Йегъовӕйы хицаудзинады фарс у!
«О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд» (РАРГ. 4:11).
1, 2. Алкӕй дӕр нӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)
АЙРАЗМӔЙЫ статьяйы дзырд цыди, Хӕйрӕг афтӕ кӕй зӕгъы, ӕмӕ, дам, Йегъовӕйӕн уый бар нӕй, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа. Стӕй, дам, адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн куы уой хицӕуттӕ, уӕд амондджындӕр уыдзысты. Фӕлӕ цымӕ Хӕйрӕджы ныхӕстӕ раст сты? Иу гыццыл-ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, куыд уаид, адӕм сӕхӕдӕг сӕхицӕн хицӕуттӕ куы уаиккой ӕмӕ афтӕмӕй ӕнустӕм куы цӕриккой. Ӕнӕ Хуыцауы хицаудзинадӕй амондджындӕр уаиккой? Дӕхицӕй та цы зӕгъис: амондджындӕр уаис, ӕнустӕм куы цӕрис, фӕлӕ дӕм Хуыцау ӕппындӕр куы ницы бар дарид, уӕд?
2 Нӕ бӕсты ацы фарстатӕн дзуапп ничи ратдзӕн. Алчидӕр сыл йӕхӕдӕг хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна. Ӕмӕ уӕд бамбардзыстӕм, Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй ӕмӕ уый аккаг кӕй у, цӕмӕй йӕ фарс уӕм. Уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уымӕн Библийы ис фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, цы фыст дзы ис, Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уый тыххӕй.
ЙЕГЪОВӔЙӔН ИС БАР, ЦӔМӔЙ ХИЦАУ УА
3. Йегъовӕйӕн цӕмӕн ис уый бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа?
3 Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа, уымӕн ӕмӕ уый у ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ Сфӕлдисӕг (1 Аз. 29:11; Хъуыд. 4:24). Раргомады 4:11 стихы ӕвдыст у, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 мины цӕстылуайӕны афтӕ кӕй дзурынц: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ кад ӕмӕ намысы аккаг, уымӕн ӕмӕ ды дӕ стыр тыхы хицау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай ӕмӕ ӕппӕт дӕр дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ ис ӕмӕ фӕзынд». Ӕппӕт дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ ис бар, цӕмӕй, зӕххыл дӕр ӕмӕ уӕлӕрвты дӕр чи ис, уыдонӕн Хицау уа.
4. Кӕд сӕрибар стӕм, уӕддӕр нын цӕуылнӕ ис бар, цӕмӕй Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ цӕуӕм?
4 Хӕйрӕг ӕппындӕр ницы сфӕлдыста, ӕмӕ, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын нӕй. Хӕйрӕг ӕмӕ фыццаг дыууӕ адӕймаджы Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕй равдыстой, сӕхиуыл кӕй фервӕссыдысты (Йер. 10:23). Сӕрибар кӕй уыдысты, уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сын уыди бар, цӕмӕй Йегъовӕйы ныхмӕ рацӕуой. Сӕрибардзинады фӕрцы адӕймагӕн ис уынаффӕтӕ хӕссыны бар, фӕлӕ йе Сфӕлдисӕджы, Йегъовӕйы, ныхмӕ рацӕуа, уый бар ын нӕй. Фидарӕй зӕгъӕн ис: Хуыцауы ныхмӕ чи цӕуы, уый йӕ сӕрибардзинадӕй раст нӕ пайда кӕны. Адӕмӕн хъуамӕ Йегъовӕ уа сӕ Хицау ӕмӕ сын разамынд хъуамӕ уый дӕтта.
5. Хуыцау цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон алкӕддӕр раст цӕмӕн вӕййынц?
5 Йегъовӕйӕн ма ноджыдӕр цӕмӕн ис бар, цӕмӕй Хицау уа? Уый алкӕддӕр архайы рӕстӕй. Афтӕ зӕгъы: «Ӕз... дӕн Йегъовӕ ӕмӕ зӕххыл ӕнувыд уарзт, раст тӕрхон ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ... архайын, уымӕн ӕмӕ мын уыдон сты ӕхсызгон» (Йер. 9:24). Йегъовӕйы нӕ хъӕуынц ӕнӕххӕст адӕмы закъӕттӕ, цӕмӕй сбӕлвырд кӕна, раст цы у ӕмӕ цы нӕу. Ӕцӕг рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон цы у, уый йӕхӕдӕг дзуры. Ӕмӕ йӕхи домӕнтӕм гӕсгӕ адӕмӕн радта закъӕттӕ. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Дӕ паддзахбадӕн лӕууы рӕстдзинадыл ӕмӕ раст тӕрхоныл». Уымӕ гӕсгӕ йӕ алы закъон дӕр, алы уагӕвӕрд дӕр ӕмӕ йӕ алы уынаффӕ дӕр у раст (Пс. 89:14; 119:128). Хӕйрӕг афтӕ зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕ рӕстӕй нӕ архайы. Фӕлӕ цымӕ йӕхицӕн та йӕ бон баци, алкӕддӕр рӕстдзинад кӕм уа, ахӕм дуне саразын?
6. Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын ноджыдӕр цӕмӕн ис?
6 Йегъовӕмӕ ис зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад, ӕмӕ йӕ бон у ӕнӕхъӕн дунейыл дӕр батыхсын. Ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ дӕр ис бар, цӕмӕй Хицау уа. Ахъуыды-ма кӕнӕм, йӕ Фыртӕн цы хъомыс радта, ууыл. Йесойӕн йӕ бон уыди сдзӕбӕх кӕнын, иу дохтырӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕ уыд сдзӕбӕх кӕнын, ахӕм низтӕ (Матф. 4:23, 24; Мар. 5:25–29). Махмӕ уыдӕттӕ диссаг кӕсынц, фӕлӕ Йегъовӕмӕ та нӕ кӕсынц. Нӕ буар куыд конд у, уый хорз зоны, ӕмӕ нӕ цӕмӕйфӕнды дӕр у йӕ бон сдзӕбӕх кӕнын. Йӕ бон ма у суанг мӕрдты дӕр райгас кӕнын ӕмӕ афтӕ бакӕнын, цӕмӕй ӕрдзон бӕллӕхтӕ мауал уа.
7. Йегъовӕйы зонд куыд хицӕн кӕны Хӕйрӕджы дунейы адӕмы зондӕй?
7 Хӕйрӕджы дунейы чи цӕры, уыцы адӕмӕн сӕ бон нӕу афтӕ скӕнын, цӕмӕй иу бӕстӕйы мидӕг кӕнӕ цалдӕр бӕстӕйы ’хсӕн фарн уа. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕмӕ ис ахӕм зонд (Ис. 2:3, 4; 54:13). Йегъовӕйы зонд ӕмӕ зонындзинӕдтыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр фӕфӕнды апостол Павелау зӕгъын: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (Ром. 11:33).
ЙЕГЪОВӔ У ӔППӔТЫ ХУЫЗДӔР ХИЦАУ
8. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд дӕтты, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
8 Уӕдӕ Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа. Уымӕй уӕлдай ма бӕрӕг у, ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у, уый дӕр, уымӕн ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдонӕн разамынд дӕтты уарзгӕйӕ. Йегъовӕ у «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст». Ӕмӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ зӕрдӕтӕ бацагайы (Рац. 34:6). Хуыцау йӕ адӕмӕн куыд у, уымӕй бӕрӕг у, кӕй сын аргъ кӕны ӕмӕ сӕ кӕй нымайы. Суанг ма ныл нӕхицӕй дӕр хуыздӕр тыхсы. Хӕйрӕг зӕгъы, зӕгъгӕ нӕ Хуыцау хорз цыдӕртӕ ӕмбӕхсы, фӕлӕ уый мӕнг ныхас у. Афтӕ куы уаид, уӕд цымӕ мах тыххӕй йӕ зынаргъ Фырты раттаид, цӕмӕй нӕ бон ӕнустӕм цӕрын уа? (Бакӕс Псалом 84:11; Ромӕгтӕм 8:32.)
9. Йегъовӕ алы адӕймагыл дӕр хицӕнӕй кӕй тыхсы, уый кӕцӕй зонӕм?
9 Йегъовӕ йӕ адӕмы ӕмткӕй райсгӕйӕ бирӕ уарзы. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай тынг фӕтыхсы йӕ алы лӕггадгӕнӕгыл дӕр хицӕнӕй. Зӕгъӕм, раджы заманты Йегъовӕ ӕртӕсӕдӕ азы бӕрц йӕ адӕмӕн разамынд лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджыты уылты ӕмӕ-иу сын уыдоны уылты се знӕгты сӕ къухмӕ радта. Фӕлӕ-иу уыцы рӕстӕг дӕр Йегъовӕ йе ’ргом здӕхта хицӕн адӕймӕгтӕм дӕр. Уыдонӕй иу уыд Руф. Кӕд Руф израилаг нӕ уыд, уӕддӕр бирӕ цыдӕртӕ ныууагъта, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суыдаид. Йегъовӕ Руфӕн раарфӕ кодта: радта йын цардӕмбал ӕмӕ фырт. Уымӕй уӕлдай ма Мессийӕ уыд йӕ фырты байзӕддӕгтӕй. Стӕй ма Йегъовӕ Руфы царды хабӕрттӕ ныффыссын кодта Библийы ӕмӕ уыцы чиныг схуыдта йӕ номӕй. Ахъуыды-ма кӕн, ног дунейы Руф куы райгас уа ӕмӕ уыдӕттӕ куы базона, уӕд ын куыд ӕхсызгон уыдзӕн (Руф 4:13; Матф. 1:5, 16).
10. Цӕуылнӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ ӕгъатыр хицау у?
10 Йегъовӕ ӕгъатыр хицау нӕу. Йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон сты сӕрибар ӕмӕ амондджын (2 Кор. 3:17). Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Йӕ разы – кад ӕмӕ намыс, йӕ цӕрӕнбынаты – хъару ӕмӕ циндзинад» (1 Аз. 16:7, 27). Псаломзарӕггӕнӕг Ефан та ныффыста: «Амондджын сты, цины хъӕр цы у, уый чи зоны, уыцы адӕм. О Йегъовӕ, уыдон цӕуынц дӕ цӕсгомы рухсы. Ӕнӕхъӕн бон дӕ ном у сӕ цин. Дӕ рӕстдзинад сӕ сбӕрзонд кодта» (Пс. 89:15, 16).
11. Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр кӕй нӕй, уый нӕ тынгдӕр цӕй фӕрцы бауырндзӕн?
11 Йегъовӕ куыд хорз у, ууыл цас фылдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, уыйас нӕ тынгдӕр фӕуырны, Йегъовӕйӕ хуыздӕр Хицау кӕй нӕй. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон вӕййы псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Иу бон дӕ кӕртыты – уый хуыздӕр у мин бонӕй ӕндӕр искуы» (Пс. 84:10). Йегъовӕ нӕ йӕхӕдӕг сфӕлдыста ӕмӕ йӕ бӕлвырдӕй зоны, амондджын цӕй фӕрцы уыдзыстӕм, уый. Уый у рӕдау Хуыцау, ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уымӕй нын бирӕ фылдӕр дӕтты. Ӕмӕ нӕ цыфӕнды ма дома – алцыдӕр у нӕхи пайдайӕн. Суанг нӕ нӕхи истӕмӕйты фӕцух кӕнын дӕр куы хъӕуа, уӕддӕр Йегъовӕмӕ куы хъусӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын. (Бакӕс Исайы 48:17.)
12. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс сӕйраджыдӕр цӕмӕн стӕм?
12 Библийӕ нӕ бон у базонын, Чырыстийы миназон хицаудзинады кӕрон чидӕртӕ Йегъовӕйы ныхмӕ кӕй рацӕудзысты (Рарг. 20:7, 8). Афтӕ цӕмӕн бакӕндзысты? Уыцы рӕстӕг Хӕйрӕг архайдзӕн, цӕмӕй та адӕм сӕ хиуарзон фӕндты фӕдыл цӕуын райдайой. Уый алкӕддӕр афтӕ архайдта. Чи зоны та адӕмы ахӕм хъуыдыйыл баууӕндын кӕна, зӕгъгӕ, ӕнӕ Хуыцауӕй дӕр ӕнустӕм ис цӕрӕн. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн никуы уыдзӕн. Хорз уаид, куы ахъуыды кӕниккам ахӕм фарстайыл: «Ӕз ахӕм гӕдыныхасыл баууӕндин?» Йегъовӕйы куы уарзӕм ӕмӕ, уымӕй хуыздӕр Хуыцау кӕй нӕй, уый нӕ фидарӕй куы уырна, стӕй, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд нын ахӕм ныхӕстӕ ӕлгъаг уыдзысты. Мах фӕнддзӕн ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы хицаудзинады дӕлбар цӕрын, уымӕн ӕмӕ уый у уарзӕгой Хуыцау.
ЙЕГЪОВӔЙЫ ХИЦАУДЗИНАДЫ ФАРС У ӔМӔ У ИУЗӔРДИОН
13. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?
13 Йегъовӕ уый аккаг у, цӕмӕй алкӕддӕр йӕ хицаудзинады фарс уӕм. Куыд федтам, афтӕмӕй йын ис уый бар, цӕмӕй Хицау уа, стӕй уымӕй хуыздӕр Хицау нӕй. Йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, иузӕрдионӕй йын куы лӕггад кӕнӕм, уымӕй. Стӕй йӕ куы фӕзмӕм, уымӕй дӕр бӕрӕг уыдзӕн, разамынд куыд дӕтты, уый нӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:1, 2.)
14. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ бинонты хистӕртӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?
14 Мах Библийӕ зонӕм, Йегъовӕ уарзӕгой Хицау кӕй у. Бинонты хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйы куы фӕзмой ӕмӕ иннӕтимӕ тызмӕг куы нӕ уой, стӕй сӕ ӕгӕр бирӕ куы нӕ домой, уӕд зӕгъӕн уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы сӕ Хицауыл нымайынц. Апостол Павел ӕппӕт тыхтӕй архайдта Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты фӕзмыныл (1 Кор. 11:1). Павел-иу иннӕтӕй ӕгӕр бирӕ нӕ домдта ӕмӕ-иу сын, раст цы у, уый тыххӕй нӕ аразын кодта, фӕлӕ-иу сӕ уымӕ фӕлмӕнӕй разӕнгард кодта (Ром. 12:1; Еф. 4:1; Филим. 8–10). Афтӕмӕй Павел фӕзмыдта Йегъовӕйы. Ӕмӕ мах дӕр Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты кӕй уарзӕм, уымӕй.
15. Йегъовӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?
15 Йегъовӕ нын разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоны куы нымайӕм ӕмӕ семӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд уымӕй дӕр ӕвдисдзыстӕм, йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ кӕд, цы уынаффӕ рахастой, уый кӕронмӕ не ’мбарӕм кӕнӕ алцӕуыл разы не стӕм, уӕддӕр сӕм хъусдзыстӕм. Йегъовӕйы йӕ Хицауыл чи нымайы, уыдоны хъӕуы афтӕ кӕнын, кӕд ацы дунейы адӕм бынтон ӕндӕрхуызон архайынц, уӕддӕр (Еф. 5:22, 23; 6:1–3; Дзут. 13:17). Коммӕгӕс куы уӕм, уӕд уый уыдзӕн ӕрмӕстдӕр нӕ пайдайӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕрмӕст нӕ хорз фӕнды.
16. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый нӕ уынаффӕтӕй куыд уыдзӕн бӕрӕг?
16 Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй стӕм, уый ма нӕ бон у равдисын, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уымӕй дӕр. Йегъовӕ нын царды алы фӕзилӕны бӕлвырдӕй нӕ фӕзӕгъы, куыд хъӕуы бакӕнын, фӕлӕ дзуры, цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый. Ӕмӕ уый фӕрцы бамбарӕм, куыд хъуамӕ бакӕнӕм, уый. Зӕгъӕм, чырыстӕттӕн гӕххӕттыл нӕ ныффыста, цавӕр дзаумӕттӕ хъуамӕ дарой, фӕлӕ сын ӕмбарын кӕны, хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй хъуамӕ уой (1 Тим. 2:9, 10). Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ уынаффӕтӕ иннӕтыл куыд фӕзынынц, уый (1 Кор. 10:31–33). Уынаффӕ хӕсгӕйӕ, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, йӕ хицаудзинады фарс кӕй стӕм.
Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй дӕ, уый бӕрӕг уӕд дӕ уынаффӕтӕй ӕмӕ дӕ бинонты цардӕй (кӕс 16–18 абзацтӕ)
17, 18. Лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй сты, уый?
17 Ӕркӕсӕм, лӕг ӕмӕ усӕн сӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы хицаудзинады фарс кӕй сты, уый. Зӕгъӕм, сӕ бинонты цард, куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ нӕ рауад, кӕнӕ суанг стыр зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлынц. Ахӕм бинонтӕн сӕ бон у ахъуыды кӕнын, Йегъовӕ рагон Израилӕн куыд уыд, ууыл. Йегъовӕ йӕхи хуыдта сӕ сӕрыхицау (Ис. 54:5; 62:4). Израилы адӕм Йегъовӕйы бирӕ хӕттыты фӕфыдӕнхъӕл кодтой, нӕ уыд зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕимӕ «а» ӕмӕ «о»-йӕ цардысты. Фӕлӕ сыл Йегъовӕ уыцы тӕккӕ йӕ къух нӕ ауыгъта. Ногӕй ӕмӕ та-иу сын ногӕй сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта ӕмӕ сын зӕрдӕ цӕмӕйдӕриддӕр бавӕрдта, уыдон сӕххӕст кодта. (Бакӕс Псалом 106:43–45.)
18 Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы бинонтӕ архайынц, цӕмӕй йӕ фӕзмой. Ӕмӕ сын кӕд зындзинӕдтӕ дӕр вӕййы, уӕддӕр нӕ фӕархайынц, цӕмӕй ахицӕн уой, Библимӕ гӕсгӕ сын уый бар куы нӕ уа, уӕд. Уыдон зонынц, Йегъовӕ бинонты цардмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй лӕг ӕмӕ ус «баиу» уой, кӕрӕдзийыл «баныхӕсой». Адӕймагӕн йӕ цардӕмбалмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссын йӕ бон куы нӕ уа, уӕд ын Библимӕ гӕсгӕ уый бар нӕй, цӕмӕй дзы ахицӕн уа ӕмӕ ногӕй смой кӕна кӕнӕ ус ракура (Матф. 19:5, 6, 9). Чырыстӕттӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразынц, цӕмӕй сӕ бинонты цард амондджын уа, уӕд афтӕмӕй вӕййынц Йегъовӕйы хицаудзинады фарс.
19. Куы фӕрӕдийӕм, уӕд-иу хъуамӕ цы саразӕм?
19 Не ’ппӕт дӕр стӕм ӕнӕххӕст ӕмӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм. Йегъовӕ уый зоны, ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй Чырыстийы нывондӕн радта. Уымӕ гӕсгӕ, куы фӕрӕдийӕм, уӕд-иу хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын ныххатыр кӕна (1 Иоан. 2:1, 2). Дӕ рӕдыды тыххӕй-иу ӕдзух дӕхи ма хӕр, фӕлӕ-иу ахъуыды кӕн, зондӕн дзы цы райсай, ууыл. Йегъовӕимӕ ’ввахс хӕлӕрттӕ куы уӕм, уӕд нын хатыр кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу нӕ хъӕдгӕмттӕ байгас уой ӕмӕ йын дарддӕр лӕггад кӕнӕм (Пс. 103:3).
20. Йегъовӕйы хицаудзинады фарс цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
20 Ног дунейы алкӕмӕн дӕр Хицау уыдзӕн Йегъовӕ, ӕмӕ йын се ’ппӕт дӕр йӕ рӕстаг уагӕвӕрдтӕ базондзысты ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрдзысты (Ис. 11:9). Фӕлӕ нӕ абон дӕр цас цӕуылдӕрты ахуыр кӕны! Тагъд Йегъовӕйы хицаудзинад ничиуал дзырддаг кӕндзӕн. Уӕдӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕмӕ хъусӕм ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс уӕм, стӕй йын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй йӕ алы хъуыддаджы дӕр фӕзмӕм.