Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w15 1/12 6–7 фф.
  • Ӕххуыс Библи ӕмбарынӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕххуыс Библи ӕмбарынӕн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ӔХХУЫС РАГЗАМАНТЫ
  • ӔХХУЫС АБОН
  • Библийы фӕрцы дӕ цард куыд фӕхуыздӕр уыдзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Хорз хабар цӕмӕн хъусын кӕнӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Фылдӕр уынаффӕтӕ бинонтӕн
    Райхъал ут! 2018
  • Кӕм ис царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссарӕн?
    Кӕм ис царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп ссарӕн?
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
w15 1/12 6–7 фф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | БИБЛИ БАМБАРЫН ДӔ БОН У

Ӕххуыс Библи ӕмбарынӕн

Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Фыццаг хатт ӕнӕзонгӕ бӕстӕмӕ бахаудтӕ. Алцыдӕр дӕр дӕм дзы кӕсы ӕнахуыр: сӕ адӕм, се ’гъдӕуттӕ, сӕ хӕринаг ӕмӕ ма суанг се ’хца дӕр. Уӕдӕ иугыццыл тыхсгӕ дӕр куыннӕ фӕкӕндзынӕ.

Гӕнӕн ис, ӕмӕ ды дӕр дӕхи афтӕ хатай, Библи кӕсын куы райдайай, уӕд. Афтӕ дӕм кӕсдзӕн, цыма рагон ӕцӕгӕлон дунейы февзӕрдтӕ. Уым сӕмбӕлдтӕ филистимаг адӕмыл, федтай ӕнахуыр ӕгъдӕуттӕ, зӕгъӕм, адӕм сӕ уӕлӕдарӕс куыд ӕрыскъуынынц, базыдтай ног хӕринаг – маннӕ, ӕмӕ федтай ног ӕхца – драхмӕ (Рацыд 16:31; Йесо Навин 13:2; 2 Самуилы 3:31; Лукайы 15:9). Уыдӕттӕ дӕ дисы бафтыдтой. Ӕндӕр бӕстӕмӕ ӕрцӕугӕйӕ адӕймагӕн исчи куы баххуыс кӕны, уӕд дзы тынг фӕбузныг вӕййы. Афтӕ дӕуӕн дӕр ацы чиныг бамбарынӕн исчи куы баххуыс кӕна, уӕд дзы куыннӕ фӕбузныг уыдзынӕ!

ӔХХУЫС РАГЗАМАНТЫ

Сыгъдӕг Фыстад фыссын райдыдтой н. э. размӕ 16 ӕнусы. Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыди, иннӕтӕн ӕй чи ӕмбарын кодтаид, ахӕм адӕм. Зӕгъӕм, Моисей, Израилы фыццаг разамонӕг, адӕмӕн ӕмбарын кодта, фыст цы ’рцыди, уыдӕттӕ (Дыккаг закъон 1:5).

Уымӕй иу-дӕс ӕнусы куы рацыд, уӕд дӕр уыди, Фыстад чи ӕмбарын кодта, ахӕм фӕлтӕрд ахуыргӕнджытӕ. Н. э. размӕ 455 азы тынг бирӕ дзуттӕгтӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрӕмбырд сты Иерусалимы фӕзтӕй иуы. Ахуыргӕнджытӕ Сыгъдӕг Фыстад «хъӕрӕй кастысты» ӕмӕ «адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цы сын кастысты, уый ӕмбарынӕн» (Нееми 8:1–8).

Фондз ӕнусы фӕстӕдӕр Йесо Чырысти дӕр адӕмы раст афтӕ ахуыр кодта. Иууылдӕр ӕй хуыдтой ахуыргӕнӕг (Иоанны 13:13). Йесо сӕ ахуыр кодта бирӕгӕйттӕй дӕр ӕмӕ иунӕджытӕй дӕр. Иухатт хохыл бирӕ адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр «дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл» (Матфейы 5:1, 2; 7:28). Н. э. 33 азы уалдзӕджы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ Иерусалиммӕ ӕввахс хъӕутӕй иумӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕм Йесо ӕрбаиу ӕмӕ сын Фыстад лӕмбынӕг ӕмбарын кӕнын райдыдта (Лукайы 24:13–15, 27, 32).

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр иннӕты ахуыр кодтой, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, ууыл. Иухатт ефиопаг хицау йӕ бӕхуӕрдоны фӕцӕйцыд ӕмӕ Сыгъдӕг Фыстадӕй иу скъуыддзаг каст. Ахуыргӕнинаг Филипп ӕй баййӕфта ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?». Уый йын дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд ӕй куыд хъуамӕ ӕмбарон?» Уӕд ын Филипп бамбарын кодта, цы скъуыддзаг каст, уый (Хъуыддӕгтӕ 8:27–35).

ӔХХУЫС АБОН

Рагзаманты Фыстад адӕмӕн чи амыдта ӕмӕ сын ӕй чи ӕмбарын кодта, уыдонау абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 239 бӕстӕйӕ фылдӕры адӕмӕн амонынц, Библийы цы фыст ис, уый (Матфейы 28:19, 20). Алы къуыри дӕр 9 милуан адӕймагӕй фылдӕрӕн ӕххуыс кӕнынц Библи бамбарынӕн. Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ раздӕр чырыстӕттӕ нӕ уыдысты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ семӕ Библи лӕвар фӕахуыр кӕнынц хӕдзары кӕнӕ ӕндӕр искуы, ахуыры тыххӕй ӕхца нӕ исынц. Кӕйдӕрты фӕнды, цӕмӕй семӕ ахуыр кӕной телефонӕй кӕнӕ Интернетӕй.

Библи ахуыр кӕныны тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй искӕмӕй. Дӕхӕдӕг ӕй фендзынӕ, Библи зынӕмбарӕн чиныг кӕй нӕу. Цыдӕриддӕр дзы фыст ис, уый «пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн, раст зондыл аразынӕн, цӕмӕй... алцыдӕр хорз зонай ӕмӕ алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уай» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

Бакӕс видеороликмӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?»

Бакӕс видеороликмӕ «Библи адӕмимӕ куыд фӕахуыр кӕнӕм?»

Ӕххуыс онлайн

Сылгоймаг уынджы кафейы бады ӕмӕ планшеты цӕмӕдӕр кӕсы

Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй Библи дӕхӕдӕг раиртасай? Хонӕм дӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сайтмӕ. Библийы тыххӕй дзы цы информаци ис, уый дӕ бон у бакӕсын 700 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Дӕ бон ӕй у лӕвар бакӕсын. Сайты ссарӕн ис ахӕм темӕтӕ:

Арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ

  • Адӕймаг цӕмӕн цӕры?

  • Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

  • Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы?

Абоны царды зындзинӕдтӕ

  • Депрессиимӕ тох кӕнынӕн Библи исты ӕххуыс у?

  • Уӕззау низӕй рынчын чи у, уыдонӕн Библи баххуыс кӕндзӕн?

  • Ӕхца ӕмӕ хӕстимӕ баст хъуыддӕгты Библи ӕххуыс кӕны?

Ӕххуыс бинонтӕн

  • Цы ис саразӕн, цӕмӕй мауал хыл кӕнӕм?

  • Мӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын зонын?

  • Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут уаг ӕмӕ ӕгъдауыл

Фӕсивӕды фарстатӕ

  • Искӕй мемӕ ӕмуат ӕрцӕуын куы фӕнда, уӕд куыд бакӕнон?

  • Куы мӕ хынджылӕг кӕной, уӕд куыд кӕнон?

  • Мӕхи иунӕг куы хатон, уӕд мын цы баххуыс кӕндзӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын