СӔЙРАГ ТЕМӔ | КУВЫН ИСТЫ ПАЙДА У?
Исчи нӕ хъусы?
Иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕм куы фӕкувынц, уӕд сӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы фӕхардз кӕнынц, уӕддӕр сӕ ничи хъусы, зӕгъгӕ. Иннӕтӕ та фӕкувынц, фӕлӕ сын сӕ куывдтытӕ исчи сӕххӕст кӕндзӕн, уый сӕ нӕ фӕуырны. Иу атеист Хуыцауы йӕ цӕстытыл ауайын кӕныныл ацархайдта ӕмӕ стӕй скуывта: «Сусӕгӕй мын исты уӕддӕр зӕгъ». Фӕлӕ, дам, мын Хуыцау ӕппындӕр ницы загъта.
Кӕд иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, уӕддӕр Библи зӕгъы, удӕгас Хуыцау кӕй ис ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы. Ацы ныхӕстӕ адӕмӕн Библийы тынг раджы фыст ӕрцыдысты: «Дӕ дзыназын дын [Хуыцау] куы фехъуса, уӕд дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, куыддӕр ӕй фехъуса, афтӕ дын дзуапп ратдзӕн» (Исай 30:19). Ӕндӕр стихы та фыст ис: «Рӕстзӕрдӕ адӕмы куывдтытӕ... йын сты ӕхсызгон» (Ӕмбисӕндтӕ 15:8).
Йесо йӕ Фыдмӕ скуывта, «ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста» (Дзуттӕгтӕм 5:7)
Библийӕ ма ис базонӕн, Хуыцау кӕйдӕр куывдтытӕ куыд сӕххӕст кодта, уый тыххӕй дӕр. Иу стихы фыст ис, зӕгъгӕ, Чырысти «лӕгъстӕ кодта, мӕлӕтӕй йӕ бахизын кӕй бон уыди, Уымӕн, ӕмӕ йӕ Уый фехъуыста» (Дзуттӕгтӕм 5:7). Ахӕм хабӕрттӕ ма бакӕсӕн ис Данелы 9:21 стихы ӕмӕ 2 Азфыстыты 7:1 стихы.
Уӕдӕ уӕд иуӕй-иутӕм афтӕ цӕмӕн кӕсы, ӕмӕ сын сӕ куывдтытӕ ничи хъусы? Цӕмӕй афтӕ ма уа, уый тыххӕй кувын хъӕуы, Библийы цы Хуыцауы кой ис, ӕрмӕстдӕр уымӕ, Йегъовӕмӕa, ӕндӕр никӕмӕ. Уымӕй уӕлдай хъуамӕ Хуыцаумӕ кувӕм «йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ», ома, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгты тыххӕй. Афтӕ йӕм куы кувӕм, уӕд нӕ хъусдзӕн (1 Иоанны 5:14). Уӕдӕ цӕмӕй нӕ куывдтыты тых уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы базонын, Библийы кӕй тыххӕй ис фыст, уыцы Хуыцауы, стӕй, йӕ фӕндон цы у, уый.
Бирӕты фидарӕй уырны, кувын ӕрмӕст дины ӕгъдау кӕй нӕу, фӕлӕ Хуыцау куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сӕ кӕй ӕххӕст кӕны. Исаак, Кенийӕ, дзуры: «Хуыцаумӕ скуывтон, цӕмӕй мын Библи бамбарынӕн баххуыс кодтаид. Гыццыл фӕстӕдӕр мӕм иу чидӕр ӕрбацыд ӕмӕ мын загъта, Библи хуыздӕр бамбарынӕн мын кӕй баххуыс кӕндзӕн». Хильдӕйы та, Филиппинтӕй, фӕндыд йӕ тамако ныууадзын. Цалдӕр хатты афӕлвӕрдта, ӕмӕ йын дзы куы ницы рауад, уӕд ын йӕ лӕг загъта: «Хуыцаумӕ-ма скув». Хильдӕ дӕр афтӕ бакодта ӕмӕ мӕнӕ цы зӕгъы: «Хуыцау мын куыд баххуыс кодта, уый мӕм стыр диссаг фӕкаст. Тамако дымын мӕм раздӕрау нал цыди. Ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг ныууагътон».
Цымӕ Хуыцауы дӕ куывдтытӕм дӕр фӕнды хъусын?
a Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.