БИОГРАФИ
Цы хъӕздыг бынтӕ мын баззад, уыдоны фӕрцы алкӕддӕр уыдтӕн ӕнтыстджын
САУДАЛЫНДЖЫ лӕууыдыстӕм Нигеры цӕугӕдоны был. Уыцы гуылфгӕнгӕ цӕугӕдонӕн йӕ фӕтӕн у 1,5 километрӕй фылдӕр. Нигерийы уыцы рӕстӕджы цыди мидхӕст, ӕмӕ Нигеры цӕугӕдоны фаллаг фарсмӕ хизын уыд тынг тӕссаг. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр бахъуыд афтӕ бакӕнын, ӕмӕ уымӕй дӕр иу хатт нӕ. Ахӕм уавӕры куыд бахаудтӕн? Уый бамбарын кӕныны размӕ уал уын радзурон, мӕ райгуырды размӕ цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон.
Мӕ фыд, Джон Миллз, 1913 азы Нью-Йорчы 25-аздзыдӕй донаргъуыд райста. Донаргъуыды фӕдыл раныхас уыд ӕфсымӕр Расселлӕн. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ фыд ацыд сакъадах Тринидадмӕ. Уым йӕ цард баиу кодта Констанс Фармеримӕ, зынгзӕрдӕ Библииртасӕгимӕ. Тринидады мӕ фыд йе ’мбалӕн, Уильям Браунӕн, ӕххуыс кодта «Сфӕлдыстады фотодрамӕ» ӕвдисынӕн. Уыцы хъуыддаджы иумӕ архайдтой, цалынмӕ 1923 азы ӕфсымӕр Брауны ӕмӕ йӕ бинойнаджы Ныгуылӕн Африкӕмӕ не снысан кодтой, уӕдмӕ. Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад та дарддӕр лӕггад кодтой Тринидады. Сӕ дыууӕйӕн дӕр уыди уӕлӕрвты цӕрыны ныфс.
НӔ УАРЗӔГОЙ НЫЙЙАРДЖЫТӔ
Мӕ ныййарджытӕн уыд фараст сывӕллоны, ӕмӕ сӕ фыццаг фырты схуыдтой Рутерфорд – уӕд Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты ӕхсӕнады президент чи уыд, уыцы ӕфсымӕры номыл. Ӕз райгуырдтӕн 1922 азы 30 декабры, ӕмӕ мӕн та схуыдтой Вудворд – уӕд журнал «Сызгъӕрин ӕнус»-ы (ныр «Райхъал ут!») редактор чи уыд, уый номыл. Нӕ ныййарджытӕ ууыл батыхстысты, цӕмӕй нӕ алчидӕр скъола каст фӕуыдаид, фӕлӕ нӕ уӕддӕр разӕнгард кодтой, цӕмӕй нын царды ӕппӕты сӕйраг уыдаид Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Мӕ мад тынг хорз арӕхст Библийыл ныхас кӕнынмӕ ӕмӕ фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссынмӕ. Мӕ фыд та уарзта Библийы хабӕрттӕ дзурын, ӕмӕ-иу цы дзырдта, уый-иу ӕвдисгӕ дӕр кодта, ӕмӕ-иу афтӕмӕй уыцы хабӕрттӕ нӕ цӕстыты раз сыстадысты.
Сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци. Фондз ӕфсымӕрӕй ӕртӕйӕ каст фестӕм Галаады скъола. Нӕ хотӕй та ӕртӕйӕ бирӕ азты дӕргъы Тринидад ӕмӕ Тобагойы лӕггад кодтой пионертӕй. Нӕ ныййарджытӕ нӕ кӕй ахуыр кодтой ӕмӕ нын сӕхӕдӕг дӕр фӕзминаг кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ нӕ, зӕгъӕн ис, хъомыл кодтой «Йегъовӕйы хӕдзары». Кӕй нын ӕххуыс кодтой, уый руаджы алкӕддӕр «нӕ Хуыцауы кӕртыты» ӕнтыстджынӕй лӕггад кодтам (Пс. 92:13).
Нӕ хӕдзары-иу арӕх пионертӕ ӕрӕмбырд сты. Арӕх-иу кодтой, Тринидады нӕм чи уыд, уыцы канадӕйаг миссионеры кой, Джордж Янг, зӕгъгӕ. Мӕ ныййарджытӕ та уарзтой, раздӕр кӕимӕ лӕггад кодтой ӕмӕ уыцы рӕстӕджы Ныгуылӕн Африкӕйы чи уыд, уыцы ӕфсымӕр Уильям Брауны тыххӕй ӕмӕ йӕ бинойнаджы тыххӕй дзурын. Ахӕм хабӕрттӕ-иу ӕдзухдӕр кӕй хъуыстон, уымӕ гӕсгӕ мӕн дӕр бафӕндыд хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын. Уӕд мыл цыди 10 азы.
ЛӔГГАД КӔНЫН РАЙДЫДТОН
Уыцы рӕстӕджы нӕ журналтӕ хурмӕ калдтой мӕнг динты ахуырӕдтӕ, стӕй ӕнӕфсис коммерцийы ӕмӕ мӕнгард политикӕйы хъуыддӕгтӕ. Ӕмӕ 1936 азы дины разамонджыты ардыдӕй Тринидады губернатор Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ӕхсӕнады публикацитӕ парахат кӕныны бар нал лӕвӕрдта. Фӕлӕ мах нӕ литературӕ бамбӕхстам ӕмӕ йӕ сусӕгӕй парахат кодтам, цалынмӕ нӕ фӕци, уӕдмӕ. Хъусын-иу кодтам, нӕ уӕлӕ плакаттӕ, афтӕмӕй, стӕй-иу хуынды гӕххӕттытӕ дӕр уӕрстам. Кӕрӕдзи фӕдыл-иу куы фистӕгӕй цыдыстӕм, куы та – велосипедтыл. Горӕт Тунапунӕйы хъусынгӕнджытимӕ, рупор кӕуыл уыд, ахӕм машинӕйыл къордӕй хъусын кодтам Тринидады дард рӕтты дӕр. Уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд! Ахӕм хъуыддӕгты фӕлтӕрд хъусынгӕнджытимӕ иумӕ кӕй архайдтон, уый фӕрцы мӕ бафӕндыд донаргъуыд райсын. Ӕмӕ 16-аздзыдӕй уыцы къахдзӕф сарӕзтон.
Рупор кӕуыл уыд, ахӕм машинӕйыл чи хъусын кодта, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Тунапунӕйӕ
Ме ’рыгон бонты афтӕ кӕй лӕггад кодтон, стӕй нын нӕ чырыстон ныййарджытӕй хъӕздыг бынтӕ кӕй баззад, уый фӕрцы мӕ бафӕндыд миссионерӕй лӕггад кӕнын. Ӕмӕ, 1944 азы сакъадах Арубӕмӕ куы ацыдтӕн, уӕд дӕр мӕ бӕллиц уыд миссионерӕй лӕггад кӕнын. Уым хъусын кӕнын райдыдтон ӕфсымӕр Эдмунд Каммингсимӕ. 1945 азы Ӕрымысӕн изӕр куы бӕрӕг кодтам, уӕд уырдӕм ӕрбацыд 10 адӕймаджы, ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд. Иннӕ аз та уыцы сакъадахыл фӕзынд фыццаг ӕмбырд.
Орисимӕ мӕ цард ноджы тынгдӕр рафидыдта
Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ иуафон хъусын кодтон ме ’мкусӕг сылгоймагӕн, Орис Уилльямсӕн. Орис йӕ дины ахуырӕдты сӕрыл фидарӕй дзырдта. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ базыдта, Хуыцауы Ныхас бӕлвырдӕй цы дзуры, уый, ӕмӕ 1947 азы 5 январы донаргъуыд райста. Цасдӕры фӕстӕ кӕрӕдзи бауарзтам ӕмӕ нӕ цард баиу кодтам. 1950 азы ноябры Орис райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын. Орисимӕ мӕ цард ноджы тынгдӕр рафидыдта.
ЛӔГГАД КӔНӔМ НИГЕРИЙЫ
1955 азы нӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 27-ӕм къласмӕ. Гъемӕ нӕ куыст ныууагътам, нӕ хӕдзар ӕмӕ нӕ исбон ауӕй кодтам ӕмӕ Арубӕйӕ ацыдыстӕм. Галаады скъола каст фестӕм 1956 азы 29 июлы, ӕмӕ нӕ снысан кодтой Нигеримӕ.
Вефилы бинонтимӕ Нигерийы, Лагосы, 1957 аз
Орис радзырдта: «Йегъовӕйы сыгъдӕг тых, миссионерӕй лӕггад кӕнын чи райдайы, уымӕн баххуыс кӕны, цӕмӕй-иу ног уавӕртыл сахуыр уа. Мӕ сӕрыхицауӕй уӕлдай, мӕн никуы фӕндыд миссионерӕй лӕггад кӕнын. Фӕндыд мӕ, цӕмӕй мын мӕхи хӕдзар уыдаид ӕмӕ сывӕллӕттӕ хъомыл кодтаин. Фӕлӕ, хорз хабар ӕвӕстиатӕй хъусын кӕнын кӕй хъӕуы, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕ зондахаст аивтон. Ӕмӕ Галаады скъола каст куы фестӕм, уӕд цӕттӕ уыдтӕн миссионерӕй лӕггад кӕнынмӕ. Нигеримӕ хъуамӕ ацыдаиккам науыл „Куин Мэри“, ӕмӕ нын фӕндараст зӕгъынмӕ наулӕууӕнмӕ ӕрбацыд, ӕфсымӕр Норримӕ чи куыста, уыцы ӕфсымӕр Уэрт Торнтон. Уый нын загъта, Вефилы кӕй лӕггад кӕндзыстӕм. Уый фехъусгӕйӕ хорзау нал фӕдӕн. Фӕлӕ Вефилыл тагъд сахуыр дӕн ӕмӕ уым лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Алыхуызон куыстытӕ дзы кодтон, фӕлӕ ӕппӕты тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ цыд приёмнийы кусын. Ӕз адӕмы уарзын, ӕмӕ мын уым кусгӕйӕ фадат уыд нигериаг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Бирӕтӕ-иу экскурсимӕ ӕрцыдысты фӕлладӕй ӕмӕ ӕххормагӕй, стӕй-иу уыдысты рыгӕйдзаг. Ӕмӕ-иу сын ӕхсызгонӕй ӕххуыс кодтон, цӕмӕй-иу сӕхимӕ базылдаиккой ӕмӕ-иу иу гыццыл сӕ фӕллад суагътаиккой. Ӕмбӕрстон ӕй, афтӕмӕй Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ уый фӕрцы тынг амондджын уыдтӕн». Ӕцӕгдӕр, цыфӕнды хӕстӕ ма ӕххӕст кодтаиккам,– алкӕддӕр уыдыстӕм ӕнтыстджын.
1961 азы Тринидадмӕ нӕ бинонты бабӕрӕг кӕнынмӕ ацыдыстӕм. Уым уыд ӕфсымӕр Браун дӕр, ӕмӕ йыл Африкӕйы лӕггад кӕнгӕйӕ цы цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй нын цыдӕртӕ радзырдта. Уый фӕстӕ та сын ӕз радзырдтон, Нигерийы нӕ хъуыддаг размӕ куыд цӕуы, уый тыххӕй. Ӕфсымӕр Браун мӕ ӕрбахъӕбыс кодта ӕмӕ мӕ фыдӕн афтӕ: «Кӕсыс, Джонни, дӕуӕн нӕ бантыст Африкӕмӕ ацӕуын, Вудвордӕн та бантыст!» Уӕд мын мӕ фыд загъта: «Архай дарддӕр, Вудворд, архай!» Уыцы фӕлтӕрд чырыстӕтты ныхӕстӕ мӕ афтӕ бафидар кодтой, ӕмӕ мӕ бафӕндыд мӕ хӕстӕ ноджы хуыздӕр ӕххӕст кӕнын.
