Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/6 6–7 фф.
  • Наукӕйӕн йӕ бон алцы нӕу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Наукӕйӕн йӕ бон алцы нӕу
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Наукӕ дӕ цардимӕ куыд баст у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ наукӕмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/6 6–7 фф.
Ахуыргонд лабораторийы

СӔЙРАГ ТЕМӔ | НАУКӔ ӔМӔ БИБЛИ. КӔРӔДЗИЙЫ НЫХМӔ СТЫ?

Наукӕйӕн йӕ бон алцы нӕу

Фӕстаг рӕстӕг фӕзынд, «ног атеизмы» тыххӕй кӕм дзурынц, бирӕ ахӕм чингуытӕ. Уыцы чингуытӕ расайынц бирӕ быцӕутӕ. Уый фӕдыл нейробиолог Дэвид Иглман мӕнӕ цы ныффыста: «Ахӕм чингуытӕ чи фӕкӕсы, уыдон афтӕ хъуыды кӕнын райдайынц, зӕгъгӕ, абон ахуыргӕндтӕ алцыдӕр зонынц... Фӕлӕ ӕцӕг наукӕ ног мадзӕлттӕй пайда кӕнынӕй никуы фӕтӕрсы, ӕмӕ йын йӕ историмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, йӕ къухы цы ӕнтыстытӕ бафтыд, уыдонӕй тынг бирӕтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй уыдысты».

Астроном пайда кӕны телескопӕй

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнусты дӕргъы курдиатджын ахуыргӕндтӕн тынг бирӕ бантыст Дун-дунейы сусӕгдзинӕдтӕ базоныны хъуыддаджы. Фӕлӕ сӕ иуӕй-иутӕ стыр рӕдыдтытӕ дӕр ӕруагътой. Зӕгъӕм, Исаак Ньютон уыди зындгонд ахуыргонд. Уый бамбарын кодта, химӕлвасынады тых Дун-дунейы кӕрӕдзимӕ кӕй ӕлвасы планетӕтӕ, стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕ. Ньютон математикӕйы цы куыст бакодта, уый ныр дӕр стыр ӕххуыс у компьютерон проекттӕ аразыны ӕмӕ космос иртасыны хъуыддаджы, стӕй ядерон физикӕйы. Фӕлӕ ма Ньютон йе ’ргом здӕхта алхимимӕ – мӕнг наукӕмӕ. Алхимийы пайда кодтой астрологи ӕмӕ магикон формулӕтӕй, цӕмӕй здыйӕ ӕмӕ ӕндӕр згъӕртӕй рауайын кодтаиккой сызгъӕрин.

Ньютонӕй 1 500 азӕй фылдӕры размӕ царди грекъаг астроном Птолемей. Уый ӕнӕ телескопӕй раиртӕста, ӕхсӕвыгон арвыл планетӕтӕ сӕ бынат куыд фӕивынц, уый ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдта картографийӕн. Фӕлӕ йӕ уый дӕр уырныдта, ӕмӕ Зӕхх у Дун-дунейы центр. Астрофизик Карл Саган Птолемейы тыххӕй ныффыста: «Уый цы геоцентрикон системӕ скодта, уымӕй пайда кодтой 1 500 азы дӕргъы. Ӕмӕ ма уый ноджы иу бӕлвырдгӕнӕн у, адӕймаг цыфӕнды зондджын ма уа, уӕддӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг рӕдийа».

Ахуыргонд кӕсы Библи

Ахуыргӕндтӕ абон дӕр ахӕм рӕдыдтытӕй хызт не сты. Цымӕ сын искуы бантысдзӕн Дун-дуне кӕронмӕ бамбарын? Дзырд дӕр ыл нӕй, наукӕйӕн бирӕ кӕй бантыст ӕмӕ нын стыр пайда кӕй хӕссы, фӕлӕ уӕддӕр наукӕйӕн йӕ бон алцы нӕу. Физик Пол Дэвис фыста: «Дун-дунейы цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ базонӕн кӕй фӕрцы ис, ахӕм формулӕтӕ агурынӕй ӕппындӕр ницы рауайдзӕн». Ацы ныхӕстӕ дзурӕг сты иу хабарыл: адӕмӕн сӕ бон нӕу ӕрдз кӕронмӕ бамбарын. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уӕм, афтӕ нын куы дзурой, зӕгъгӕ, дам, наукӕйӕн йӕ бон алцыдӕр у бамбарын кӕнын.

Уӕдӕ бӕрӕг у, Библи нын кӕй дӕтты, наукӕйӕн йӕ бон раттын цы нӕу, уый

Библийы ӕрдзы диссӕгты тыххӕй афтӕ ис фыст: «Адон сты [Хуыцауы] фӕндӕгтӕн ӕрмӕст сӕ кӕрӕттӕ, йӕ кой йын ӕрмӕстдӕр нӕ хъусы кӕронӕй ацахстам!» (Иов 26:14). Адӕймагӕн йӕ бон бамбарын кӕй нӕу, ахӕм хабӕрттӕ нырма тынг бирӕ ис. Абон дӕр раст сты апостол Павелы ныхӕстӕ, загъта сӕ иу-2 000 азы размӕ: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (Ромӕгтӕм 11:33).

Наукӕйӕн йӕ бон цы нӕу

Наукӕ ӕмбарын кӕны ӕрдзы хабӕрттӕ. Библийы та ис, адӕмӕн кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрынӕн чи ӕххуыс кӕны, ахӕм уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ разамынд. Библи ма адӕмӕн ӕмбарын кӕны, цӕмӕн цӕрынц, уый дӕр. Ӕркӕсӕм ацы цӕвиттонтӕм.

  • Хӕрдмӕ ист къух амоны, ӕрлӕууын кӕй хъӕуы

    Цӕмӕй фыдракӕндтӕ ма уа

    Аргъ кӕнут цардӕн

    «Ма амар» (Рацыд 20:13).

    «Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чи уыны, уый у лӕгмар» (1 Иоанны 3:15).

    Тырнут фарнмӕ

    «Дӕхи хиз ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ араз хорздзинад, архай иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрыныл ӕмӕ уымӕ тырн» (Псалом 34:14).

    «Рӕстдзинады мыггаг тыд ӕрцӕуы ӕмӕ тыллӕг ӕрхӕссы, фарн кӕм ис, уым ӕмӕ, фарн чи уарзы, уыдонӕн» (Иаковы 3:18).

    Уӕхи хизут фыддзинадӕй

    «Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы рӕстгӕнӕгмӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгмӕ дӕр. Фыддзинад чи уарзы, уымӕй уый йе сӕфт уыны» (Псалом 11:5).

    «Тыхгӕнӕгмӕ макуы бахӕлӕг кӕн ӕмӕ йын йӕ фӕндӕгтӕй макӕцыйыл ацу. Мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у» (Ӕмбисӕндтӕ 3:31, 32).

  • Бинонтӕ

    Амондджын бинонтӕ

    Уӕ ныййарджыты коммӕ кӕсут

    «Сывӕллӕттӕ, уӕ ныййарджытӕм хъусут, Хуыцауы фӕндон куыд у, афтӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ цӕсты раст у. „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“ – уый у зӕрдӕвӕрдимӕ лӕвӕрд фыццаг фӕдзӕхст. Зӕрдӕвӕрд та у ахӕм: „Цӕмӕй дын уа хорз ӕмӕ зӕххыл бирӕ фӕцӕрай“» (Ефесӕгтӕм 6:1–3).

    Уӕ сывӕллӕтты хорз хъомыл кӕнут

    «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, фӕлӕ сӕ хъомыл кӕнут, Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл аразут» (Ефесӕгтӕм 6:4).

    «Уӕ сывӕллӕтты ма мӕсты кӕнут, цӕмӕй сӕхимӕ ма ныхъхъусой» (Колоссӕгтӕм 3:21).

    Дӕ цардӕмбалы уарз ӕмӕ йын аргъ кӕн

    «Сымахӕй алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33).

  • Бӕлас

    Ӕрдз хъахъхъӕнын

    Рагон Израилы зӕхх цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕй чи чъизи кодта, уыцы адӕмы тыххӕй Библийы фыст ис: «Зӕхх йӕ цӕрджытӕ фӕчъизи кодтой [...] Чи йыл цӕры, уыдон нымад сты аххосджынтыл» (Исай 24:5, 6). Хуыцау дзуапп ӕрдомдзӕн, ӕрдзыл чи нӕ ауӕрды ӕмӕ йӕ чи сафы, уыдонӕй. Уый фесафдзӕн, «зӕхх чи сафы, уыдоны» (Раргомад 11:18). Ахӕм адӕм ӕнӕфхӕрдӕй нӕ баззайдзысты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын