Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w19 мартъи 29–31 фф.
  • Йегъовӕ дӕ «амменӕн» аргъ кӕны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ дӕ «амменӕн» аргъ кӕны
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «АДӔМ ИУУЫЛДӔР ЗӔГЪДЗЫСТЫ: „АММЕН!“»
  • «АДӔМ ИУУЫЛДӔР ЗАГЪТОЙ: „АММЕН!“ ӔМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ СКАДДЖЫН КОДТОЙ»
  • ЙЕГЪОВӔЙӔН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У, ЦӔМӔЙ-ИУ «АММЕН» ЗӔГЪӔМ?
  • Аргъ кӕн, Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы ахсджиаг бынат ис, уымӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй йӕм баввахс уай
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хуыцауӕй «курут, цы уӕ хъӕуы, уый»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
w19 мартъи 29–31 фф.
Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕмбырды куывды рӕстӕг сӕ сӕртӕ ӕркъул кодтой

Йегъовӕ дӕ «амменӕн» аргъ кӕны

ЙЕГЪОВӔ нӕ лӕггадӕн аргъ кӕны. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕм «лӕмбынӕг фӕхъусы» ӕмӕ йӕ скадджын кӕнынӕн цыдӕриддӕр аразынц, уымӕн аргъ кӕны, цыфӕнды гыццыл хъуыддаг ма уа, уӕддӕр (Мал. 3:16). Зӕгъӕм, ахъуыды-ма кӕнӕм, бирӕ хӕттыты кӕй фӕзӕгъӕм, уыцы дзырдыл. Уый у дзырд «аммен». Цымӕ ацы хуымӕтӕг дзырдӕн Йегъовӕйы цӕсты исты аргъ ис? Бӕгуыдӕр! Ӕмӕ цӕмӕн, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм, цы нысан кӕны ӕмӕ, Библийы кӕй кой цӕуы, уыдон дзы куыд пайда кодтой, уымӕ.

«АДӔМ ИУУЫЛДӔР ЗӔГЪДЗЫСТЫ: „АММЕН!“»

Дзырд «аммен» нысан кӕны «афтӕ уӕд» кӕнӕ «раст у». Ацы дзырд кӕмӕй равзӕрд, уыцы дзуттаг дзырд амоны, «иузӕрдион уай» кӕнӕ «ӕууӕнчы аккаг уай», уымӕ. Уыцы дзырдӕй-иу хатгай пайда кодтой барадон фарстатӕ ӕвзаргӕйӕ. Адӕймаг-иу куы расомы кодта, уӕд-иу загъта «аммен» ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыста, цы загъта, уый ӕцӕг кӕй у, стӕй, йӕ сомы цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый кӕй ӕмбары ӕмӕ ууыл разы кӕй у (Ным. 5:22). Ӕмӕ-иу дзырд ратгӕйӕ «аммен» адӕмы раз куы загъта, уӕд-иу ӕй уый ноджы тынгдӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ ныхасӕн хицау уыдаид (Неем. 5:13).

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ-иу дзырд «аммен»-ӕй куыд пайда кодтой, уымӕн иу диссаджы цӕвиттон ис Дыккаг закъоны чиныджы 27 сӕры. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уӕд ӕрӕмбырд сты Гевалы хохы ӕмӕ Гаризимы хохы ’хсӕн, цӕмӕй Закъонмӕ байхъуыстаиккой. Фӕлӕ хъуамӕ Закъонмӕ ӕрмӕст хъусгӕ ма бакодтаиккой, фӕлӕ ма дзырд радтаиккой, кӕй йӕ ӕххӕст кӕндзысты. Израилӕгтӕн бакастысты, сӕ дзырд куы не ’ххӕст кӕной, уӕд сӕм цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ иууылдӕр загътой «аммен» (Дык. з. 27:15–26). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, мингай нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ уыцы дзырд хъӕрӕй куыд дзырдтой, уый! (Йес. Н. 8:30–35). Уыцы бон цы дзырд радтой, уый сӕ, ӕвӕццӕгӕн, никуы ферох. Уыцы израилӕгтӕ сӕ ныхасӕн хицау разындысты. Библийы фыст ис: «Цалынмӕ Йесо ӕгас уыд, уӕдмӕ Израилы адӕм Йегъовӕйӕн лӕггад кодтой. Лӕггад ын кодтой, Йесойы фӕстӕ дӕр ма чи цард ӕмӕ, Йегъовӕ Израилы тыххӕй цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи зыдта, уыцы хистӕр лӕгты рӕстӕджы дӕр» (Йес. Н. 24:31).

Йесо Чырысти дӕр дзырд «аммен»-ӕй пайда кодта, цы загъд уыд, уый ӕууӕнчы аккаг кӕй у, уый равдисыны тыххӕй. Фӕлӕ-иу уый «аммен» искӕй ныхӕсты фӕстӕ нӕ загъта, фӕлӕ-иу йӕхӕдӕг исты зӕгъинаг куы уыд, уый размӕ. Ӕмӕ-иу афтӕмӕй йӕ хъусджытӕн равдыста, цы дзуры, уый ӕцӕг кӕй уa. Йесо афтӕ фидарӕй уымӕн дзырдта, ӕмӕ йын бартӕ лӕвӕрд ӕрцыд, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ иууылдӕр сӕххӕст кӕна (2 Кор. 1:20; Рарг. 3:14).

«АДӔМ ИУУЫЛДӔР ЗАГЪТОЙ: „АММЕН!“ ӔМӔ ЙЕГЪОВӔЙЫ СКАДДЖЫН КОДТОЙ»

Израилӕгтӕ ма-иу «аммен» дзырдтой, Йегъовӕйы-иу куы кадджын кодтой ӕмӕ-иу ӕм куы куывтой, уӕд дӕр (Неем. 8:6; Пс. 41:13). Исчи-иу иннӕты номӕй куы скуывта, уӕд-иу адӕм «аммен» загътой ӕмӕ-иу афтӕмӕй равдыстой, уыцы куывды ныхӕстимӕ разы кӕй сты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ-иу афтӕмӕй Йегъовӕйӕн иумӕ куывтой, ӕмӕ уый се ’ппӕтӕн дӕр циндзинад хаста. Хабар афтӕ уыд, паддзах Давид Йегъовӕйы бадзырды чырын Иерусалиммӕ куы ’рбахаста ӕмӕ уый номыл бӕрӕгбон куы скодтой, уӕд дӕр. Давид куывды ныхӕстӕ ныффыста ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы уыцы ныхӕстӕй скадджын кодтаиккой. Уыцы куывды ныхӕстӕ бакӕсӕн ис 1 Азфыстыты 16:8–36 стихты. Адӕм уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд иууылдӕр загътой: «Аммен!» Ӕмӕ Йегъовӕйы скадджын кодтой. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнын сын уыд стыр цины хос.

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр Йегъовӕйы кадджын кӕнгӕйӕ дзырдтой «аммен». Библи чи фыста, уыдон-иу сӕ фыстӕджыты арӕх пайда кодтой уыцы дзырдӕй (Ром. 1:25; 16:27; 1 Пет. 4:11). Раргомады чиныджы та фыст ис, уӕлӕрвты чи ис, уыдон дӕр Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнынц ахӕм ныхӕстӕй: «Аммен! Кадджын кӕнут Йагъы!» (Рарг. 19:1, 4). Фыццаг чырыстӕттӕ-иу «аммен» загътой, ӕмбырды-иу куы скуывтой, уӕд (1 Кор. 14:16). Фӕлӕ-иу цӕмӕй «аммен» загътаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди куывды ныхӕстӕм лӕмбынӕг хъусын.

ЙЕГЪОВӔЙӔН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У, ЦӔМӔЙ-ИУ «АММЕН» ЗӔГЪӔМ?

Уӕдӕ федтам, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ «аммен» цавӕр уавӕрты дзырдтой, уый, ӕмӕ йӕ ныр ӕмбарӕм, куыд ахсджиаг у куывды фӕстӕ «аммен» дзурын. Нӕхӕдӕг куы фӕкувӕм, уӕд «аммен» дзургӕйӕ равдисӕм, цы зӕгъинаг уыдыстӕм, уый кӕй загътам. Ӕмӕ исчи иннӕты номӕй куы фӕкувы, уӕд та «аммен» дзургӕйӕ,– хъӕрӕй уа ӕви нӕхинымӕр,– равдисӕм, чи скуывта, уый ныхӕстимӕ разы кӕй стӕм. Ноджыдӕр ма цӕмӕн у ахсджиаг «аммен» дзурын?

Афтӕмӕй равдисӕм, Йегъовӕйӕн кувынмӕ цы хауы, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм. Куывды рӕстӕг цы фӕдзурӕм, ӕрмӕст уый нӕу ахсджиаг, фӕлӕ, нӕхи куыд фӕдарӕм, уый дӕр. Цӕмӕй-иу куывды фӕстӕ «аммен» сыгъдӕгзӕрдӕйӕ зӕгъӕм, уый тыххӕй хъуамӕ куывдмӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ-иу ӕм лӕмбынӕг хъусӕм.

Уый фӕрцы стӕм ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд. Ӕмбырды ӕфсымӕр иннӕты номӕй куы фӕкувы, уӕд не ’ппӕт дӕр уыцы иу ныхӕстӕм фӕхъусӕм, ӕмӕ уый фӕрцы стӕм ӕмвӕнд ӕмӕ ӕмзонд (Хъуыд. 1:14; 12:5). Ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй «аммен» куы фӕзӕгъӕм, уӕд уый фӕрцы кӕрӕдзиимӕ ноджы ӕнгомдӕр свӕййӕм. «Аммен» куы фӕдзурӕм,– фӕнды хъӕрӕй уа, фӕнды нӕхинымӕр,– уӕд уый Йегъовӕйы баразӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу нын нӕ иумӕйаг куывдӕн дзуапп ратта.

