Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp19 № 2 10–11 фф.
  • Уӕззау низӕй рынчын куы уай

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕззау низӕй рынчын куы уай
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ИУӔЙ-ИУТӔН ЦЫ БАХХУЫС КОДТА
  • Бинонтӕй исчи рынчын куы уа
    Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у
  • Дӕ Хуыцау Йегъовӕ дын тынг аргъ кӕны!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2021
  • Психикӕимӕ баст низ кӕмӕ ис, уымӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2023
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2019
wp19 № 2 10–11 фф.

Уӕззау низӕй рынчын куы уай

«Дохтыр мын куы загъта, мӕ рӕуджыты ӕмӕ мӕ тъӕнгты рак кӕй ис, уӕд ахъуыды кодтон, ӕнӕмӕнг кӕй амӕлдзынӕн. Фӕлӕ хӕдзармӕ куы ӕрбацыдтӕн, уӕд ахъуыды кодтон: „Мӕ хабар афтӕ кӕй уыдзӕн, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн, фӕлӕ уӕддӕр мӕ бон у исты аразын, цӕмӕй ацы уавӕры мӕ къухтӕ ма ’руадзон“» (Линдӕ, 71 азы).

«Цы низ мӕм уыди, уый мын мӕ цӕсгомы галиу фарсы нерв бахъыгдардта ӕмӕ мын тынг рыст. Уыцы рыстыты тыххӕй-иу мӕхимӕ ныхъхъуыстон. Бирӕ хӕттыты мӕм афтӕ каст, ӕмӕ никӕй хъӕуын ӕмӕ-иу суанг мӕхи амарыныл дӕр хъуыды кодтон» (Элис, 49 азы).

Нӕлгоймаг инвалиды коляскӕйы бады, йӕ разы та, чи йӕ уарзы, уыцы адӕм

КӔД дӕхӕдӕг кӕнӕ кӕй уарзыс, ахӕм адӕймаг мӕлӕтдзаг низӕй фӕрынчын, уӕд зоныс, уый куыд зын у. Адӕймаджы ӕрмӕст йӕ низимӕ тох кӕнын нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ ма йӕ хъуыдытимӕ дӕр. Адӕймаг тынгдӕр тӕрсын ӕмӕ мӕт кӕнын райдайы, дохтыртӕм цӕуын ӕй кӕй фӕхъӕуы, хос кӕныны мадзӕлттӕ ссарын зын кӕй вӕййы кӕнӕ йӕм фаг ӕхца кӕй нӕ вӕййы, йе та хосты фӕстӕ йӕхи ӕвзӕр кӕй фӕхаты, уый тыххӕй. Уӕззау низ ӕмӕ алыхуызон хъуыдытӕ адӕймаджы ныфс асӕттынц.

Нӕ бон кӕм у ӕххуыс ссарын? Бирӕтӕн стыр удӕнцой хӕссы, Хуыцаумӕ кӕй фӕкувынц ӕмӕ сӕ чи бафидар кӕны, Библийы ахӕм стихтӕ кӕй фӕкӕсынц. Стӕй ма адӕймагӕн стыр ӕххуыс вӕййы, йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ йӕ фарсмӕ кӕй балӕууынц, уый дӕр.

ИУӔЙ-ИУТӔН ЦЫ БАХХУЫС КОДТА

58 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм нӕлгоймаг, Роберт, зӕгъгӕ, загъта: «Хуыцауыл ӕууӕнд ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн дӕ низимӕ тох кӕнын. Йегъовӕмӕ кув. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын дзур. Кур дзы йӕ сыгъдӕг тых. Кур дзы тыхтӕ, цӕмӕй дын раст зӕрдӕйы уаг уа ӕмӕ дӕ бинонты ныфс ма асӕтта, ӕмӕ дӕ низимӕ тох кӕнын фӕразай».

Роберт ма загъта: «Стыр ӕххуыс ма у, дӕ бинонтӕ дӕ куы ӕмбарой ӕмӕ дыл куы тыхсой. Алы бон дӕр мӕм сӕ исчи ӕрбадзуры ӕмӕ мӕ бафӕрсы, куыд дӕ, зӕгъгӕ. Ме ’мбӕлттӕ дӕр мӕ бафидар кӕнынц, кӕд алы рӕтты цӕрынц, уӕддӕр. Ныфс мӕ бауадзынц ӕмӕ уый фӕрцы мӕ къухтӕ не ’руадзын».

Кӕд де ’мбалмӕ рынчынфӕрсӕг фӕцӕуыс, уӕд-ма дӕ хъус ӕрдар Линдӕйы ныхӕстӕм: «Рынчын адӕймаджы нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтӕй хицӕн кӕна ӕмӕ ӕдзух йӕ низы кой кӕна. Уымӕ гӕсгӕ йемӕ ныхас кӕн, иннӕтимӕ цӕуыл фӕныхас кӕныс, ууыл».

Хуыцауы хъаруйы фӕрцы ӕмӕ нын Библи цы удӕнцой дӕтты, стӕй нӕ бинонтӕ ӕмӕ не ’мбӕлтты ӕххуысы фӕрцы нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн ӕмӕ нӕ дарддӕр цӕрын фӕнддзӕн, кӕд уӕззау низимӕ тох кӕнӕм, уӕд дӕр.

Чи дӕ бафидар кӕндзӕн, ахӕм стихтӕ Библийӕ

Хуыцауыл дӕ ныфс дар.

«Ӕз Йегъовӕйы бафарстон, ӕмӕ мын дзуапп радта, цӕмӕй тарстӕн,– алцӕмӕй дӕр мӕ фервӕзын кодта. Уыцы ӕфхӕрд адӕймаг сдзынӕзта, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ фехъуыста» (Псалом 34:4, 6).

Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы сылгоймаг, Линдӕ, загъта: «Афтӕ никуы куывтон, мӕ низӕй мӕ фервӕзын кӕн, зӕгъгӕ. Алы хатт дӕр куывтон, цӕмӕй мын хъарутӕ лӕвӕрдтаид ӕмӕ мӕ низӕн фӕрӕзтаин».

Библи кӕс, цӕмӕй дӕм хъарутӕ уа.

«Ӕмӕ уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24).

Хуыцау зӕрдӕ цы фидӕнӕй ӕвӕры, ууыл хъуыды кӕн, ӕмӕ дын уый хъарутӕ дӕтдзӕн.

Дӕ бинонтӕ ӕмӕ де ’мбӕлттӕй ӕххуыс агур.

«Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17).

Уӕлдӕр кӕй ныхӕстӕ кастыстӕм, уыцы сылгоймаг, Элис, загъта: «Дӕхи иннӕтӕй дард ма лас. Де ’мбӕлтты ӕххуысыл дӕхи ма атигъ кӕн. Иуӕй-иу хатт дӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ никӕй хъӕуыс ӕмӕ дӕ суанг Хуыцау дӕр нӕ хъусы. Фӕлӕ уӕддӕр дӕхи иннӕтӕй дард ма лас».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын