Хуыцауы ном (тексты бӕрӕг дары) Библийы рагон къухфыстыты
Библи цы дзуры?
Цымӕ Хуыцауӕн ном ис?
ИУӔЙ-ИУТӔ ХЪУЫДЫ КӔНЫНЦ, зӕгъгӕ йын ном нӕй, иннӕтӕ зӕгъынц, йӕ ном кӕй у «Хуыцау» кӕнӕ «Хицау», ӕртыккӕгтӕ та дзурынц, ӕмӕ йын тынг бирӕ нӕмттӕ ис. Ды та куыд хъуыды кӕныс?
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС
«Ды, йӕ ном Йегъовӕ кӕмӕн у, ӕрмӕстдӕр ды... дӕ Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн» (Псалом 83:18).
БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН
Кӕд Хуыцауӕн бирӕ кады нӕмттӕ ис, уӕддӕр йӕхӕдӕг йӕхи хоны ӕрмӕстдӕр иу номӕй (Рацыд 3:15).
Хуыцау йӕхи не ’мбӕхсы; фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ зонӕм (Хъуыддӕгтӕ 17:27).
Цӕмӕй Хуыцауы ӕмбал суай, уый тыххӕй йын фыццаг хъӕуы йӕ ном базонын (Иаковы 4:8).
Цымӕ Хуыцауы ном дзурын ӕмбӕлы?
ЦАВӔР ДЗУАПП РАТТИС?
О
Нӕ
Уый уавӕрӕй кӕнгӕ у
БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС
«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы ном хынджылӕггаг ма кӕн» (Рацыд 20:7). Хуыцауы ном дзурын ӕмбӕлы, ӕрмӕст хъуамӕ бӕрӕг уа, кӕй йын аргъ кӕныс, уый (Йереми 29:9).
БИБЛИЙӔ МА ЦЫ ИС БАЗОНӔН
Йесо Чырысти Хуыцауы ном зыдта ӕмӕ йӕ дзургӕ дӕр кодта (Иоанны 17:25, 26).
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм йӕ номӕй дзурӕм (Псалом 105:1).
Хуыцауы знӕгтӕ архайынц, цӕмӕй йын адӕм йӕ ном ферох кӕной (Йереми 23:27).