Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 сентябрь 13 ф.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы у хуыцауы ӕнцойад?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Хуыцауы ӕнцойадмӕ бацыдтӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Дӕ цард афтӕ араз, райгонд дзы куыд уай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 сентябрь 13 ф.
Дзӕнӕты мад йӕ чызгимӕ дидинджытыл дон кӕнынц

«Хуыцауы ныхас у удӕгас»

Кӕсджыты фарстатӕ

Дзуттӕгтӕм 4:12 фыст ис, «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых», зӕгъгӕ. Ам цы «ныхас»-ы кой ис, уый цӕмӕ амоны?

Ацы стихы контекстӕй куыд зыны, афтӕмӕй апостол Павел дзырдта, Хуыцауы фӕндоны тыххӕй кӕм цыди дзырд, уыцы фыстӕджыты, уыимӕ, Библийы фыст чи ’рцыд, уыдоны тыххӕй.

Дзуттӕгтӕм 4:12 стихӕй нӕ публикациты арӕх фӕпайда кӕнӕм, цӕмӕй равдисӕм, Библийӕн йӕ бон кӕй у адӕймаджы цард фӕивын, ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у. Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм Дзуттӕгтӕм 4:12 стихы контекстмӕ. Павел дзуттаг чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайдтаиккой. Йӕ фӕндон та фыст ис Сыгъдӕг Фыстады. Павел цӕвиттонӕн ӕрхаста, Египеты уацарӕй чи ссӕрибар, уыцы израилӕгты. Уыдоны ныфс уыд, «ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы», уыцы зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй бацӕудзысты ӕмӕ ’цӕг ӕнцойад кӕй ссардзысты (Рац. 3:8; Дык. з. 12:9, 10).

Уый уыд Хуыцауы фӕндон ӕмӕ йӕ бӕлвырд бамбарын кодта. Фӕлӕ фӕстӕдӕр израилӕгтӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой, уырнындзинад сӕм нал уыд ӕмӕ сӕ фылдӕр Хуыцауы зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕнӕ ’нцойадмӕ нӕ бацыдысты (Ным. 14:30; Йес. Н. 14:6–10). Стӕй ма Павел загъта, «Хуыцау йе ’нцойадмӕ бацӕуынӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта» (Дзут. 3:16–19; 4:1). Уыцы зӕрдӕвӕрд хауы Хуыцауы фӕндонмӕ. Дзуттаг чырыстӕттау махӕн дӕр нӕ бон у уыцы фӕндоны тыххӕй базонын ӕмӕ уыцы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайын. Уыцы зӕрдӕвӕрдӕн Фыстады бындур кӕй ис, уый равдисыны тыххӕй Павел ӕрхаста Райдиан 2:2 ӕмӕ Псалом 95:11 стихтӕй скъуыддзӕгтӕ.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕн ӕхсызгон у, «Хуыцау йе ’нцойадмӕ бацӕуынӕй зӕрдӕ кӕй бавӕрдта», уый абон дӕр йӕ тыхы кӕй ис. Мах фидарӕй уырны, Библийы Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, ома нын йе ’нцойадмӕ бацӕуыны ныфс кӕй ис, уый ӕнӕмӕнг кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй мах нӕ царды цыдӕртӕ аивтам. Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕх ссарӕм, уый тыххӕй нӕ Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын кӕнӕ ӕндӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ аразын нӕ хъӕуы. Уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ нӕ дарддӕр дӕр уымӕ разӕнгард кӕны. Ӕгас дунейы дӕр минтӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ базыдтой Хуыцауы фӕндоны тыххӕй. Уыдонӕй бирӕты бафӕндыд сӕ цард фӕивын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Цы ивындзинӕдтӕ скодтой, уымӕй бӕрӕг у иу хъуыддаг – «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых». Хуыцауы фӕндон махӕй алкӕмӕн дӕр йӕ цардыл хуыздӕрырдӕм зыны ӕмӕ афтӕ уыдзӕн алкӕддӕр.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын