Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp16 № 4 14–15 фф.
  • Цӕуыл ӕууӕндыс, уый цымӕ Библимӕ гӕсгӕ раст у?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цӕуыл ӕууӕндыс, уый цымӕ Библимӕ гӕсгӕ раст у?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДӔМ, УЫЙ БИБЛИИМӔ КУЫД АБАРӔН ИС?
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Йесо Чырысти чи у?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Чырыстӕттӕ Хуыцауӕн кувынц удӕй ӕмӕ ӕцӕгадӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
wp16 № 4 14–15 фф.

Цӕуыл ӕууӕндыс, уый цымӕ Библимӕ гӕсгӕ раст у?

ЙӔХИ Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг чи хоны, уыдон ӕгас зӕххыл дӕр сты дыууӕ миллиардӕй фылдӕр. Кӕд ды дӕр дӕхи чырыстон хоныс, уӕд ды дӕр уыцы адӕммӕ хауыс. Абон чырыстон динтӕ сты цалдӕр мины, фӕлӕ сӕ ахуырӕдтӕй ӕмӕ, цы хъуыдытыл хӕст сты, уымӕй кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц. Чи зоны, ды цӕуыл ӕууӕндыс, уый тынг хицӕн кӕны ӕндӕр чырыстон динты ахуырӕдтӕй. Уӕвгӕ, цӕуыл ӕууӕндыс, уый цымӕ исты уӕлдай у? О, кӕд дӕ Библийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ цӕрын фӕнды, уӕд.

Йесо Чырыстийы фыццаг фӕдылдзӕуджыты схуыдтой «чырыстӕттӕ» (Хъуыддӕгтӕ 11:26). Ӕмӕ сӕ ӕндӕр ном дӕр нӕ хъуыд, уымӕн ӕмӕ иу чырыстон дин йеддӕмӕ нӕ уыди. Чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр хъуыстой чырыстон дины бындурӕвӕрӕг Йесойы ахуырӕдтӕм ӕмӕ амындтӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кодтой. Дӕ аргъуанӕй та цы зӕгъӕн ис? Чырысти цы амыдта ӕмӕ йӕ фыццаг фӕдылдзӕуджытӕ цӕуыл ӕууӕндыдысты, ды дӕр ууыл ӕууӕндыс? Уый куыд сбӕлвырд кӕнӕн ис? Ӕрмӕстдӕр Библийы фӕрцы.

Ахъуыды-ма кӕнӕм: Йесо Чырысти Фыстад нымадта Хуыцауы Ныхасыл ӕмӕ йын стыр аргъ кодта. Библийы ахуырӕдтӕй адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ сӕйрагдӕр кӕмӕн уыдысты, уыдонӕн та уайдзӕф кодта (Марчы 7:9–13). Махӕн нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕн сӕ ахуырӕдтӕ Библийӕ ист кӕй сты. Уӕдӕ алы чырыстон дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Мӕ аргъуан цы ахуырӕдтыл хӕст у, уыдон Библимӕ гӕсгӕ раст сты?» Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп раттай, уый тыххӕй хорз уаид, дӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ, Библи бӕлвырдӕй цы зӕгъы, уыимӕ куы абарис.

Чырысти загъта, Хуыцауӕн рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ уыцы рӕстдзинад ис Библийы (Иоанны 4:24; 17:17). Апостол Павел та загъта, зӕгъгӕ, цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, «рӕстдзинад цы у, уый бӕлвырдӕй базонӕм» (1 Тимофеймӕ 2:4). Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый Библийы рӕстдзинадыл арӕзт уа. Уымӕй кӕнгӕ у нӕ ирвӕзындзинад!

ЦӔУЫЛ ӔУУӔНДӔМ, УЫЙ БИБЛИИМӔ КУЫД АБАРӔН ИС?

Дӕ хорзӕхӕй, рамкӕйы цы ӕхсӕз фарстайы ис, уыдон бакӕс ӕмӕ дӕ хъус ӕрдар, Библи сын цы дзуапп дӕтты, уымӕ. Цы стихтӕ дзы ис, уыдон бакӕс ӕмӕ-иу дзуаппытыл ахъуыды кӕн. Уый фӕстӕ та ахъуыды кӕн: «Мӕ аргъуаны ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст сты?»

Ацы фарстатӕ ӕмӕ дын дзуаппытӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бамбарай, цӕуыл ӕууӕндыс, уый Библимӕ гӕсгӕ раст у ӕви нӕ. Фӕнды дӕ дӕ аргъуаны иннӕ ахуырӕдтӕ дӕр Библиимӕ абарын? Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дын ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый базонынӕн. Искӕмӕн сӕ зӕгъ, цӕмӕй демӕ Библи ахуыр кӕнын райдайа.

1 ФАРСТА: Чи у Хуыцау?

ДЗУАПП: Йегъовӕ, Чырыстийы Фыд, у ӕнусон Хуыцау ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Сфӕлдисӕг.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ:

«Сымах тыххӕй куы фӕкувӕм, уӕд алкӕддӕр бузныг фӕзӕгъӕм Хуыцауӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы Фыдӕн» (Колоссӕгтӕм 1:3).

«О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай» (Раргомад 4:11).

Ноджыдӕр кӕс Ромӕгтӕм 10:13; 1 Тимофеймӕ 1:17.

2 ФАРСТА: Чи у Йесо Чырысти?

ДЗУАПП: Йесо у Хуыцауы фыццаггуырд Фырт. Йесойы Хуыцау сфӕлдыста, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ райдиан уыд. Йесо Хуыцауӕй дӕлдӕр у ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ:

«Мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у» (Иоанны 14:28).

«[Йесо] у, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы хуызӕн, Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15).

Ноджыдӕр кӕс Матфейы 26:39; 1 Коринфӕгтӕм 15:28.

3 ФАРСТА: Сыгъдӕг тых цы у?

ДЗУАПП: Хуыцау йӕ фӕндон ӕххӕст кӕны йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Сыгъдӕг тых удгоймаг нӕу. Адӕмӕн сӕ бон у, цӕмӕй сыгъдӕг тыхӕй схайджын уой ӕмӕ сӕ хъарутӕ бауадза.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ:

«Елизаветӕ Марийӕйы ныхӕстӕ куыддӕр фехъуыста, афтӕ сывӕллон йӕ гуыбыны стӕлфыд. Уӕд Елизаветӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын» (Лукайы 1:41).

«Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут» (Хъуыддӕгтӕ 1:8).

Ноджыдӕр кӕс Райдиан 1:2; Хъуыддӕгтӕ 2:1–4; 10:38.

4 ФАРСТА: Цы у Хуыцауы Паддзахад?

ДЗУАПП: Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад. Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах. Тагъд уыцы Паддзахады фӕрцы Хуыцауы фӕндон ӕгас зӕххыл дӕр сӕххӕст уыдзӕн.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ:

«Ӕвдӕм зӕд йӕ уадындзӕй ныууасыд. Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуыст тыхджын хъӕлӕстӕ: „Дунейыл хицаудзинад ныр ис нӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Чырыстийы къухы, ӕмӕ уый паддзах уыдзӕн ӕнусӕй-ӕнусмӕ“» (Раргомад 11:15).

Ноджыдӕр кӕс Данелы 2:44; Матфейы 6:9, 10.

5 ФАРСТА: Хорз адӕм уӕлӕрвтӕм ацӕуынц?

ДЗУАПП: Нӕ. Хуыцау уӕлӕрвты цӕрынмӕ равзӕрста, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕй иу гыццыл къорд, Библи сӕ хоны «гыццыл дзуг». Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ паддзӕхтӕ уыдзысты ӕмӕ адӕмӕн разамынд дӕтдзысты.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ:

«Ма тӕрс, гыццыл дзуг, уымӕн ӕмӕ уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн паддзахад раттын» (Лукайы 12:32).

«Уыдзысты Хуыцауы ӕмӕ Чырыстийы сауджынтӕ, ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы» (Раргомад 20:6).

Ноджыдӕр кӕс Раргомад 14:1, 3.

6 ФАРСТА: Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?

ДЗУАПП: Хуыцауы Паддзахады дӕлбар зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн, адӕм ӕнӕниз уыдзысты ӕмӕ ӕнустӕм фӕрнӕй цӕрдзысты.

БИБЛИ ЦЫ ДЗУРЫ:

«Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:10, 11).

«Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).

Ноджыдӕр кӕс Псалом 37:29; 2 Петры 3:13.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын