Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp16 № 5 3 ф.
  • Алкӕй дӕр фӕнды удӕнцой ссарын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Алкӕй дӕр фӕнды удӕнцой ссарын
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Удӕнцой зын рӕстӕджыты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Рыстзӕрдӕ адӕмӕн удӕнцой у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Гыццылӕй тыхми ӕмӕ ӕвзӕр митӕ кӕмӕн бакодтой, уыдонӕн куыд ис удӕнцой дӕттӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Маст чи кӕны, уыдоны зӕрдӕтӕ сабыр кӕнӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
wp16 № 5 3 ф.

СӔЙРАГ ТЕМӔ | УДӔНЦОЙ ССАРӔН КӔМ ИС?

Алкӕй дӕр фӕнды удӕнцой ссарын

Мад йӕ сывӕллоны сабыр кӕны

Хъуыды ма кӕныс, гыццылӕй-иу куыд фӕкалдтӕ, уый? Чи зоны-иу дӕ къух алыг кодтай кӕнӕ-иу дӕ уӕраг ныппырх кодтай. Дӕ зӕрдыл ма лӕууы, дӕ мад-иу дӕ куыд сабыр кодта, уый? Ӕвӕццӕгӕн дын-иу дӕ цӕфтӕ ныхсадта ӕмӕ-иу дын сӕ бабаста. Стӕй-иу дӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта ӕмӕ-иу дӕ йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй ӕрсабыр кодта. Гыццыл куы уыдтӕ, уӕд дын алкӕддӕр уыд, чи-иу дӕ ӕрсабыр кодтаид, уый.

Фӕлӕ адӕймаг куыд фестырдӕр кӕны, афтӕ йӕ цард уӕззаудӕр фӕкӕны. Йӕ зындзинӕдтыл бафты, удӕнцой ссарын та йын зындӕр вӕййы. Стыр адӕймагӕн йӕ зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн мады рӕвдыд ӕмӕ цӕфтӕ бабӕттын фаг нӕ вӕййынц. Ӕркӕсӕм-ма цалдӕр цӕвиттонмӕ.

  • Мыййаг, искуы ӕнӕ куыстӕй баззадтӕ, ӕмӕ фырмӕтӕй цы фӕуыдаис, уый нал зыдтай? Хулианы куыстӕй куы рарвыстой, уӕд, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй арвы цӕфау фӕци. Катай кодта: «Мӕ бинонтӕн цы кӕндзынӕн? Цӕмӕй сӕ дардзынӕн? Уал азы дӕргъы куысты мӕхиуыл куы нӕ ауӕрстон, уӕд мӕ ’нӕхъӕугӕ дзаумайау цӕмӕн раппӕрстой?»

  • Чи зоны, дӕ цардӕмбалимӕ ахицӕн стут, ӕмӕ дӕ зӕрдӕмӕ рухсы цъыртт никуыцӕйуал кӕлы. Ракель дзуры: «Афӕдз ӕмӕ мӕ ’рдӕджы размӕ мӕ сӕрыхицау ӕнӕнхъӕлӕджы куы ныууагъта, уӕд мӕ ныфс афтӕ асаст, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Цыма мын мӕ зӕрдӕ кардӕй барӕхуыстой, афтӕ уыдтӕн. Мӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр рыст, фырмӕтӕй мӕхимӕ нал цыдтӕн. Раст зӕгъгӕйӕ, уӕд тынг фӕтарстӕн».

  • Мыййаг, уӕззау низӕй хъӕрзыс, ӕмӕ хорзӕй ницӕмӕуал ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Ӕвӕццӕгӕн, хатт ды дӕр Хуыцауы рагон лӕггадгӕнӕг Иовау фӕзӕгъыс: «Цард мын сӕнад, ӕнустӕм цӕрын дӕр мӕ нӕ фӕнды» (Иов 7:16). Стӕй дӕм, чи зоны, фӕзыны, 80-аздзыд нӕлгоймагмӕ, Луисмӕ, цы хъуыдытӕ фӕзыны, ахӕм хъуыдытӕ: «Иуӕй-иу хатт афтӕ вӕййын, ӕмӕ ма ӕрмӕст мӕлӕтмӕ фенхъӕлмӕ кӕсын».

  • Кӕнӕ дыл, чи зоны, зиан ӕрцыд, ӕмӕ удӕнцой ссарынмӕ бӕллыс. Роберт зӕгъы: «Мӕ фырт цы хӕдтӕхӕгыл тахт, уый куы ’рхауд, уӕд мӕ фыццаг уырнгӕ дӕр нӕ кодта, мӕ хъӕбул кӕй нал ис, уый. Фӕлӕ стӕй мӕ зӕрдӕ риссын райдыдта, Библийы куыд фыст ис, афтӕ дзы цыма стыр кард ахызт, уыйау» (Лукайы 2:35).

Роберт, Луис, Ракель ӕмӕ Хулиан удӕнцой ссардтой, кӕд зын уавӕрты уыдысты, уӕддӕр. Уыдон ссардтой, ӕцӕг удӕнцой чи дӕтты, уый – Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы. Цымӕ нын Хуыцау удӕнцой куыд дӕтты? Цымӕ дӕуӕн дӕр ратдзӕн, цы удӕнцойдзинадмӕ бӕллыс, уый?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын