уӕларвон Паддзахад. Авд рӕстӕджы кӕд райдыдтой, ууыл аныхас кодтам. Ӕмӕ, цас рӕстӕг ахастой, уый куы сбӕлвырд кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм, Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста. Ныронг цы загътон, уымӕ дӕм исты фарста ис?
Виктор: Нӕй, айразмӕ цӕуыл дзырдтам, уый мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтай.
Володя: Тынг хорз. Уӕдӕ ныр базонӕм, уыцы авд рӕстӕджы цас ахастой, уый. Ӕрдӕбон ацы фарстайы фӕдыл цыдӕртӕ бакастӕн, цӕмӕй йын йӕ сӕйраг хъуыдытӕ мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаин. Ӕмӕ мӕ бон куыд у, афтӕ дын ӕй бамбарын кӕндзынӕн.
Виктор: Хорз.
АВД РӔСТӔДЖЫ ФЕСТЫ – ФӔСТАГ БОНТӔ РАЙДЫДТОЙ
Володя: Ацы пехуымпарад фыццаг хатт Навуходоносорыл куы сӕххӕст, уӕд авд рӕстӕджы, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты авд азы. Фӕлӕ уыцы пехуымпарад дыккаг хатт куы сӕххӕст, ома Хуыцауы Паддзахадмӕ куы амыдта, уӕд авд рӕстӕджы авд азӕй бирӕ фылдӕр ахастой.
Виктор: Цӕмӕ гӕсгӕ зӕгъыс афтӕ?
Володя: Фыццаг уымӕн, ӕмӕ авд рӕстӕджы райдыдтой, нӕ эрӕйы размӕ 607 азы Иерусалим пырхгонд куы ӕрцыд, уӕд. Уыцы азӕй авд азы куы ранымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм нӕ эрӕйы размӕ 600 азмӕ. Фӕлӕ уыцы аз, Хуыцау йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, уыцы хъуыддаджы диссагӕй ницы ӕрцыди. Дыккаг та уымӕн, ӕмӕ айразмӕ куыд загътам, афтӕмӕй цалдӕр ӕнусы фӕстӕдӕр, Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд, бамбарын кодта, авд рӕстӕджы кӕй нӕма фесты.
Виктор: О, ӕрхъуыды йӕ кодтон.
Володя: Уӕдӕ авд рӕстӕджы уыдысты дӕргъвӕтин дӕр рӕстӕг.
Виктор: Цас рӕстӕг?
Володя: Раргомады чиныг баст у Данелы чиныгимӕ. Ӕмӕ уыцы чиныджы фӕрцы нӕ бон сбӕлвырд кӕнын у, авд рӕстӕджы цас сты, уый. Раргомады чиныгӕй бӕрӕг у, ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕрдӕг кӕй сты 1 260 боныd. Уӕдӕ авд рӕстӕджы – дыууӕ хатты ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕрдӕг – сты 2 520 боны. Ӕмбарыс мӕ, нӕ?
Виктор: Куыннӕ! Фӕлӕ уымӕй куыд ис ахӕм хъуыдымӕ ӕрцӕуӕн, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы райста?
Володя: Ныртӕккӕ дын ӕй бамбарын кӕндзынӕн. Библийы пехуымпарӕдты иуӕй-иу хатт бон фӕамоны азмӕe. Иу бон иу азыл куы банымайӕм, уӕд авд рӕстӕджы уыдзысты 2 520 азы. Нӕ эрӕйы размӕ 607 азӕй 2 520 азы куы анымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм 1914 азмӕf. Ӕмӕ мах дӕр уымӕ гӕсгӕ скодтам ахӕм хатдзӕг, уыцы авд рӕстӕджы 1914 азы кӕй фесты ӕмӕ Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй сси. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ 1914 азӕй фӕстӕмӕ цӕуын райдыдтой дунейы ӕппӕты ахсджиагдӕр хабӕрттӕ – Библийы афтӕ кӕй тыххӕй ис фыст, фӕстаг бонты цӕудзысты, зӕгъгӕ, уыцы хабӕрттӕ.
Виктор: Цавӕр хабӕрттӕ?
Володя: Фенӕм-ма Матфейы 24:7 стих. Йесо, уӕлӕрвты хицауы бартӕ йӕ къухмӕ куы хъуамӕ райстаид, уыцы рӕстӕджы тыххӕй загъта: «Иу адӕм сыстдзӕн иннӕ адӕмы ныхмӕ, ӕмӕ иу паддзахад иннӕ паддзахады ныхмӕ. Стӕй куы иу ран, куы иннӕ ран адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ». Кӕс-ма, Чырысти зӕгъы, зӕгъгӕ, уыцы рӕстӕг адӕм ӕййафдзысты хӕринагхъуаг ӕмӕ уыдзӕн зӕххӕнкъуыстытӕ. Ӕмӕ афтӕ нӕу? Зӕххыл фӕстаг ӕнусы ахӕм бӕллӕхтӕ цас уыди, нӕ?
Виктор: О, бирӕ.
Володя: Ацы стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй ма Йесо загъта, Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы уа, уӕд бирӕ рӕтты кӕй уыдзӕн змӕстытӕ. Ӕмӕ Раргомады чиныджы дӕр фыст ис, кӕроны рӕстӕджы ранӕй-рӕтты змӕстытӕй уӕлдай кӕй уыдзӕн, ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр чи анхъӕвздзӕн, ахӕм хӕстытӕg. Хъуыды-ма кӕныс, Фыццаг дунеон хӕст кӕд райдыдта?
Виктор: 1914 азы. Куыд загътай, афтӕмӕй Чырысти Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ цы аз райста, уӕд. Уыцы дыууӕ хабары кӕрӕдзимӕ исты бар дарынц, ууыл никуы ахъуыды кодтон.
Володя: Ацы пехуымпарӕдтӕ – авд рӕстӕджы тыххӕй ӕмӕ кӕроны рӕстӕджы тыххӕй – куы баиу кӕнӕм, уӕд раст хъуыдымӕ ӕрцӕудзыстӕм. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ 1914 азы кӕй райста ӕмӕ фӕстаг бонтӕ дӕр уыцы аз кӕй райдыдтой, ууыл.
Виктор: Архайын, цӕмӕй йӕ бамбарон.
Володя: Ӕмбарын дӕ. Иубон дӕр ма дын куы загътон, мӕн дӕр цасдӕр рӕстӕг кӕй бахъуыд, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаин. Фӕлӕ мӕ уырны, ацы ныхасы фӕрцы кӕй бамбардзынӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1914 азы тыххӕй цы дзурынц, уый Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй у, кӕд дзы уыцы азы кой комкоммӕ нӕй, уӕддӕр.
Виктор: О, мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы, уӕ алы хъуыдыйӕн дӕр бӕлвырдгӕнӕн Библийӕ кӕй ӕрхӕссут. Уӕхи хъуыдытӕ никуы фӕдзурут. Фӕлӕ цӕуыл хъуыды кӕнын, уый зоныс? Цымӕ ацы хабар хуымӕтӕгдӕрӕй бамбарын кӕнӕн нӕ уыд? Хуыцау Библийы комкоммӕ цӕуылнӕ ныффыссын кодта, Йесо уӕлӕрвты Паддзах 1914 азы кӕй суыдзӕн, уый?
Володя: Хорз фарста у, Виктор. Ӕцӕгдӕр, Библийы бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ӕргом фыст нӕй. Уӕдӕ цымӕ Хуыцау Библи афтӕ цӕмӕн ныффыссын кодта, цӕмӕй адӕмы йӕ бамбарыныл фыдӕбон кӕнын хъӕуа? Ууыл иннӕ хатт аныхас кӕндзыстӕм, хорз?
Виктор: Хорз.
Мыййаг дӕм Библийы фӕдыл исты фарста ис? Кӕнӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базонын, зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндынц, уый тыххӕй? Кӕд о, уӕд ӕфсӕрмы ма кӕн, ӕмӕ сыл ӕндӕр хатт куы амбӕлай, уӕд-иу сӕ бафӕрс. Уыдонӕй дын чифӕнды дӕр дӕ фарстатӕн ӕхсызгонӕй дзуапп ратдзӕн.
a Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ арӕх Библи лӕвар фӕахуыр кӕнынц бӕлвырд программӕмӕ гӕсгӕ.
b Кӕс брошюрӕ «Хуыцауы Паддзахад. Цы пайда дын ӕрхӕсдзӕн?», статья «Ныхас кӕнӕм Библийыл. Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ кӕд райста? 1 хай».
c Кӕс Данелы 4:23–25.
d Кӕс Раргомад 12:6, 14.
e Кӕс Нымӕцтӕ 14:34; Йезекил 4:6.
f Кӕс таблицӕ «Навуходоносоры фын бӕласы тыххӕй».
g Кӕс Раргомад 6:4.