Разныхас
Хуыцау дыл ӕцӕгдӕр тыхсы?
Исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы кӕнӕ адӕймаг куы фӕхъизӕмар кӕны ӕмӕ куы амӕлы, уӕд, чи зоны, фӕхъуыды кӕнӕм, цымӕ Хуыцау кӕдӕм кӕсы кӕнӕ ныл ӕцӕгдӕр тыхсы, зӕгъгӕ. Библийы фыст ис:
«Йегъовӕйы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ йӕ хъустӕ – сӕ зӕрдиаг куывдтытӕм. Ӕвзӕрдзинад чи аразы, уыдонӕн та Йегъовӕ сӕ ныхмӕ у» (1 Петры 3:12).
Ацы брошюрӕйӕ базонӕн ис, Хуыцау нын куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ не ’ппӕт бӕллӕхтӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый.