15 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
Йесойы фӕзм ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕн
«Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн [уын]... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ» (ФИЛ. 4:7).
113 ЗАРӔГ Фарн – нӕ хӕзна
СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa
1, 2. Йесо тыхст цӕмӕн уыд?
ЙЕСО зӕххыл фӕстаг бон куы уыд, уӕд ын тыхст хъуыдытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой, уымӕн ӕмӕ зыдта, тагъд фыдгӕнджыты къухӕй хъизӕмайраг мардӕй кӕй амӕлдзӕн. Фӕлӕ йӕм ахӕм мӕлӕт кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, ӕрмӕст ууыл нӕ тыхст. Уый йӕ Фыды тынг уарзта, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Йесо зыдта, разӕй йӕм цы уӕззау фӕлварӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уым иузӕрдионӕй куы баззайа, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕйы ном кӕй ссыгъдӕг уыдзӕн. Йесо адӕмы дӕр уарзта ӕмӕ зыдта, се ’нусон цард баст кӕй у, кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайдзӕн ӕви нӕ, ууыл.
2 Фӕлӕ кӕд Йесо ахӕм тыхст уыд, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы уыди фарн. Уый йӕ апостолтӕн загъта: «Мӕ фарн уын дӕттын» (Иоан. 14:27). Йесо хайджын уыд «Хуыцауы фарнӕй» – Йегъовӕимӕ ӕнгом чи у, уыдон кӕмӕй вӕййынц хайджын, уыцы фарнӕй. Ӕмӕ уыцы фарны фӕрцы йӕ зӕрдӕ уыд сабыр ӕмӕ ӕгӕр нӕ тыхсти (Фил. 4:6, 7).
3. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?
3 Йесо цы фыдӕвзарӕнты бахауд, ахӕм фыдӕвзарӕнты махӕй иу дӕр никуы бахаудзӕн. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдзысты (Матф. 16:24, 25; Иоан. 15:20). Стӕй Йесойау махӕн дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ тыхст хъуыдытӕ ӕнцой нӕ дӕтдзысты. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй-иу ӕгӕр ма тыхсӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнӕм? Ӕркӕсӕм, Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд ын цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы ӕххуыс кодтой йӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнынӕн ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у фӕлварӕнты рӕстӕг фӕзмын.
ЙЕСО ХУЫЦАУМӔ КУЫВТА
Нӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕндзыстӕм, Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд (кӕс 4–7 абзацтӕ)
4. 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17 стихы цавӕр уынаффӕ ис? Йесо зӕххыл фӕстаг бон куы уыд, уӕд иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй не скуывта, уымӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕсс.
4 Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17. Йесо зӕххыл фӕстаг бон куы уыд, уӕд иу ӕмӕ дыууӕ хатты не скуывта. Зӕгъӕм, скуывта, Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ’вӕрдта ӕмӕ йӕ апостолтӕм дзул ӕмӕ сӕны къус куы алӕвӕрдта, уый размӕ (1 Кор. 11:23–25). Стӕй семӕ иумӕ скуывта, Куадзӕн кӕм сбӕрӕг кодтой, уыцы бынатӕй ацӕуыны размӕ (Иоан. 17:1–26). Уыцы ӕхсӕв фӕстӕдӕр йӕ апостолтимӕ Гефсиманийы дыргъдонмӕ куы ’рбацыд, уӕд дӕр цалдӕр хатты скуывта (Матф. 26:36–39, 42, 44). Йесо ма скуывта суанг йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ дӕр (Лук. 23:46). Уӕдӕ Йесойыл йӕ царды фӕстаг бон цы хабӕрттӕ цыд, уыдонӕй-иу алкӕцыйы тыххӕй дӕр Йегъовӕмӕ скуывта.
5. Апостолтӕ хъӕбатырдзинад цӕуылнӕ равдыстой?
5 Йесо йӕ Фыдмӕ кӕй куывта ӕмӕ йыл йӕ ныфс кӕй дардта, уый фӕрцы уӕззау фӕлварӕны фидар фӕлӕууыд. Ӕмӕ йӕ апостолтӕ дӕр хъуамӕ уыцы ӕхсӕв кувгӕ кодтаиккой, фӕлӕ уыдон ӕрфынӕй сты. Ӕмӕ фӕлварӕны куы бахаудысты, уӕд хъӕбатырдзинад нӕ равдыстой (Матф. 26:40, 41, 43, 45, 56). Мах дӕр фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм, Чырыстийы куы фӕзмӕм ӕмӕ «ӕппынӕдзух [куы] кувӕм», ӕрмӕстдӕр уӕд. Нӕ бон цӕй тыххӕй у кувын?
6. Уырнындзинад нын нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?
6 Нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нын нӕ уырнындзинадыл бафтауа (Лук. 17:5; Иоан. 14:1). Уырнындзинад нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, уымӕн ӕмӕ, Йесойы фӕдыл чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр Хӕйрӕг фӕлварӕнты ӕппардзӕн (Лук. 22:31). Фӕлварӕнтыл иу иннӕйы фӕдыл куы ’мбӕлӕм, уӕд нын уырнындзинад куыд баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнынӕн? Кӕд, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый сарӕзтам, уӕд нӕ уырнындзинад баразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакӕнӕм, ӕмӕ уӕд афтӕ тынг нал мӕт кӕндзыстӕм. Йегъовӕ махӕй хуыздӕр зоны, уыцы уавӕры цы ис саразӕн, уый, ӕмӕ нӕ уый фидарӕй куы уырна, уӕд уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн (1 Пет. 5:6, 7).
7. Роберты цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
7 Цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн. Ӕркӕсӕм, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаджы цӕвиттонмӕ. