СӔЙРАГ ТЕМӔ
Хуыцау хӕстытӕм цы цӕстӕй кӕсы?
Ацы фарстайӕн цавӕр дзуапп ратдзынӕ? Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, хӕстытӕ кӕй цӕуы, уый Хуыцау ӕвзӕрыл нӕ нымайы. Уыдон дзурынц, ивгъуыд заманты-иу Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты хӕстмӕ кӕй арвыста,– ӕмӕ уымӕн Библийы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Иннӕтӕ та дзурынц, Хуыцауы Фырт Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй дзырдта, цӕмӕй се знӕгты уарзой (Матфейы 5:43, 44). Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау куыдфӕстагмӕ хӕстытӕм ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта ӕмӕ, хӕстытӕ кӕй цӕуы, уый абон ӕвзӕрыл нымайы.
Ды та куыд хъуыды кӕныс? Цымӕ Хуыцау хӕстытӕ хорз хъуыддагыл нымайы? Кӕд о, уӕд абоны хӕстыты кӕй фарс вӕййы? Ацы фарстатӕн дзуапп куы базонай, уӕд уый, чи зоны, фӕзына, ды сӕм цы цӕстӕй кӕсыс, ууыл. Зӕгъӕм, базыдтай, Хуыцау хӕстытӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы ӕмӕ цавӕрдӕр хӕсты, ды кӕй фарс дӕ, уый дӕр уыдоны фарс кӕй у. Уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕй фӕуӕлахиз уыдзыстут, ууыл нӕ дызӕрдыг кӕндзынӕ. Фӕлӕ куы базонис, ӕмӕ Хуыцау уе знӕгты фарс у, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракӕсис.
Фӕлӕ бирӕ ахсджиагдӕр у, Хуыцау хӕстытӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый базонын. Уый, чи зоны, фӕзына, Хуыцаумӕ цы зӕрдӕ дарыс, ууыл. Милуангай адӕм хӕсты азарӕй басыгъдысты. Кӕд ды дӕр уыдонӕй дӕ, уӕд дӕу дӕр ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы базонын дзуапп мӕнӕ ацы фарстатӕн: цымӕ, бирӕтӕ куыд хъуыды кӕнынц, афтӕмӕй адӕмы Хуыцау ардауы, цӕмӕй кӕрӕдзиимӕ хӕцой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн фыдмитӕ кӕной? Ӕви йӕм ӕфхӕрд адӕм нымады дӕр не сты ӕмӕ ӕппындӕр сӕ мӕт нӕ кӕны?
Ацы фарстаты фӕдыл Библийы бынтон ӕндӕр цыдӕр фыст кӕй ис, уый куы базонай, уӕд, чи зоны, дисы бафтай. Уымӕй уӕлдай, Хуыцау хӕстытӕм раздӕр цы цӕстӕй каст, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсы абон дӕр. Цӕй ӕмӕ Библийӕ базонӕм, цы цӕстӕй сӕм каст рагзаманты ӕмӕ фыццаг ӕнусы, ома, Йесо зӕххыл куы уыд, уыцы рӕстӕг. Уый фӕрцы базондзыстӕм, абон сӕм цы цӕстӕй кӕсы, стӕй фидӕны хӕстытӕ уыдзӕн ӕви нӕ.