Хо ӕмбырды программӕмӕ телефонӕй хъусы ӕмӕ куывды рӕстӕг йӕ сӕр ӕркъул кодта

«Аммен» куы фӕзӕгъӕм, уӕд афтӕмӕй иннӕтимӕ иумӕ Йегъовӕйы скадджын кӕнӕм

Афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы. Йегъовӕ аргъ кӕны, нӕ лӕггады цыдӕриддӕр аразӕм, уымӕн (Лук. 21:2, 3). Уый уыны, цӕмӕдӕр нӕ цы разӕнгард кӕны ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Кӕйдӕрты нӕ нӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕхъӕуы ӕмбырды программӕмӕ телефонӕй хъусын, ӕмӕ иумӕйаг куывды фӕстӕ «аммен» куы фӕзӕгъӕм, уӕд Йегъовӕ уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕвӕййы. Афтӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйы иннӕтимӕ иумӕ фӕкадджын кӕнӕм.

Чи зоны нӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ мах «аммен» кӕй фӕзӕгъӕм, уымӕн ницы аргъ ис. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Энциклопедийы «Понимание Писания» куыд фыст ис, афтӕмӕй ацы иунӕг ныхасӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон у равдисын, Хуыцау сӕ кӕй фехъусдзӕн, ууыл ӕппындӕр кӕй нӕ дызӕрдыг кӕнынц, цы загъд уыд, уыимӕ разы кӕй сты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы фидар ныфс кӕй ис. Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр «аммен» дзургӕйӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм (Пс. 19:14).

a Зӕгъӕм, Матфейы 5:18 стихы дзырд «аммен» тӕлмац ӕрцыд дзырдбастӕй «ӕцӕг уын зӕгъын».

ЦЫМӔ «АММЕН» ЦЫФӔНДЫ УАВӔРЫ ДӔР ХЪӔУЫ ДЗУРЫН?

Мах дзырд «амменмӕ» куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсӕм. Фӕлӕ, исчи кувгӕ-кувын исты раст куы нӕ зӕгъа, уӕд та куыд кӕнгӕ у? Мыййаг, раст нӕу ахӕм уавӕры «аммен» дзурын? Афтӕ зӕгъӕн нӕй. Йегъовӕ ӕмбары, не ’ппӕт дӕр ныхасӕй кӕй рӕдийӕм, ӕмӕ уымӕ йе ’ргом нӕ фездахы. Уӕдӕ иннӕты куывды ныхӕстӕм фаутӕ хӕссыны бӕсты хуыздӕр уаид, адӕймаг цы зӕгъынмӕ хъавы, уый бамбарыныл-иу куы бацархаиккам. Ӕмӕ-иу нӕ уӕд, чи зоны, бафӕнда «аммен» зӕгъын.

Фӕлӕ, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, ахӕм исчи куы кува, уӕд мах «аммен» нӕдӕр хъӕрӕй дзурдзыстӕм, нӕдӕр нӕхинымӕр. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, ахӕм адӕм цыдӕр хабары фӕдыл ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ мах дӕр уым разындыстӕм, ӕмӕ дзы кӕмӕндӕр загътой, цӕмӕй скува. Науӕд та, зӕгъӕм, нӕ бинонтӕ се ’ппӕт Ӕвдисӕнтӕ не сты ӕмӕ хӕдзары хистӕр, ӕнӕуырнӕг чи у, ахӕм, сфӕнд кодта бинонты номӕй скувын. Ахӕм уавӕрты нын куыд кӕнгӕ у?

Нӕ бон у хъусӕй лӕууын ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг нӕхи уӕздан дарын. Мах «аммен» нӕ дзурдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ уый афтӕ нымад уаид, ӕмӕ уыцы куывды ныхӕстимӕ разы стӕм. Нӕ бон у нӕхинымӕр скувын, фӕлӕ-иу хъуамӕ «аммен» хъӕрӕй ма зӕгъӕм, цӕмӕй иннӕтӕ афтӕ ма фенхъӕлой, ӕмӕ сӕ куывды ныхӕстимӕ разы стӕм. Кӕд, фынгыл чи бады, уыдон скувыны тыххӕй сыстой, уӕд нӕхи бон у аскъуыддзаг кӕнын, сыстӕм ӕви нӕ. Уый кувыныл нымад нӕ уыдзӕн. Ахӕм уавӕры куыд хуыздӕр уыдзӕн бакӕнын, уый чырыстӕттӕй алчидӕр хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна, ӕмӕ, цы уынаффӕ рахӕсса, уый тыххӕй йын тӕрхон хъуамӕ мачи кӕна.

Цы уавӕртыл аныхас кодтам, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы нӕ «амменмӕ».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын