«Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» алкӕддӕр рахӕссы раст тӕрхон
«Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст» (ДЫК. З. 32:4).
1. Авраам куыд равдыста, Йегъовӕ алкӕддӕр раст тӕрхон кӕй рахӕссы, уый йӕ фидарӕй кӕй уырныдта? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
ИУХАТТ Авраам Йегъовӕйы бафарста: «Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?» (Райд. 18:25). Авраамы фидарӕй уырныдта, Йегъовӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕн раст тӕрхон кӕй рахӕсдзӕн ӕмӕ йӕ тӕрхонмӕ фау ӕрхӕссӕн кӕй нӕ уыдзӕн. Уый зыдта, Йегъовӕ афтӕ кӕй никуы бакӕндзӕн, цӕмӕй, «фыдгӕнӕджы сӕр цы баййафа, уый баййафа рӕстгӕнӕджы сӕр дӕр». Уый йӕ уырнгӕ дӕр никуы бакодтаид. Уымӕй 400 азы фӕстӕ Йегъовӕ йӕхи тыххӕй Моисейӕн афтӕ ныффыссын кодта: «Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау» (Дык. з. 31:19; 32:4).
2. Уый гӕнӕн цӕуылнӕ ис, ӕмӕ Йегъовӕ, раст цы нӕу, уый сараза?
2 Цымӕ Авраамы фидарӕй цӕмӕн уырныдта, Йегъовӕ алкӕддӕр раст тӕрхон кӕй хӕсдзӕн? Раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый Йегъовӕ скъуыддзаг кӕны. Йегъовӕ алцыдӕр раст фӕаразы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ тӕрхон дӕр алкӕддӕр вӕййы раст. Библийы фыст ис: «Уый уарзы рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон» (Пс. 33:5).
3. Абон дунейы цавӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
3 Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы ӕмӕ йӕм хӕрамӕй кӕй ницы ис, уый адӕймаджы стыр ныфс уадзы. Ацы дунейы рӕстдзинад нӕй, адӕм арӕх фӕкӕнынц хӕрам хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, бирӕты фӕаххосджын кодтой, кӕй нӕ ракодтой, ахӕм фыдракӕндты, ӕмӕ сӕ ахӕстӕтты сбадын кодтой. Кӕйдӕрты дзы ӕппынфӕстаг ӕнаххосыл банымадтой, ДНК-йы анализ сын куы скодтой, уый фӕстӕ. Фӕлӕ уал уӕдмӕ бирӕ азтӕ ахӕстоны арвыстой. Ахӕм хабӕртты тыххӕй адӕм фӕфыдӕнхъӕл вӕййынц ӕмӕ стызмӕг вӕййынц. Фӕлӕ ма чырыстӕттӕ бахауынц ӕндӕр уавӕры дӕр, ӕмӕ уый ноджы зындӕр сфӕразӕн вӕййы.
ӔМБЫРДЫ ИСЧИ ӔНАХХОСӔЙ ӔФХӔРД КУЫ ӔЙЙАФА
4. Чырыстоны уырнындзинадӕн фӕлварӕн цы свӕййы?
4 Чырыстӕттӕ ӕмбарынц, ацы дунейы адӕмы хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй хатт ӕнаххосӕй ӕфхӕрд дӕр кӕй ӕййафдзысты. Фӕлӕ сӕм афтӕ куы фӕкӕсы, ӕмӕ ахӕм хабӕрттӕ ӕмбырды дӕр ис, уӕд уый сӕ уырнындзинадӕн фӕлварӕн свӕййы. Дӕуыл дӕр ахӕм хабар куы ’рцӕуа, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Цӕлхдур дын суыдзӕн?
5. Ӕмбырды исчи искӕмӕн маст куы бавзарын кӕна кӕнӕ исчи нӕ хъыджы куы бацӕуа, уӕд-иу ӕй цӕуылнӕ хъуамӕ ныддиссаг кӕнӕм?
5 Не ’ппӕт дӕр ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ арӕх рӕдийӕм. Ӕмӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ нын ӕмбырды исчи ӕппын ницӕй тыххӕй маст бавзарын кӕна кӕнӕ та нӕхӕдӕг дӕр искӕй хъыджы бацӕуӕм (1 Иоан. 1:8). Ахӕм хабӕрттӕ арӕх не ’рцӕуы, фӕлӕ куы ’рцӕуынц, уӕддӕр сӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ нӕ ныддиссаг кӕнынц ӕмӕ сын цӕлхдур не свӕййынц. Ӕфсымӕртӕй кӕнӕ хотӕй исчи нӕ хъыджы куы бацӕуа, уӕддӕр-иу хъуамӕ иузӕрдионӕй баззайӕм. Ӕмӕ нын уымӕн баххуыс кӕндзысты, Йегъовӕ Библийы цы уынаффӕтӕ радта, уыдон (Пс. 55:12–14).
6, 7. Иу ӕфсымӕрӕн ӕмбырды маст куыд бавзарын кодтой ӕмӕ йын уыцы уавӕры цавӕр миниуджытӕ баххуыс кодтой?
6 Ӕркӕсӕм-ма ӕфсымӕр Вилли Дилы хабармӕ. 1931 азӕй фӕстӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кодта Швейцарийы Вефилы, Берны. 1946 азы йӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 8-ӕм къласмӕ (штат Нью-Йорк, АИШ). Куы йӕ фӕци, уӕд ӕй снысан кодтой районон цӕстдарӕгӕй Швейцаримӕ. Ӕфсымӕр Диль йӕ биографийы дзуры, зӕгъгӕ, 1949 азы майы Швейцарийы филиалӕн фӕхабар кодтон, ус ракурынвӕнд кӕй кӕнын. Уӕд ын бӕрнон ӕфсымӕртӕ загътой, йӕ хӕстӕ йын кӕй исынц. Йӕ бон ма уыди ӕрмӕстдӕр пионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕфсымӕр Диль ма загъта: «Нӕ мын уыд раныхӕстӕ дзурыны бар... Бирӕтӕ нын салам дӕр нал лӕвӕрдтой, цыма нӕ ӕмбырдӕй цух акодтой, афтӕ».
7 Ӕфсымӕр Диль уыцы уавӕры куыд кодта? Уый загъта: «Фӕлӕ йӕ мах зыдтам, бинонтӕ скӕнай, уым Библимӕ гӕсгӕ ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис. Ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрдтам ӕмӕ-иу ӕм куывтам». Ӕппынфӕстаг ӕфсымӕртӕ, Йегъовӕ бинонтӕ скӕнынмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый раст бамбӕрстой, ӕмӕ ӕфсымӕр Дилӕн йӕ хӕстӕ фӕстӕмӕ йӕ бар бакодтой. Йегъовӕ йын йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй раарфӕ кодтаa. Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам: «Мӕнӕн ахӕм маст куы бавзарын кодтаиккой, уӕд ӕз дӕр ахӕм фӕразон разындаин ӕмӕ, Йегъовӕ хъуыддаг кӕй сраст кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастаин? Ӕви мӕ ныфс мӕхиуыл дардтаин ӕмӕ ахӕм хӕрам хъуыддагӕн кӕрон скӕныныл архайдтаин?» (Ӕмб. 11:2; бакӕс Михейы 7:7.)
8. Хатт нӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ нын нӕхи кӕнӕ ӕндӕр кӕйдӕр дзӕгъӕлы бафхӕрдтой?
8 Фӕлӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын ӕмбырды чидӕр ницӕй тыххӕй маст бавзарын кодта йе та хотӕй кӕнӕ ’фсымӕртӕй чидӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафы, уӕд, чи зоны, рӕдийгӕ дӕр кӕныс. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хатт алцы раст нӕ бамбарӕм. Кӕнӕ та, гӕнӕн ис, уыцы хабары тыххӕй алцы ма зонӕм. Уӕдӕ хъуыддаг раст ӕмбарӕм ӕви нӕ, уӕддӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, нӕ зӕрдӕ йыл дарӕм ӕмӕ йыл дарддӕр иузӕрдион уӕм. Ӕмӕ уӕд афтӕ никуы рауайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ смӕсты уӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 19:3.)
9. Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы цавӕр цӕвиттонтӕм ӕркӕсдзыстӕм?
9 Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййӕфтой, ӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕртӕ цӕвиттонмӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм Авраамӕн йӕ фырты фыртыфырт Иосифыл ӕмӕ, йе ’фсымӕрты тыххӕй цы бавзӕрста, ууыл. Иннӕ статьяйы та ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ паддзах Ахавӕн цы тӕрхон рахаста, стӕй апостол Петрыл сириаг Антиохийы цы ’рцыд, уымӕ. Ацы цӕвиттонтыл куы ныхас кӕнӕм, уӕд-иу ахъуыды кӕн, куыд дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй уавӕрмӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсай ӕмӕ дзы ма адард уай.
ИОСИФ ӔНАХХОСӔЙ ӔФХӔРД ӔЙЙӔФТА
10, 11. а) Иосиф цавӕр зындзинӕдтӕ бавзӕрста? б) Иосифӕн ахӕстоны цавӕр фадат фӕци?
10 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иосиф иннӕтӕй бирӕ ӕфхӕрд баййӕфта. Фӕлӕ йын ӕппӕты зындӕр уыди, йе ’фсымӕртӕ йын цы маст бавзарын кодтой, уый. Ӕвддӕс азы йыл куы цыди, уӕд ӕй цагъарӕй ауӕй кодтой. Чи йӕ балхӕдта, уыдон ӕй акодтой Египетмӕ (Райд. 37:23–28; 42:21). Фӕстӕдӕр ӕй уыцы ӕцӕгӕлон бӕстӕйы фӕаххосджын кодтой, сылгоймагӕн тыхми бакӕнынмӕ хъавыд, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг ӕвзаргӕ дӕр нӕ ракодтой, афтӕмӕй йӕ ахӕстоны ныппӕрстой (Райд. 39:17–20). Цагъары ӕмӕ ахст лӕджы уаргъ фӕхаста 13 азы бӕрц. Махӕн дӕр не ’фсымӕртӕй исчи маст куы бавзарын кӕна, уӕд нын Иосифы хабар куыд баххуыс кӕндзӕн?
11 Иосиф ахӕстоны куы уыд, уыцы рӕстӕг уырдӕм бахауд паддзахы сӕндарты хистӕр. Иу ӕхсӕв уыцы лӕг федта фын, ӕмӕ йын ӕй Иосиф Йегъовӕйы фӕрцы афтӕ райхӕлдта: сӕндары ахӕстонӕй рауадздзысты, ӕмӕ та ногӕй фараонӕн лӕггад кӕндзӕн. Иосиф ма уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй сӕндарӕн йӕ хабӕрттӕ ракодтаид. Нӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ зондӕн райсын, Иосиф цы загъта, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ, цы нӕ загъта, уымӕй дӕр (Райд. 40:5–13).
12, 13. а) Иосифӕн йӕ ныфс кӕй нӕ асаст, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? б) Иосиф сӕндарӕн цы нӕ загъта?
12 Бакӕс Райдиан 40:14, 15. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Иосиф афтӕ кӕй загъта, адавтой мӕ, зӕгъгӕ. Йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, чидӕр йӕ ныхмӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзта. Стӕй ма Иосиф комкоммӕ загъта, цы фыдракӕнды йӕ фӕаххосджын кодтой, уыцы фыдракӕнды аххосджын кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕндарӕн загъта, цӕмӕй фараонӕн йӕ кой скодтаид. Йӕ нысан уыд, цӕмӕй йӕ ахӕстонӕй ссӕрибар кодтаиккой.
13 Цымӕ Иосифӕй зӕгъӕн уыд, ӕмӕ йӕ ныфс асаст ӕмӕ ницыуал арӕзта? Нӕ, афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд. Иосиф ӕй зыдта, ахӕм ӕфхӕрд ӕппын ницӕй тыххӕй кӕй ӕййафы. Ӕмӕ йӕ уавӕр дӕр сӕндарӕн уый тыххӕй бамбарын кодта. Ныфс ӕй уыд, кӕй йын баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Иосиф йе фараонӕн, йе ӕндӕр искӕмӕн кӕй загъта, давгӕ йӕ йе ’фсымӕртӕ кӕй акодтой. Фӕстӕдӕр йе ’фсымӕртӕ Египетмӕ куы ’рцыдысты ӕмӕ йемӕ куы бафидыдтой, уӕд сӕм фараон хорз цӕстӕй ракаст ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй Египетмӕ цӕрынмӕ ӕрцыдаиккой. Стӕй ма сын загъта: «Ӕгас Египеты дӕр хорзӕй цы ис, уый сымах уыдзӕн» (Райд. 45:16–20).
Фыдкойӕ стырдӕр арт бандзардзыстӕм (кӕс 14 абзац)
14. Ӕмбырды ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы баййафӕм, уӕд нӕ фыдкой кӕнынӕй цы бахиздзӕн?
14 Кӕд нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ ӕмбырды чидӕр ӕнаххосӕй бафхӕрдта, уӕд хъуамӕ иннӕтӕн йӕ фыдкой ма кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфсымӕр кӕнӕ хо нӕ ныхмӕ уӕззау тӕригъӕд куы сараза, уӕд хъуамӕ уый тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн зӕгъӕм ӕмӕ сӕ ӕххуыс ракурӕм (Лев. 5:1). Фӕлӕ уӕззау тӕригъӕд куы ничи саразы, уӕд арӕхдӕр дыууӕ чырыстонӕн сӕхи бон вӕййы бафидауын, ӕмӕ, се ’хсӕн цы рауад, уый иннӕтӕн, суанг хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр, дзурын нӕ бахъӕуы. (Бакӕс Матфейы 5:23, 24; 18:15.) Уӕдӕ-иу ахӕм уавӕрты иузӕрдион уӕм ӕмӕ-иу Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Иуӕй-иу хатт афтӕ дӕр рауайы, ӕмӕ нӕхӕдӕг цыдӕр раст нӕ бамбӕрстам ӕмӕ уый йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никӕмӕн уыд, цӕмӕй нын ӕвзӕрӕй исты ракӕна. Ӕмӕ уӕд куыд цин кӕндзыстӕм, не ’фсымӕры фыдкой кӕй нӕ фӕкодтам ӕмӕ уымӕй уавӕр кӕй нӕ фӕфыддӕр кодтам, ууыл! Рох нӕ ма уӕд, цыфӕнды раст куы уӕм, уӕддӕр фыдкойӕ кӕй ницы рамбулдзыстӕм. Йегъовӕйыл ӕмӕ не ’фсымӕртыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд ныл ахӕм рӕдыд никуы ’рцӕудзӕн. «Ӕнаипп чи у», уый тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг афтӕ загъта: «Уый йе ’взагӕй нӕ кӕны фыдкой, иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы ӕмӕ йе ’мбалӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ нӕ кӕны» (Пс. 15:2, 3; Иак. 3:5).
ДӔ ЦАРДЫ ӔППӔТЫ АХСДЖИАГДӔР ЧИ У, УЫЙ ДӔ ЗӔРДЫЛ ДАР
15. Иосиф Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй уыд, уый фӕрцы цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын?
15 Иосифӕй ма иу цӕуылдӕр ахуыр кӕнӕм. Ӕртындӕс азы дӕргъы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрста, ӕмӕ бӕрӕг уыд, йӕ уавӕрмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы цӕстӕй кӕй каст (Райд. 45:5–8). Йӕ зындзинӕдты Йегъовӕйы никуы фӕаххосджын кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цытӕ бавзӕрста, уыдӕттӕ дзы рох нӕ уыдысты, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын дӕр нӕ райдыдта. Ӕппӕты ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ иннӕты рӕдыдтытӕ ӕмӕ хъӕндзинӕдтӕ Йегъовӕйӕ нӕ фӕхицӕн кодтой. Иосиф афтӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый фӕрцы йӕхи цӕстӕй федта, Йегъовӕ хъуыддаг йӕхӕдӕг куыд сраст кодта ӕмӕ йын йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр куыд раарфӕ кодта, уый.
16. Ӕмбырды исчи нӕ хъыджы куы бацӕуа, уӕд Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм?
16 Мах дӕр хъуамӕ, Йегъовӕимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уымӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнӕм. Не ’фсымӕрты хъӕндзинӕдтӕ нӕ цӕмӕн хъуамӕ адард кӕной, кӕй уарзӕм ӕмӕ кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцауӕй? (Ром. 8:38, 39). Фӕлӕ ӕмбырды исчи нӕ хъыджы куы бацӕуа, уӕд хъуамӕ Иосифау Йегъовӕмӕ ноджы ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ алцӕмӕ дӕр уый цӕстӕй кӕсӕм. Кӕд хъуыддаг банывыл кӕныны тыххӕй, Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цы ӕмбӕлд, уый сарӕзтам, уӕд дарддӕр хъуамӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакӕнӕм. Уый ӕнӕмӕнг йӕ афоныл алцыдӕр сраст кӕндзӕн, ӕмӕ уый уыдзӕн, йӕхимӕ раст куыд кӕсы, афтӕ.
«ӔГАС ЗӔХХЫ ТӔРХОНГӔНӔГЫЛ» ДӔ ЗӔРДӔ ДАР
17. «Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕгыл» нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
17 Цалынмӕ ацы фыддунейы цӕрӕм, уӕдмӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд дӕр ӕййафдзыстӕм ӕмӕ маст дӕр ӕвзардзыстӕм. Ӕмӕ-иу дӕм, чи зоны, искуы иу хатт афтӕ фӕкӕса, ӕмӕ ӕмбырды дӕр чидӕр ӕнаххосӕй ӕфхӕрд ӕййафы. Фӕлӕ-иу дын уый цӕлхдур ма суӕд (Пс. 119:165). Дарддӕр дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион у, ӕххуысы тыххӕй йӕм кув ӕмӕ йыл дӕ ныфс дар. Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ цыдӕр раст ма бамбарай, стӕй ма, ӕвӕццӕгӕн, хабӕрттӕ иууылдӕр нӕ зоныс. Иосифыл-иу ахъуыды кӕн ӕмӕ-иу макӕй фыдкой кӕн, цӕмӕй уавӕр фыддӕр ма фӕуа. Ӕмӕ хъуыддаг дӕхӕдӕг сраст кӕныныл ма архай, фӕлӕ ӕнхъӕлмӕ кӕс, Йегъовӕ йӕ кӕд сраст кӕндзӕн, уымӕ ӕмӕ йыл иузӕрдион у. Уӕд дӕ Йегъовӕ райгонд уыдзӕн ӕмӕ дын арфӕ кӕндзӕн, Иосифӕй райгонд куыд уыд ӕмӕ йын куыд арфӕ кодта, афтӕ. Дӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг» алкӕддӕр раст тӕрхон кӕй хӕсдзӕн, уымӕн ӕмӕ «йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст» (Райд. 18:25; Дык. з. 32:4).
18. Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
18 Иннӕ статьяйы ма ӕркӕсдзыстӕм Библийӕ ноджыдӕр дыууӕ цӕвиттонмӕ. Уыцы цӕвиттонты фӕрцы фендзыстӕм, сӕрныллӕг куы уӕм ӕмӕ иннӕтӕн хатыр кӕнын куы зонӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм.
a Кӕс Вилли Дилы биографи статьяйы «Иегова – мой Бог, на которого я уповаю», 1991 азы 1 ноябры «Сторожевая башня».