Уильям Браун (хуыдтой ма йӕ Библийы Браун) ӕмӕ нӕ йӕ бинойнаг Антонийӕ тынг фидар кодтой
1962 азы мӕм ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ мӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 37-ӕм къласмӕ, ӕмӕ мын фадат фӕзынд, цӕмӕй ноджы фылдӕр цӕуылдӕрты сахуыр уыдаин. Ахуыр дзы кодтам дӕс мӕйы. 38-ӕм къласы та ахуыр кодта ӕфсымӕр Уилфред Гуч,– уыцы рӕстӕджы уыд Нигерийы филиалы цӕстдарӕг,– ӕмӕ йӕ снысан кодтой Англимӕ. Ӕмӕ уӕд филиалы цӕстдарӕджы хӕстӕ мӕ бӕрны бакодтой. Ӕфсымӕр Браунау-иу ӕз дӕр арӕх бӕстӕйы алы рӕттӕм цыдтӕн, ӕмӕ уый фӕрцы нигериаг ӕфсымӕртимӕ хуыздӕр базонгӕ дӕн ӕмӕ сӕ бауарзтон. Хъӕздыгдӕр бӕстӕты цӕрджытӕй уӕлдай, нигериаг ӕфсымӕртӕ мӕгуыр цардысты, фӕлӕ уӕддӕр алкӕддӕр цин кодтой ӕмӕ сын цы уыд, уый фагыл нымадтой. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, дӕ цардӕй райгонд уай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг кӕй нӕу, ӕмӕ дӕм бирӕ ӕхца ӕмӕ исбон уа. Ӕмӕ кӕд сӕ царды уавӕртӕ бынтон хорз нӕ уыдысты, уӕддӕр-иу ӕмбырдтӕм алы хатт дӕр сыгъдӕгӕй ӕмӕ аив кондӕй ӕрбацыдысты. Конгресмӕ-иу бирӕтӕ ӕрцыдысты уӕзласӕн машинӕтыл ӕмӕ, сӕ фӕрстӕ гом кӕмӕн уыдысты, ахӕм автобустыл, болека́джаa, зӕгъгӕ. Уыцы автобустӕй бирӕтыл уыд цымыдисаг фыстытӕ. Зӕгъӕм дзы иуыл фыст уыд: «Доны гыццыл ӕртӕхтӕй сӕвзӕры стыр океан».
Куыд раст сты ацы ныхӕстӕ! Алкӕй фыдӕбоны хай дӕр у ахсджиаг, ӕмӕ-иу мах дӕр Хуыцауы хъуыддаджы нӕ фыдӕбоны хай бахастам. 1974 азы Америкӕйы Иугонд Штатты фӕстӕ Нигери сси, хъусынгӕнджыты нымӕц 100 000 кӕм ахызт, дыккаг ахӕм бӕстӕ. Ӕцӕгдӕр, хъуыддаг размӕ цыд!
Хъусынгӕнджыты нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр куы кодта, уыцы рӕстӕг, 1967 азӕй 1970 азмӕ, Нигерийы цыди мидхӕст. Ӕмӕ бирӕ мӕйты дӕргъы Биафрӕйы (Нигеры цӕугӕдоны фаллаг фарс) цӕрӕг ӕфсымӕртӕн филиалимӕ ӕмгуыст кӕнынӕн фадат нал уыд. Ӕмӕ-иу нӕ хъуыди уыцы ӕфсымӕртӕм уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг фӕхӕццӕ кӕнын. Ӕмӕ райдианы куыд загътон, афтӕмӕй цӕугӕдоны фаллаг фарсмӕ цалдӕр хатты ахызтыстӕм, Йегъовӕмӕ-иу скуывтам ӕмӕ-иу ыл нӕ ныфс сӕвӕрдтам, афтӕмӕй.
Уыцы тӕссаг балцытӕ мӕ никуы ферох уыдзысты. Тӕссаг уыди, нӕмыг ныл куы сӕмбӕлдаид, уымӕй, стӕй хӕцгӕ низтӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хабӕрттӕй. Хъуыди-иу нӕ, адӕмыл ӕнӕууӕнк чи кодта, уыцы федералон ӕфсӕдты постыл ахизын. Фӕлӕ ноджы тӕссагдӕр уыд, Биафрӕйы хӕдбардзинадыл чи тох кодта, уыдоны постыл хизын. Иухатт мӕ ӕхсӕвы бахъуыд горӕт Асабӕйӕ гуылфгӕнгӕ цӕугӕдоны фаллаг фарсмӕ, горӕт Оничӕмӕ, бӕлӕгъыл цӕуын. Уырдыгӕй ацыдтӕн горӕт Энугӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгты бабӕрӕг кӕнынмӕ ӕмӕ сӕ бафидар кӕнынмӕ. Ӕндӕр хатт та ацыдтӕн, хӕдзӕртты ӕхсӕвы рухс судзын кӕм нӕ уагътой, уыцы горӕт Абӕмӕ, цӕмӕй уым дӕр хистӕр нӕлгоймӕгты бафидар кодтаин. Иухатт та горӕт Порт-Харкорты ӕмбырд куы уагътам, уыцы рӕстӕг федералон ӕфсӕдтӕ горӕтмӕ хӕстӕг, Биафрӕйы хӕдбардзинадыл чи тох кодта, уыдонимӕ схӕцыдысты, ӕмӕ нӕ уый тыххӕй бахъуыд ӕмбырд тагъд-тагъд куывдӕй фӕуын.
Уыцы ӕфсымӕртимӕ-иу кӕй фембӕлдыстӕм, уый фӕрцы-иу федтой, Йегъовӕ сыл куыд тынг тыхсы, уый. Фехъуыстой-иу хъӕугӕ уынаффӕтӕ, хӕсты хабӕрттӕй сӕхи дард куыд ласой ӕмӕ сӕ иудзинад куыд бахъахъхъӕной, уый фӕдыл. Нигериаг ӕфсымӕртӕ уыцы карз хӕсты рӕстӕджы фидар фӕлӕууыдысты. Кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй чи каст, уыцы адӕмыхӕттытӕй уӕлдай, уыдон чырыстон уарзондзинад равдыстой ӕмӕ сӕ иудзинад бахъахъхъӕдтой. Цӕй стыр кад уыд уыцы зын рӕстӕджыты не ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын!
1969 азы Нью-Йорчы стадион «Янки»-йы уыди ӕхсӕнадӕмон конгресс, «Сабырдзинад зӕххыл», зӕгъгӕ, ӕмӕ дзы сӕрдариуӕггӕнӕг уыд ӕфсымӕр Милтон Хеншел. Ӕз та йе ’ххуысгӕнӕг уыдтӕн, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы архайгӕйӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Уый уыд йӕ тӕккӕ афоныл, уымӕн ӕмӕ 1970 азы Нигерийы, Лагосы, ауагътам ӕхсӕнадӕмон конгресс. Уыцы конгресс хуынди, «Хуыцауы хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕм», зӕгъгӕ. Конгресс ауадзын нын хӕсты хӕдфӕстӕ кӕй бантыст, уымӕн гӕнӕн уыд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы. Конгресмӕ ӕрбацыд 121 128 адӕймаджы ӕмӕ программӕ тӕлмац кодтой 17 ӕвзагмӕ! Конгрессы уыдысты ӕфсымӕртӕ Норр ӕмӕ Хеншел дӕр, стӕй ӕндӕр хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Иугонд Штаттӕй ӕмӕ Английӕ. Уыдон иууылдӕр сӕхи цӕстӕй федтой, 3 775 адӕймаджы донаргъуыд куыд истой, уый. Уыцы конгресс уыд, Фӕндзайӕм боны фӕстӕ тынг бирӕ адӕм кӕм райстой донаргъуыд, ахӕм конгресстӕй сӕ иу! Уыцы конгресс бацӕттӕ кӕнынӕн ӕз дӕр ӕххуыс кодтон, ӕмӕ мын уӕд цас куыст уыд, уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, никуы. Хъусынгӕнджыты нымӕцыл цыбыр рӕстӕгмӕ афтӕ бирӕ кӕй бафтыд, уый диссаг уыд!
Ӕхсӕнадӕмон конгрессы «Хуыцауы хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕм»; конгрессы уыд 121 128 адӕймаджы ӕмӕ программӕ тӕлмац кодтой 17 ӕвзагмӕ, уыимӕ ӕвзаг ибомӕ дӕр
Нигерийы фӕлӕггад кодтам 30 азӕй фылдӕр, ӕмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ Ныгуылӕн Африкӕйы ӕххӕст кодтон районон цӕстдарӕджы ӕмӕ зоналон цӕстдарӕджы хӕстӕ. Миссионертӕй-иу алкӕимӕ дӕр аныхас кодтон ӕмӕ-иу ын йӕ ныфсыл ныфс бафтыдтон, ӕмӕ-иу уый тыххӕй тынг бузныг уыдысты! Рох кӕй не сты, уый-иу сын ӕхсызгонӕй сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтон. Уыцы куыст кӕнгӕйӕ иу хъуыддаг бамбӕрстон: хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куы уыной, ӕмӕ сыл иннӕтӕ зӕрдиагӕй тыхсынц, уӕд уыдзысты ӕнтыстджын ӕмӕ се ’хсӕн уыдзӕн иудзинад, стӕй Йегъовӕйы организаци размӕ цӕудзӕн.
Хӕсты тыххӕй бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдыстӕм ӕмӕ-иу ныл низтӕ дӕр фӕтых сты, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы фӕрцы баци нӕ бон фидар фӕлӕууын. Йегъовӕ нын кӕй арфӕ кодта, уый алкӕддӕр бӕрӕг уыд.
Орис радзырдта: «Цалдӕр хатты нӕ дыууӕ дӕр фӕрынчын стӕм тӕфсӕгӕй. Иухатт Вудворд бауадзыг, ӕмӕ йӕ Лагосы рынчындонмӕ аластой. Дохтыртӕ мын загътой, зӕгъгӕ, дам, чи зоны, бирӕ ма ахӕсса. Фӕлӕ, нӕ амондӕн, Вудворд йӕхимӕ ӕрцыд. Ӕмӕ йӕм чи каст, уыцы медицинон ӕфсымӕрӕн, мистер Нвамбивейӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын райдыдта. Фӕстӕдӕр Вудвордимӕ уыцы нӕлгоймаджы иумӕ бабӕрӕг кодтам, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд Библийы тыххӕй фылдӕр базонын. Мистер Нвамбиве донаргъуыд райста ӕмӕ фӕстӕдӕр горӕт Абӕйы лӕггад кодта хистӕр нӕлгоймагӕй. Ӕз дӕр бирӕтӕн баххуыс кодтон, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой, суанг, йӕ диныл тынг ӕнувыд чи уыд, ахӕм пысылмон адӕмӕн дӕр. Тынг цин кодтам, нигериаг адӕмы ӕмӕ сын се ’гъдӕуттӕ кӕй базыдтам, стӕй сын се ’взаг кӕй сахуыр кодтам, ууыл. Мах сӕ тынг бауарзтам».
Ӕмӕ ма иу хъуыддаг бамбӕрстам: цӕмӕй нын ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ ӕнтыстаид, уый тыххӕй хъуамӕ сахуыр уыдаиккам уым цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзын, кӕд иу адӕмыхаттӕй нӕ уыдыстӕм ӕмӕ уый тыххӕй кӕрӕдзийӕ хицӕн кодтам, уӕддӕр.
НОГ ХӔСТӔ ӔХХӔСТ КӔНЫН РАЙДЫДТАМ
Нигерийы Вефилы бирӕ азты дӕргъы куы фӕлӕггад кодтам, уӕд нӕ уый фӕстӕ, 1987 азы, миссионертӕй снысан кодтой Карибы денджызы рӕсугъд сакъадӕхтӕй иумӕ, Сент-Люсия, зӕгъгӕ. Уым лӕггад кӕнын нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд, фӕлӕ адӕмӕн рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн ӕххуыс кӕнын бынтон ӕнцон нӕ уыд. Зӕгъӕм, кӕд Африкӕйы нӕлгоймӕгтӕн цалдӕргай усы уыд, уӕд Сент-Люсияйы та хабар афтӕ уыд, ӕмӕ-иу арӕх нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг бацардысты, сӕ къух-иу не ’рфыстой, афтӕмӕй. Фӕлӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтам, уыдонӕй бирӕты, Хуыцауы Ныхасӕй цы базыдтой, уый баразӕнгард кодта хъӕугӕ ивындзинӕдтӕ скӕнынмӕ.
Орисимӕ иумӕ фӕцардыстӕм 68 азы, ӕмӕ йӕ бирӕ уарзтон
Азтӕ ныл сӕ уӕз куы ’руагътой ӕмӕ нӕм уыйбӕрц хъарутӕ куы нал уыд, уӕд ныл Разамонӕг совет афтӕ батыхст, ӕмӕ нӕ 2005 азы снысан кодтой сӕйраг хайадмӕ, Бруклинмӕ (Нью-Йорк, АИШ). Йегъовӕйӕн алы бон дӕр бузныг фӕдзурын Орисы тыххӕй. 2015 азы Орис амард, ӕмӕ, цы рыст бавзӕрстон, уый бамбарын кӕнынӕн ныхӕстӕ ссарын дӕр зын у. Орис уыд диссаджы ӕмбал ӕмӕ уарзӕгой бинойнаг. 68 азы иумӕ фӕцардыстӕм, ӕмӕ йӕ бирӕ уарзтон. Мах нӕхицӕй базыдтам, адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы вӕййы, уый: бинонты ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕмбырды дӕр, бартӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн куы фӕкад кӕны, иннӕтӕн зӕрдӕйӕ куы фӕхатыр кӕны, сӕрныллӕг куы вӕййы ӕмӕ, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдоныл куы фӕкусы.
Истӕй тыххӕй-иу фыдӕнхъӕл куы фестӕм кӕнӕ-иу нӕ ныфс куы асаст, уӕд-иу Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракуырдтам, цӕмӕй-иу нӕ бон уыдаид дарддӕр дӕр лӕггад кӕнын. Мах-иу бацархайдтам, цӕмӕй-иу ног уавӕртыл сахуыр уыдаиккам ӕмӕ ӕдзухдӕр нӕхи цӕстӕй уыдтам, организацийы алцыдӕр хуыздӕрырдӕм кӕй ивы. Фӕлӕ ноджы диссагдӕр ивындзинӕдтӕ нырма разӕй сты! (Ис. 60:17; 2 Кор. 13:11).
Мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Тринидад ӕмӕ Тобагойы цы куыст кодтой, уымӕн Йегъовӕ афтӕ раарфӕ кодта, ӕмӕ дзы ныр, фӕстаг хыгъдтӕм гӕсгӕ, лӕггад кӕны 9 892 хъусынгӕнӕджы. Арубӕйы та, ӕппӕты фыццаг чи фӕзынд ӕмӕ ӕз кӕм лӕггад кодтон, уыцы ӕмбырдӕн бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй сфидар уыдаид. Ӕмӕ дзы ныр ис, Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ кӕмӕн ӕнтысы, 14 ахӕм ӕмбырды. Нигерийы дӕр хъусынгӕнджыты нымӕцыл бирӕ бафтыд – ныр сты 381 398. Сакъадах Сент-Люсияйы та Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕны 783 хо ӕмӕ ӕфсымӕры.
Ныр мыл цӕуы 90 азӕй фылдӕр. 92-ӕм псаломы 14-ӕм стихы, Йегъовӕйы хӕдзары «сагъд чи у», уыдоны тыххӕй фыст ис: «Дидинӕг калдзысты, сӕ сӕртӕ куы сурс уой, уӕд дӕр, уыдзысты раздӕрау цӕрдӕг ӕмӕ уӕнгрог». Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы цардӕй фӕцардтӕн, уый тыххӕй дзы тынг бузныг дӕн. Мӕ чырыстон ныййарджытӕй мын хъӕздыг бынтӕ кӕй баззад, уый фӕрцы мӕ ӕрыгонӕй бафӕндыд Йегъовӕйӕн ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнын. Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы мын фадат уыд, цӕмӕй «[мӕ] Хуыцауы кӕртыты... дидинӕг калдтаин» (Пс. 92:13).
a Кӕс 1972 азы 8 мартъийы «Райхъал ут!», 24–26 фӕрстӕ (англ.).