Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 декабрь 13–17 фф.
  • Сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл хъуыды кӕн, ӕмӕ ссардзынӕ цард ӕмӕ фарн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл хъуыды кӕн, ӕмӕ ссардзынӕ цард ӕмӕ фарн
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «ТӔРИГЪӔДДЖЫН БУАРЫ ЦЫ ФӔНДЫ, ӔППЫНӔДЗУХ УУЫЛ ЧИ ХЪУЫДЫ КӔНЫ»
  • «ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХЫ ЦЫ ФӔНДЫ, УУЫЛ ЧИ ХЪУЫДЫ КӔНЫ»
  • Сыгъдӕг тыхы коммӕ кӕс, цӕмӕй цард ӕмӕ фарн ссарай
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Уды хъуыдытӕ ӕмӕ цард!
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Ӕппӕт адӕмы дӕр чи хъӕуы, уыцы хорз хабар
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 декабрь 13–17 фф.
Ӕрыгон хойӕн йӕ хъуыдытӕ сты йӕ лӕггадыл, иннӕтӕн ӕххуыс кӕныныл ӕмӕ йӕ бинонтыл

Сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл хъуыды кӕн, ӕмӕ ссардзынӕ цард ӕмӕ фарн

«Хуыцауы сыгъдӕг тыхы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн... сӕ хъуыдытӕ сты, сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл» (РОМ. 8:5).

ЗАРДЖЫТӔ: 45, 36

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Не ’ппӕтӕн дӕр пайда цӕмӕн у Ромӕгтӕм 8 сӕрмӕ ӕркӕсын?

  • Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ чырыстон, «тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ууыл хъуыды кӕнын» райдайы?

  • «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл хъуыды кӕнын» цы нысан кӕны?

1, 2. Ромӕгтӕм 8 сӕры цы фыст ис, уый сӕйраджыдӕр сӕрст чырыстӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ зоной?

ЧИ ЗОНЫ, Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕры рӕстӕг, Ромӕгтӕм 8:15–17 цы фыст ис, уый кастӕ. Ацы стихтӕй ис базонӕн, сӕрст чырыстӕттӕ куыд бамбарынц, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс сын кӕй ис, уый. Ромӕгтӕм 8:1 та ис, «Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, уыдоны» кой, ома сӕрст чырыстӕтты кой. Фӕлӕ цымӕ Ромӕгтӕм 8 сӕр ӕрмӕстдӕр сӕрст чырыстӕттӕм хауы ӕви, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр?

2 Ромӕгтӕм 8 сӕры сӕйраджыдӕр дзырд цӕуы сӕрст чырыстӕттыл. Уыдон райстой «Хуыцауы сыгъдӕг тых» ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Хуыцау сӕ «йӕхицӕн фырттӕ кӕд скӕндзӕн» ӕмӕ сӕ «[зӕххон] буӕрттӕй кӕд фервӕздзысты», уымӕ (Ром. 8:23). Сӕрст чырыстӕттӕ фидӕны цӕрдзысты уӕлӕрвты ӕмӕ уыдзысты Хуыцауы фырттӕ. Цымӕ сын ахӕм фадат цӕй фӕрцы фӕзынд? Уыдон донаргъуыд райстой, ӕмӕ сын Хуыцау Чырыстийы нывонды фӕрцы сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта ӕмӕ сӕ рӕстгӕнджытыл банымадта, цӕмӕй йӕ фырттӕ суой (Ром. 3:23–26; 4:25; 8:30).

3. Ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны дӕр цӕмӕн хъӕуы Ромӕгтӕм 8 сӕрмӕ ӕркӕсын?

3 Фӕлӕ, Ромӕгтӕм 8 сӕры цы фыст ис, уый хъӕуы зонын, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдоны дӕр, уымӕн ӕмӕ Хуыцау уыдоны дӕр рӕстгӕнджытыл нымайы. Уый бӕрӕг у, Павел йӕ фыстӕджы гыццыл раздӕр цы ныффыста, уымӕй. Ромӕгтӕм 4-ӕм сӕры Павел ныффыста Авраамы тыххӕй. Авраам уыди фидар уырнындзинады хицау, ӕмӕ царди, Йегъовӕ израилӕгтӕн Закъон куы радта, уымӕй раздӕр, стӕй, Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй куы амард, уымӕй дӕр бирӕ раздӕр. Фӕлӕ Йегъовӕ федта, Авраам диссаджы уырнындзинады хицау кӕй у, ӕмӕ йӕ рӕстгӕнӕгыл банымадта. (Бакӕс Ромӕгтӕм 4:20–22.) Ӕмӕ Йегъовӕ абон дӕр, йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдисы ӕмӕ ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕтты нымайы рӕстгӕнджытыл. Уӕдӕ Ромӕгтӕм 8 сӕры фыст уынаффӕтӕ уыдонӕн дӕр пайда уыдзысты.

4. Ромӕгтӕм 8:21 кӕсгӕйӕ цавӕр фарстайыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

4 Ромӕгтӕм 8:21 стих бӕлвырд кӕны, ног дуне ӕнӕмӕнг кӕй ралӕудзӕн. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад». Уыцы диссаджы арфӕдзинӕдтӕй ды дӕр кӕй схайджын уыдзынӕ, уый дӕ фидарӕй уырны? Цӕй ӕмӕ аныхас кӕнӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы ног дунейы цӕрӕм.

«ТӔРИГЪӔДДЖЫН БУАРЫ ЦЫ ФӔНДЫ, ӔППЫНӔДЗУХ УУЫЛ ЧИ ХЪУЫДЫ КӔНЫ»

5. Павел Ромӕгтӕм 8:4–13 цавӕр ахсджиаг хабары кой кодта?

5 Бакӕс Ромӕгтӕм 8:4–13. Ромӕгтӕм 8 сӕры дзырд цӕуы дыууӕ хуызы адӕмыл: «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ» чи цӕры ӕмӕ, «Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ» чи цӕры, уыдоныл. Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, ам дзырд цӕуы, чырыстон чи нӕу ӕмӕ чи у, уыдоныл. Фӕлӕ Павел фыста, «Ромы чи ис, Хуыцау кӕй бауарзта ӕмӕ кӕй ӕрхуыдта, цӕмӕй сыгъдӕджытӕ уой, уыдонмӕ» (Ром. 1:7). Уӕдӕ ам Павел кодта чырыстӕтты кой: сӕ иутӕ цардысты, тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ, иннӕтӕ та – сыгъдӕг тых куыд дзуры, афтӕ. Цымӕ ацы адӕм кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кодтой?

6, 7. а) Библийы «тӕригъӕдджын буар»-ӕй тӕлмац дзырдбаст иуӕй-иу хатт цӕмӕ фӕамоны? б) Ромӕгтӕм 8:4–13 дзырдбаст «тӕригъӕдджын буар» цӕмӕ амоны?

6 Ацы стихты «тӕригъӕдджын буар»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый алы хатт иу цӕмӕдӕр нӕ фӕамоны. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хатт фӕамоны адӕймаджы буармӕ (Ром. 2:28; 1 Кор. 15:39, 50). Хатгай та фӕамоны тугхӕстӕджытӕм. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо «туг ӕмӕ стӕгӕй уыди Давиды байзӕддаг». Павел та дзуттӕгты схуыдта, «мӕ туг ӕмӕ ме стӕг», зӕгъгӕ (Ром. 1:3; 9:3).

7 Фӕлӕ Ромӕгтӕм 8:4–13 Павел цы «тӕригъӕдджын буары» кой кодта, уый цӕмӕ амоны, уый бамбарынӕн ма ӕркӕсӕн ис Ромӕгтӕм 7:5 стихмӕ. Уым Павел ныффыста: «Буары коммӕ куы кастыстӕм, уӕд нӕ мидӕг сӕ куыст кодтой, Закъон кӕй раргом кодта, уыцы тӕригъӕдджын монцтӕ». Уӕдӕ, «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ» чи цӕры, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ сты ӕрмӕстдӕр сӕ тӕригъӕдджын фӕндтыл. Уыдон цӕуынц сӕ монцты фӕдыл, ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый аразынц.

8. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Павел сӕрст чырыстӕтты хуымӕтӕджы нӕ фӕдзӕхста?

8 Фӕлӕ, чи зоны, ахъуыды кӕнай, «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ» цӕрынӕй Павел сӕрст чырыстӕтты цӕмӕн фӕдзӕхста, зӕгъгӕ. Стӕй абоны чырыстӕтты дӕр цӕмӕн хъӕуы уымӕй фӕдзӕхсын? Хуыцау сӕ йӕ хӕлӕрттыл ӕмӕ рӕстгӕнджытыл нӕ нымайы? Хъыгагӕн, чырыстӕттӕй кӕмӕнфӕнды дӕр тӕссаг у, йӕ тӕригъӕдджын буар ын куыд дзуры, афтӕ цӕрын куы райдайа, уымӕй. Зӕгъӕм, Павел фыста, Ромы чырыстӕттӕй чидӕртӕ «сӕ гуыбыны фӕдыл» кӕй цыдысты – ӕвӕццӕгӕн сын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд хӕрд, нозт, искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуын ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгтӕ (Ром. 16:17, 18; Фил. 3:18, 19; Иуд. 4, 8, 12). Ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕ, «ӕнӕхин чи уыд, уыдоны» сайдтой. Коринфы чырыстӕттӕй та чидӕр иуафон «йӕ фыды усимӕ» цард (1 Кор. 5:1). Уӕдӕ Хуыцау чырыстӕтты Павелы уылты хуымӕтӕджы нӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй, «тӕригъӕдджын буар куыд дзуры, афтӕ» ма цардаиккой (Ром. 8:5, 6).

9. Ромӕгтӕм 8:6 стихы Павел цӕй кой нӕ кодта?

9 Уыцы фӕдзӕхст абон дӕр хъӕуы зӕрдыл дарын. Гӕнӕн ис, ӕмӕ, Хуыцауӕн бирӕ азтӕ чи лӕггад кӕны, ахӕм чырыстон дӕр райдайа, «буары цы фӕнды», ӕппынӕдзух ууыл хъуыды кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстон иуӕй-иу хатт фӕхъуыды кӕны хӕрдыл, куыстыл, йӕ фӕллад суадзыныл кӕнӕ бинонтӕ скӕныныл дӕр. Фӕлӕ Павел уый кой нӕ кодта. Уыцы хабӕртты ӕвзӕрӕй ницы ис. Йесо дӕр фынгыл минас кодта ӕмӕ-иу йӕхӕдӕг дӕр адӕмӕн хӕринаг лӕвӕрдта. Улӕфын кӕй хъӕуы, уый дӕр ӕмбӕрста. Стӕй Павел та ныффыста, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл кӕй хъуамӕ узӕлой.

Ӕфсымӕр йӕ отпусчы кой кӕны хӕдзары, куысты ӕмӕ Паддзахады залы

Мыййаг, цӕуыл фӕныхас кӕныс, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ, «буары цы фӕнды», уыдӕттыл сты? (кӕс 10, 11 абзацтӕ)

10. Ацы ныхӕстӕ, «тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты?

10 Уӕдӕ Павел афтӕ куы загъта, «тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны», зӕгъгӕ, уӕд цӕй кой кодта? Цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый нысан кӕны, адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр иу цӕуылдӕр кӕй сты ӕмӕ йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ пълӕнттӕ ӕрмӕстдӕр уыцы хъуыддагимӕ баст кӕй сты. Иу ахуыргонд куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй ахӕм адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ иууылдӕр вӕййынц сӕ хиуарзон фӕндтыл, ӕндӕр сӕ ницы фендавы ӕмӕ ныхас дӕр ӕндӕр ницӕуыл фӕкӕнынц. Ӕмӕ уый фӕзыны, куыд цӕрынц, ууыл дӕр.

11. Адӕймагӕн иуӕй-иу хатт царды ӕппӕты сӕйрагдӕр цы свӕййы?

11 Ромы цӕрӕг чырыстӕтты хъуыди сӕ зӕрдӕтӕм арф ныккӕсын ӕмӕ сбӕрӕг кӕнын, сӕ хъуыдытӕ цӕуыл уыдысты, уый. Мыййаг сын, «буары цы фӕнды», уыдӕттыл нӕ уыдысты? Ӕмӕ абон мах дӕр хъӕуы ахъуыды кӕнын, ӕппӕты ахсджиагдӕр нын цы у, ууыл. Тынгдӕр цы уарзӕм ӕмӕ фылдӕр цӕуыл фӕныхас кӕнӕм? Нӕ рӕстӕг цӕуыл ацӕуы? Чи зоны, чидӕртӕ бамбарой, сӕ хъуыдытӕ ӕдзух кӕй вӕййынц, алыхуызон сӕнтӕй куыд феной, сӕ хӕдзар куыд срӕсугъд кӕной, сӕхицӕн ног дзаумӕттӕ куыд балхӕной, фылдӕр ӕхца куыд самал кӕной йе та сӕ отпуск куыд арвитой, ууыл. Уыцы хъуыддӕгтӕ ӕнӕуи ӕвзӕр не сты. Царды уыдӕттӕ дӕр фӕхъӕуы. Зӕгъӕм, иухатт Йесо чындзӕхсӕвы куы уыд, уӕд дон сӕн фестын кодта. Павел та Тимофеймӕ ныффыста, цӕмӕй-иу йе ’нӕниздзинады тыххӕй «сӕн дӕр иу гыццыл анызтаид» (1 Тим. 5:23; Иоан. 2:3–11). Фӕлӕ цымӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕнӕй фылдӕр ницы уарзтой ӕмӕ ӕрмӕстдӕр сӕны кой кодтой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уӕдӕ махӕн та нӕ хабар куыд у? Нӕ сӕйраг мӕт цы у?

12, 13. Нӕ хъуыдытӕ цӕуыл сты, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

12 Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу нӕ зӕрдӕтӕм арф ныккӕсӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ Павел загъта: «Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ» (Ром. 8:6). Уӕдӕ ахӕм чырыстонӕн тӕссаг у, ныртӕккӕ Йегъовӕйы хӕлар куы нал уа, фидӕны та йӕ цард дӕр куы фесафа, уымӕй. Фӕлӕ Павелы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ хабар ӕнӕмӕнг афтӕ рауайдзӕн. Адӕймагӕн йӕ бон у фӕивын. Ӕрхъуыды-ма кӕн, Коринфы ӕмбырдӕй чи уыд ӕмӕ ӕнӕгъдау цард чи кодта, уыцы нӕлгоймаджы. Кӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кодтой, уӕддӕр стӕй фӕивта – йе ’нӕгъдау хъуыддӕгтӕ ныууагъта. Ӕмӕ та йӕ бон баци Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (2 Кор. 2:6–8).

13 Уыцы адӕймаг йӕ «тӕригъӕдджын буары коммӕ» кӕй каст, уый тыххӕй стыр тӕригъӕдтӕ ракодта. Фӕлӕ йӕ бон баци фӕивын. Уӕдӕ кӕд абоны чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ тӕригъӕдджын фӕндты фӕдыл адзӕгъӕл сты, уӕд уыдонӕн дӕр сӕ бон у фӕивын. Павел цӕмӕй фӕдзӕхста, уый сӕ зӕрдыл куы дарой, уӕд сӕ ӕнӕмӕнг бафӕнддзӕн, цы хъӕуы, уый фӕивын!

«ХУЫЦАУЫ СЫГЪДӔГ ТЫХЫ ЦЫ ФӔНДЫ, УУЫЛ ЧИ ХЪУЫДЫ КӔНЫ»

14, 15. а) «Тӕригъӕдджын буары цы фӕнды», ууыл хъуыды кӕныны бӕсты цӕуыл хъуамӕ хъуыды кӕнӕм? б) Ацы ныхӕстӕ, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл... хъуыды кӕнын», зӕгъгӕ, куыд не сты ӕмбаргӕ?

14 Павел бамбарын кодта, «тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл... хъуыды кӕнын» тӕссаг цӕмӕй у, уый, ӕмӕ стӕй загъта ахӕм ныфсы ныхӕстӕ: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый та ссардзӕн цард ӕмӕ фарн». Уый диссаджы хӕрзиуӕг куыннӕ у – цард ӕмӕ фарн! Уӕдӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы хӕрзиуӕгӕй схайджын уӕм?

15 «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны», уый цавӕр адӕймаг у? Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕхи афтӕ дара, цыма зӕххон адӕмӕй дӕр нӕу, ӕмӕ хъуамӕ хъуыды кӕна ӕмӕ дзура ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ӕмӕ Библийы тыххӕй. Чырыстӕттӕ дӕр адӕм сты, ӕмӕ сӕ цард бирӕ цӕмӕйдӕрты у иннӕ адӕмы царды хуызӕн. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр хӕргӕ дӕр кодтой ӕмӕ нуазгӕ дӕр, бирӕтӕн сӕ уыди бинонтӕ, стӕй кусгӕ дӕр кодтой (Мар. 6:3; 1 Фес. 2:9).

16. Павелӕн царды ӕппӕты сӕйраг цы уыд?

16 Фӕлӕ Павелӕн ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕн уыцы хабӕрттӕ сӕ царды ӕппӕты сӕйраг нӕ уыдысты. Зӕгъӕм, Библийӕ мах зонӕм, Павел цатыртӕ кӕй хуыдта ӕмӕ йӕхи уымӕй кӕй дардта. Фӕлӕ йын уыцы куыст сӕйраг нӕ уыд. Сӕйраг ын уыди Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕмӕ йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ фылдӕр хардз кодта хъусын кӕныныл ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 18:2–4; 20:20, 21, 34, 35.) Павел Ромы цӕрӕг чырыстӕттӕн куыд уыд фӕзминаг, афтӕ махӕн дӕр у фӕзминаг (Ром. 15:15, 16).

17. «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл» куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы ’рхӕсдзӕн?

17 Царды нын сӕйрагдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа, уӕд нын уый цы ’рхӕсдзӕн? Ацы фарстайӕн бӕлвырд дзуапп ис Ромӕгтӕм 8:6 стихы: «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый... ссардзӕн цард ӕмӕ фарн». Нӕ зондахастыл хъуамӕ ӕндава Хуыцауы сыгъдӕг тых ӕмӕ хъуамӕ сахуыр уӕм, уый куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын. Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, афтӕмӕй абон дӕр амондджын кӕй уыдзыстӕм ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм.

18. «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл» кӕй хъуыды кӕнӕм, уый фӕрцы цавӕр фарнӕй стӕм хайджын?

18 Ахъуыды-ма кӕнӕм ацы ныхӕстыл, зӕгъгӕ, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый... ссардзӕн... фарн». Абон бирӕтӕ фарнмӕ бӕллынц, уӕлдайдӕр зӕрдӕйы фарнмӕ, фӕлӕ йӕ нӕ арынц. Махӕн та Йегъовӕйы фӕрцы нӕ зӕрдӕты ис ӕцӕг фарн. Уымӕй уӕлдай ма фарн ис нӕ бинонты ’хсӕн ӕмӕ не ’мбырды дӕр. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ иуӕй-иу хатт кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм. Фӕлӕ афтӕ куы рауайы, уӕд бацархайӕм Йесойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Де ’фсымӕримӕ... бафидау» (Матф. 5:24). Уыцы ӕфсымӕр кӕнӕ хо дӕр «фарндӕттӕг Хуыцауӕн» кӕй лӕггад кӕны, уый нӕ рох куы нӕ уа, уӕд нын йемӕ бафидауын дӕр зын нӕ уыдзӕн (Ром. 15:33; 16:20).

19. «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл» куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ма ноджыдӕр цавӕр диссаджы фарнӕй уыдзыстӕм хайджын?

19 «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл» куы хъуыды кӕнӕм, уӕд не Сфӕлдисӕгимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрдзыстӕм. Ӕмӕ уыцы фарнӕй зынаргъдӕр ницы ис! Пехуымпар Исай ныффыста: «Фидар зондыл хӕст чи у, уыцы адӕймаджы ды [Йегъовӕ] схайджын кӕндзынӕ ӕгӕрон фарнӕй ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дары йӕ зӕрдӕ» (Ис. 26:3; бакӕс Ромӕгтӕм 5:1).

20. Ромӕгтӕм 8 сӕры фыст уынаффӕты тыххӕй бузныг цӕмӕн дӕ?

20 Уӕдӕ Ромӕгтӕм 8 сӕры фыст уынаффӕтӕ пайда сты не ’ппӕтӕн дӕр, фӕнды нын уӕлӕрвты цӕрыны ныфс уӕд, фӕнды зӕххыл цӕрыны ныфс. Хуыцау нӕ йӕ Ныхасы фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ, «буары цы фӕнды», ууыл ма уой. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй мах тынг бузныг стӕм. Мах зонӕм, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны», уымӕ диссаджы хӕрзиуӕг кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уый бӕрӕг у Павелы ныхӕстӕй: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, Хуыцау цы лӕвар дӕтты, уый та у ӕнусон цард нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ром. 6:23).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын