Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w16 декабрь 29–31 фф.
  • Фӕлмӕн удыхъӕд – зондджын адӕймаджы миниуӕг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фӕлмӕн удыхъӕд – зондджын адӕймаджы миниуӕг
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ФӔЛМӔН УДЫХЪӔД ЗОНДЫЛ ДЗУРӔГ ЦӔМӔН У
  • Фӕлмӕн удыхъӕд. Ацы миниуӕг ахсджиаг цӕмӕн у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • «Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Дӕ тых уыдзӕн дӕ фӕлмӕн удыхъӕды мидӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
w16 декабрь 29–31 фф.
Рынчынтӕм ӕмӕ ацӕргӕтӕм чи фӕкӕсы, уый ныхас кӕны мӕсты сылгоймагимӕ

Фӕлмӕн удыхъӕд – зондджын адӕймаджы миниуӕг

Тонийӕн йӕ куыст у рынчынтӕм ӕмӕ ацӕргӕтӕм кӕсын. Иу бон, кӕмӕ каст, иу ахӕм ацӕргӕ сылгоймагмӕ куы ’рбацыд ӕмӕ дзӕнгӕрӕгыл куы бахӕцыд, уӕд ӕм йӕ 50-аздзыд чызг ракаст ӕмӕ йӕ уайдзӕфтӕ ӕмӕ хъӕры бын фӕкодта, зӕгъгӕ, дам, раздӕр цӕуылнӕ ӕрбацыдтӕ. Афтӕмӕй та Тони афоныл ӕрбацыд. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы сылгоймагӕй уӕзданӕй хатыр ракуырдта.

ИННӔ хатт дӕр та йыл уыцы сылгоймаг йӕ пырх акалдта. Цымӕ Тони куыд бакодта? Тони загъта: «Тынг зын мын уыд. Ницы аххосджын уыдтӕн, афтӕмӕй мӕ бафхӕрдта». Фӕлӕ та дзы уӕддӕр хатыртӕ ракуырдта ӕмӕ ма йын загъта, зӕгъгӕ дын куыд зын у, уый ӕмбарын.

Ды Тонийы бынаты куы уыдаис, уӕд куыд бакодтаис? Фӕлмӕнӕй дзуапп раттыныл бацархайдтаис? Ӕви дын зын уыдаид дӕхиуыл хӕцын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм уавӕрты хиуыл хӕцын ӕнцон нӕ вӕййы. Тыхст уавӕры куы вӕййӕм кӕнӕ нӕ исчи куы смӕсты кӕны, уӕд нын фӕлмӕн удыхъӕд равдисын свӕййы фӕлварӕн.

Фӕлӕ Библи чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй сын уа фӕлмӕн удыхъӕд. Хуыцауы Ныхасӕй ма бӕрӕг у, фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый кӕй ис зондджын схонӕн. Иаков ныффыста: «Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у? Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй – йӕ хорз ӕгъдауӕй ӕмӕ зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахастӕй» (Иак. 3:13). Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ фӕлмӕн удыхъӕд уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондыл дзурӕг у? Ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн уыцы арфӕйаг миниуӕгыл кусынӕн?

ФӔЛМӔН УДЫХЪӔД ЗОНДЫЛ ДЗУРӔГ ЦӔМӔН У

Фӕлмӕн дзуапп маст ссӕуын кӕны. «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн, рӕхуыст ныхасӕй та маст ссудзы» (Ӕмб. 15:1).

Искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат ӕмӕ куы рамӕсты уай, уӕд уымӕй уавӕр ноджы фыддӕр фӕуыдзӕн. Уый уыдзӕн, цыма арты сугтӕ ӕппарыс, афтӕ (Ӕмб. 26:21). Фӕлӕ фӕлмӕнӕй дзуапп куы раттай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕуа ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕрфӕлмӕн уа.

