Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/10 15 ф.
  • Зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕрӕдзийӕн зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
  • Цы нысан кӕны ныххатыр кӕнын?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Йегъовӕйы хуызӕн хатыргӕнаг ничи у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • «Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ... ныххатыр кодта»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/10 15 ф.

РАГОН ЗОНДЫ ХӔЗНАТӔ АБОНЫ ЦАРДЫ

Зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД. «Исчи уӕ истӕмӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр кӕрӕдзийӕн барут ӕмӕ зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр хъуамӕ кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнат» (Колоссӕгтӕм 3:13).

Иу сылгоймаг йӕ къух хӕрдмӕ систа ӕмӕ фӕцӕуы иннӕ сылгоймаджы цурӕй

Цы нысан кӕны? Библийы тӕригъӕд барст цӕуы хӕсимӕ, хатыр кӕнын та – хӕс ныббарынимӕ (Лукайы 11:4, фиппаинаг). Иу иртасӕн куыстмӕ гӕсгӕ Сыгъдӕг Фыстады «хатыр кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны «хӕс ныууадзын кӕнӕ йӕ ферох кӕнын, фӕстӕмӕ йӕ ма домын». Уымӕ гӕсгӕ нӕ чи бафхӕрдта кӕнӕ нӕ чи фӕхъыг кодта, уымӕн нӕ ныххытыр кӕнын куы бафӕнда, уӕд уыцы адӕймагмӕ хъуамӕ мацӕмӕуал ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. Хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй стӕм, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ растыл нымайӕм кӕнӕ нын цы зиан ӕрхаста, уый ницӕмӕ дарӕм. Мах фӕнды нӕ маст ныууадзын, ома йӕ нӕ зӕрдӕйӕ фӕсурын, кӕд нӕ бынтон дзӕгъӕлы фӕхъыг кодтой, уӕд дӕр.

Абон ма пайда у? Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ рӕдийӕм (Ромӕгтӕм 3:23). Уӕдӕ иннӕтӕн куы хатыр кӕнӕм, уӕд уый зондыл дзурӕг уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ абон уа ӕви райсом, уӕддӕр махӕн дӕр хъӕудзӕн хатыр кӕнын. Стӕй хатыр кӕнын нӕхицӕн дӕр пайда у. Цӕмӕй?

Дыууӕ сылгоймаджы кӕрӕдзийӕн хъӕбыс кӕнынц

Искӕмӕ куы мӕсты кӕнӕм, зӕрдӕ йӕм куы хӕссӕм ӕмӕ йын куы нӕ хатыр кӕнӕм, уӕд нӕхицӕн зиан хӕссӕм. Афтӕмӕй нӕ циндзинад сафӕм, нӕ цард нӕхицӕн ӕнад кӕнӕм ӕмӕ нӕхи ӕнамонд кӕнӕм. Уыдӕтты тыххӕй де ’нӕниздзинад дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг фӕцуда. Иу медицинон журналы фыст ис, дохтыр Ёиси Чида ӕмӕ психологийы профессор Эндрю Стептоу цы хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты, уый: «Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ мӕсты кӕнын ӕмӕ зӕрдӕ хӕссын ӕркӕны зӕрдӕнизмӕ» (Journal of the American College of Cardiology).

Фӕлӕ хатыр кӕнын куы зонай, уӕд дын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Иннӕтӕн зӕрдӕйӕ куы хатыр кӕнӕм, уӕд иумӕ фӕрнӕй ӕмӕ кӕрӕдзи уарзгӕйӕ цӕрдзыстӕм. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы фӕзмдзыстӕм. Хуыцау зӕрдӕйӕ хатыр кӕны, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр афтӕ кӕнӕм (Марчы 11:25; Ефесӕгтӕм 4:32; 5:1).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын