Тимгад. Рагон горӕт ӕргом кӕны йӕ сусӕгдзинӕдтӕ
НЫФСХАСТ иртасӕг йӕ цӕстытыл не ’ууӕндыд: Алжираг ӕдзӕрӕг быдыры змисты астӕу лӕууыд ромаг триумфалон аркӕ! 1765 азы иу шотландиаг нӕлгоймаг Джеймс Брюс ацы аркӕ куы ссардта, уӕд ӕй ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, рагон горӕт Тамугадийы кӕлддзӕгты сӕр кӕй лӕууыд, абон ӕй хонынц Тимгад. Уый уыди, ромӕгтӕ Цӕгат Африкӕйы кӕм ӕрцардысты, уыцы горӕттӕй ӕппӕты стырдӕр.
Сӕдӕ азӕй фылдӕры фӕстӕ, 1881 азы, французаг археологтӕ райдыдтой горӕт Тимгад къахын, ӕмӕ куыд разынд, афтӕмӕй йӕ рӕстӕг тынг нӕ бахъыгдардта. Сӕ хъус ма ӕрдардтой, уымӕ дӕр ӕмӕ, кӕд горӕт ӕдзӕрӕг быдыры сарӕзтой ӕмӕ дзы зайгӕ дӕр ницы кодта, уӕддӕр горӕты цӕрджытӕ ницы цух уыдысты ӕмӕ хъӕздыг цард кодтой. Цымӕ ромӕгтӕ ахӕм ран колони цӕмӕн сарӕзтой? Цӕуыл ахуыр кӕнӕм уыцы рагон горӕт ӕмӕ йӕ цӕрджыты хабарӕй?
УЫДИС ЫН СУСӔГ ПОЛИТИКОН НЫСАН
Нӕ эрӕйы размӕ фыццаг ӕнусы ромӕгтӕ Цӕгат Африкӕйы фылдӕр зӕххытӕ куы бацахстой, уӕд сӕ ныхмӕ карзӕй рацыдысты, цӕугӕ цард чи кодта, уыцы адӕмтӕ. Ромӕгтӕ бынӕттон цӕрджытимӕ иумӕйаг ӕвзаг куыд ссардтой? Фыццаг уал, Августы ӕртыккаг легионы хӕстонтӕ уыцы стыр хӕхбӕсты (абон уый у цӕгат Алжир) сарӕзтой бирӕ лагертӕ ӕмӕ постытӕ, ӕмӕ сын сӕ алыварс систӕ самадтой. Фӕстӕдӕр та сарӕзтой горӕт Тимгад, фӕлӕ бынтон ӕндӕр нысанӕн.
Ромӕгтӕ алкӕмӕндӕр дзырдтой, Тимгад Ромы ӕфсады ветерантӕн кӕй сарӕзтой. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та уыцы горӕт сарӕзтой, цӕмӕй бынӕттон цӕрджыты зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн кодтаиккой ӕмӕ сӕ ныхмӕ мауал цыдаиккой. Ромӕгтӕн сӕ фӕндтӕ сӕ къухы бафтыдысты. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Тимгады хъӕздыг цард бынӕттон цӕрджыты зӕрдӕмӕ цӕуын райдыдта, уымӕн ӕмӕ-иу горӕтмӕ сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ куы ӕрбахастой, уӕд-иу ын йӕ рӕсугъддзинад уыдтой. Уыцы горӕты цӕрыны бар уыди ӕрмӕстдӕр ромӕгтӕн. Бирӕты Тимгады цӕрын кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ-иу барвӕндонӕй бацыдысты ромаг легионмӕ 25 азмӕ, цӕмӕй Ромы гражданство райстаиккой сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕн дӕр.
Африкӕгтӕй чидӕртӕ ӕрмӕст Ромы граждантӕ нӕ систы, фӕлӕ ма стыр бынӕттӕ дӕр бацахстой Тимгады ӕмӕ иннӕ колониалон горӕтты. Ромӕгтӕн сӕ хинвӕнд сӕ къухы бафтыд – бынӕттон цӕрджыты сӕхи ӕгъдӕуттыл сахуыр кодтой. 50 азы йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ Тимгады цӕрджытӕн сӕ фылдӕр уыдысты Цӕгат Африкӕйы адӕмтӕ.
РОМ АДӔМЫ ЗӔРДӔТӔ КУЫД БАЛХӔДТА
Базары фӕзуат рӕсугъд тыргъимӕ
Ромӕгтӕн куыд бантыст, цӕмӕй бынӕттон цӕрджыты зӕрдӕтӕ афтӕ тагъд балхӕдтаиккой? Фыццаджыдӕр уыдон афтӕ бакодтой, ӕмӕ горӕты цӕрджытӕн ӕмхуызон бартӕ радтой – ахӕм уагӕвӕрд ӕрӕвӕрдта Ромы хицауады кусӕг Цицерон. Зӕхх ӕмхуызон ныддих кодтой Ромы ветерантӕ ӕмӕ бынӕттон цӕрджыты ’хсӕн. Горӕты пълан дӕр хорз скодтой: хӕдзӕрттӕ уыдысты цыппаркъуымон (20x20 метры), се ’хсӕн та цыди нарӕг уынгтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ӕгъдау ӕмӕ адӕм ӕмсӕр кӕй уыдысты, уый цӕрджыты зӕрдӕмӕ фӕцыди.
Ромы иннӕ горӕтты куыд уыди, афтӕ-иу Тимгады дӕр цӕрджытӕ базары бонты фӕзы ӕрӕмбырдысты, цӕмӕй-иу ног хабӕрттӕ базыдтаиккой кӕнӕ та-иу истӕмӕй ахъазыдаиккой. Хӕхбӕсты хус рӕтты чи царди, уыцы адӕм, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бӕллыдаиккой ӕнтӕф бон Тимгады фестын ӕмӕ горӕты тыргъы аууӕтты атезгъо кӕнын кӕнӕ та дзы лӕвар цы абанатӕ уыди, уым доны цыхцырмӕ сӕ фӕллад суадзын. Ӕвӕццӕгӕн-иу сӕ цӕстытыл ауайын кодтой, сатӕг фонтанты фарсмӕ куыд бадынц ӕмӕ се ’мгӕрттимӕ сӕ рӕстӕг куыд ӕрвитынц, уый. Уыдӕттӕ-иу, чи зоны, сӕ фыны дӕр уыдтой.
Марды цырт, ис ыл ӕртӕ хуыцауы ныв
Зӕрдӕлхӕнынӕн ма Тимгады театр дӕр сарӕзтой. Цыди дзы 3 500 адӕймагӕй фылдӕр ӕмӕ йӕ сӕр ӕмбӕрзт нӕ уыди. Театрмӕ-иу дуне адӕм ӕрӕмбырд Тимгад ӕмӕ ӕввахс горӕттӕй. Артисттӕ-иу хъазыдысты, Ромы адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр чи цыди, ахӕм равдыстыты. Арӕхдӕр-иу уыдысты, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ фыдмитӕ кӕм уыди, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ.
Ромы дин дӕр йӕ кӕнон бакодта. Ромӕгтӕ цы абанатӕ сарӕзтой, уым пъолтӕ ӕмӕ къултӕ нывӕфтыд уыдысты гыццыл хъулон-мулон дуртӕй. Уыцы нывтыл ӕвдыст уыдысты мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы мифологийы хабӕрттӕ. Адӕм абанатӕм алы бон дӕр кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ Ромы дины ӕмӕ хуыцӕутты тыххӕй сындӕггай бирӕ цыдӕртӕ базыдтой. Ромы культурӕ африкӕгтыл афтӕ тынг фӕзынд, ӕмӕ Тимгады цӕрджытӕ сӕ мӕрдты цыртытӕ рӕсугъд кодтой, ӕрмӕст сӕхи ӕртӕ хуыцауы нывтӕй нӕ, фӕлӕ ма Ромы ӕртӕ хуыцауы нывтӕй дӕр.
РӔСУГЪД ГОРӔТ КУЫД ФЕСӔФТ
Паддзах Траян Тимгад нӕ эрӕйы 100 азы куы сарӕзта, уӕд ромӕгтӕ тынг бацархайдтой, цӕмӕй Цӕгат Африкӕйы хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сойы куыст кӕнын райдыдтаиккой. Цасдӕры фӕстӕ ацы регионӕй цы хойраг ластой, уый ӕгас Ромы паддзахады фаг дӕр кодта. Ромы паддзахады дӕлбар цы горӕттӕ уыди, уыдонау Тимгад дӕр уыди хъӕздыг горӕт. Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ горӕты цӕрджытӕ афтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ суанг йӕ алыварс цы къултӕ уыди, уыдоны ӕдде дӕр цӕрын райдыдтой.
Горӕты чи цард ӕмӕ зӕххытӕ кӕмӕ уыди, уыдон хъӕздыг кодтой, Роммӕ сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ кӕй ластой, уый фӕрцы. Бынӕттон фермертӕм та уымӕй ницы ӕфтиаг хаудта. Нӕ эрӕйы 3 ӕнусы ахӕм ӕнӕрастдзинад ӕмӕ стыр хъалонтӕ уымӕ ӕркодтой, ӕмӕ-иу гыццыл фермертӕ растадысты. Католикон дин чи райста, уыдонӕй чидӕртӕ баиу сты донатисттӕм – сӕхи хуыдтой чырыстӕттӕ, фӕлӕ цыдысты католикон дины ныхмӕ. (Кӕс рамкӕ «Донатисттӕ – „ӕцӕг аргъуан“ не сты».)
Цӕгат Африкӕйы цалдӕр ӕнусы дӕргъы дины тыххӕй цыди змӕстытӕ, адӕм-иу кӕрӕдзийы ныхмӕ хӕцыдысты ӕмӕ-иу сӕм ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ дӕр бабырстой ӕмӕ куыд фӕстагмӕ Ромы паддзахады ӕндӕвдад ӕрлӕмӕгъ. Нӕ эрӕйы 6 ӕнусы бынӕттон араббаг адӕмыхӕттытӕ Тимгад басыгътой, цасдӕры фӕстӕ горӕт бынтондӕр фесӕфт ӕмӕ йӕ 1000 азӕй фылдӕр ничиуал ӕрхъуыды кодта.
«УЫЙ ДЫН ЦАРД!»
Форум къахгӕйӕ латинаг ӕвзагыл ссардтой фыст: «Цуан кӕнын, абанайы хи ӕхсын, хъазын, худын – уый дын цард!»
Тимгады форум чи къахта, уыцы археологтӕ иу ран федтой фыст латинаг ӕвзагыл. Бакӕсӕн дзы уыди: «Цуан кӕнын, абанайы хи ӕхсын, хъазын, худын – уый дын цард!» Иу французаг историк загъта, зӕгъгӕ, ацы ныхӕсты ис, «амбицитӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм философи, фӕлӕ дзы чидӕртӕ та ссардзысты зонды ныхӕстӕ».
Ӕцӕгдӕр та ромӕгтӕн уый уыди сӕ цардыуаг. Суанг ма нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы апостол Павел дӕр дзырдта, цардмӕ ахӕм цӕстӕй чи касти, уыдоны тыххӕй: «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм». Кӕд ромӕгтӕ дингӕнӕг адӕм уыдысты, уӕддӕр цардысты сӕ уды дзӕбӕхӕн ӕмӕ ӕппындӕр нӕ хъуыды кодтой, цӕмӕн цӕрынц ӕмӕ сӕ сӕ цард цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Павел чырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй ахӕм адӕмӕй сӕхи хызтаиккой. Уый загъта: «Ма рӕдийут. Ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц» (1 Коринфӕгтӕм 15:32, 33).
Кӕд Тимгады цӕрджытӕ иу-1 500 азы размӕ цардысты, уӕддӕр адӕм цардмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, уым бирӕ ницы аивта. Абон бирӕтӕ цардмӕ иу боны цӕстӕй кӕсынц. Уыдон дӕр ромӕгты зондахастыл хӕст сты ӕмӕ сӕ сӕ цард цӕмӕ ӕркӕндзӕн, ууыл ӕппындӕр нӕ хъуыды кӕнынц. Фӕлӕ Библийы та фыст сты, цыбыр ӕмӕ арф хъуыды кӕм ис, ахӕм ныхӕстӕ: «Ацы дунейӕн йӕ хуыз ивы, театры нывтӕ куыд фӕивынц, афтӕ». Уымӕ гӕсгӕ нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ацы дунейӕ ӕххӕстӕй ма пайда кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 7:31).
Тимгады кӕлддзӕгтӕ ӕвдисӕн сты, амондджын царды сусӕгдзинад Цӕгат Африкӕйы змисты ныгӕд фысты кӕй нӕй, фӕлӕ Библийы фыст ныхӕсты: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы ӕмӕ йӕ монцтӕ дӕр, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17).