Тони уый йӕхи цӕстӕй федта. Йӕ фӕлмӕн дзуапп сылгоймаджы зӕрдӕ афтӕ бацагайдта, ӕмӕ скуыдта. Стӕй йын бамбарын кодта, йӕхи зындзинӕдтӕй дӕр ӕмӕ сӕ бинонты уавӕрӕй дӕр йӕ хъуырмӕ кӕй сси. Тони йын Хуыцауы тыххӕй радзырдта, ӕмӕ стӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Цӕй фӕрцы? Тони ахӕм сабыр ӕмӕ фӕлмӕн кӕй разынд, уый фӕрцы.

Фӕлмӕн удыхъӕд нын куы уа, уӕд уыдзыстӕм амондджын. «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх бынӕн райсдзысты» (Матф. 5:5).

Фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон амондджын цӕмӕн сты? Раздӕр тызмӕг, мӕстыгӕр чи уыд, уыдонӕй бирӕтӕ ацы миниуӕг сӕхиуыл уӕлӕдарӕсау скодтой, ӕмӕ ныр сты тынг амондджын. Сӕ цард бынтондӕр фӕивта, ӕмӕ йӕ зонынц, цы диссаджы фидӕн сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (Кол. 3:12). Испанийӕ иу районон цӕстдарӕг, Адольфо, зӕгъгӕ, радзырдта, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдта, уӕдмӕ йӕ цард цыхуызӕн уыди, уый тыххӕй.

Адольфо дзуры: «Мӕ цард уыд афтид. Тынг мӕстыгӕр уыдтӕн, гыццыл исты, ӕмӕ-иу ӕррайы хуызӕн адӕн. Суанг мӕ ме ’мбӕлттӕй дӕр иуӕй-иутӕ тарстысты. Ӕппынфӕстаг иу хабар ӕрцыд, ӕмӕ ма тыххӕй аирвӕзтӕн. Кӕимӕдӕрты фӕхыл дӕн, ӕмӕ мӕ кардӕй ӕхсӕз хатты барӕхуыстой. Уыйбӕрц туг мӕ фӕцыд, ӕмӕ фӕцӕймардтӕн».

Ныр Адольфо иннӕты ахуыр кӕны, цӕмӕй сын фӕлмӕн удыхъӕд уа, ӕмӕ сын йӕхӕдӕг дӕр у фӕзминаг. Бирӕтӕ йӕ уарзынц йӕ фӕлмӕн удыхъӕды тыххӕй. Адольфойӕн йӕ бон фӕивын кӕй сси, ууыл тынг цин кӕны. Ӕмӕ йын Йегъовӕ кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй дзы тынг бузныг у.

Фӕлмӕн удыхъӕд нын куы уа, уӕд Йегъовӕ цин кӕндзӕн. «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмб. 27:11).

Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйӕн фидистӕ кӕны йӕ сӕйраг знаг – Хӕйрӕг. Ӕмӕ Йегъовӕ уый тыххӕй куы мӕсты кӕна, уӕддӕр раст уыдзӕн. Фӕлӕ Библийы фыст ис, «уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны», зӕгъгӕ (Рац. 34:6). Мах дӕр Йегъовӕйау мӕсты кӕнынмӕ тагъд куы нӕ кӕнӕм ӕмӕ нын уый хуызӕн фӕлмӕн удыхъӕд куы уа, уӕд уый уыдзӕн зондыл дзурӕг, ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Еф. 5:1).

Ацы дуне у карз, тызмӕг. Адӕмӕй бирӕтӕ сты «хиппӕлой, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фауынц... иннӕты фыдкой кӕнынц, хиуыл хӕцын нӕ зонынц, сты ӕгъатыр» (2 Тим. 3:2, 3). Фӕлӕ уӕддӕр чырыстӕттӕ хъуамӕ фӕлмӕн удыхъӕдыл кусой. Хуыцауы Ныхасы фыст ис, зӕгъгӕ, «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» у «фарнуарзаг, ӕмбаргӕ» (Иак. 3:17). Фарнуарзаг ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауӕй ӕрцӕугӕ зондӕй хайджын кӕй стӕм. Ӕмӕ нӕ исчи куы смӕсты кӕна, уӕддӕр-иу уыцы зонды фӕрцы фӕлмӕнӕй дзуапп ратдзыстӕм. Стӕй ма уый фӕрцы ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм Йегъовӕмӕ – ӕнӕкӕрон зонды хицау чи у, уыцы Хуыцаумӕ.

Нӕ удыхъӕд фӕлмӕн цӕй фӕрцы суыдзӕн

Исчи дӕ куы ’фхӕра кӕнӕ демӕ тызмӕг ныхас куы кӕна, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхиуыл хӕцай ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ бакӕнай? Лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ацы ахсджиаг уагӕвӕрдтыл.

  1. 1 АЦЫ ДУНЕЙЫ ЗОНДӔЙ ДӔХИ ХИЗ. Бирӕтӕ фӕлмӕн удыхъӕд нымайынц лӕмӕгъдзинадыл. Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, тыхджын адӕймаг хъуамӕ уа ныфсхаст, йӕхицӕй ныфсджын ӕмӕ хъӕддыхӕй архайа. Фӕлӕ ахӕм зондахаст уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зондыл дзурӕг нӕу. Уый у ацы дунейы зонд (1 Кор. 2:12). Библи бӕлвырд ӕвдисы, фӕлмӕн удыхъӕдӕн стыр тых кӕй ис. «Фӕразондзинад ӕрфӕлмӕн кӕны хицауы зӕрдӕ дӕр, ӕмӕ фӕлмӕн ӕвзаг стӕг дӕр асӕтты» (Ӕмб. 25:15).

    Ахъуыды кӕн:

    Фӕлмӕн удыхъӕд кӕмӕн ис, уый тыхджын адӕймагыл нымайын ӕви лӕмӕгъ?

    «Тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй» мӕхи хизын, зӕгъӕм, архайын, цӕмӕй-иу мӕстӕй ма рафыцон ӕмӕ ма хыл кӕнон? (Гал. 5:19, 20).

  2. 2 ФЫЦЦАГ УАЛ-ИУ АХЪУЫДЫ КӔН. «Рӕстгӕнӕджы зӕрдӕ дзуапп раттыны размӕ дзӕбӕх ахъуыды кӕны, фыдгӕнджыты дзыхӕй та ӕвзӕрдзинад йеддӕмӕ ницы цӕуы» (Ӕмб. 15:28). Адӕймаг мӕстыйӕ истытӕ куы фӕзӕгъы, уӕд йӕ ныхӕстыл уый фӕстӕ тынг фӕфӕсмон кӕны. Фӕлӕ уал-иу исты зӕгъыны размӕ куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нын фадат уыдзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ ӕрцӕуӕм, фӕлмӕнӕй дзуапп раттӕм ӕмӕ ма адӕймаджы зӕрдӕ дӕр ӕрфӕлмӕн кӕнӕм.

    Ахъуыды кӕн:

    Мӕхи куы нӕ бауромон, уӕд мыл уый куыд фӕзындзӕн?

    Фарн бахъахъхъӕныны тыххӕй мӕ бон нӕ уаид, исчи мӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд ӕй мацӕмӕ ӕрдарон? (Ӕмб. 19:11).

  3. 3 АРӔХ КУВ. Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг тых кур. Уый у дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тых (Лук. 11:13). Рох дӕ ма уӕд, фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ хиуылхӕцындзинад дӕр кӕй сты, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ чи хауы, уыцы миниуджытӕй. Адольфо зӕгъы: «Стыр ӕххуыс мын у, ӕдзухдӕр Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувын, уый, уӕлдайдӕр, хиуыл фӕхӕцын кӕм фӕхъӕуы, ахӕм уавӕрты». Уӕдӕ мах дӕр Йегъовӕмӕ ӕппынӕдзух куы кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых зӕрдиагӕй куы курӕм, уӕд нын нӕ куывдтытӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн (Ром. 12:12).

    Ахъуыды кӕн:

    Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр фӕкувын, цӕмӕй мын мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕса ӕмӕ, цӕмӕн рамӕсты вӕййын, уый мын бамбарын кӕна?

    Фӕзӕгъын ын, цӕмӕй мын йӕ сыгъдӕг тых ӕмӕ зонд ратта ӕмӕ мӕ бон уа, йӕ зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ бакӕнын? (Пс. 139:23, 24; Иак. 1:5).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын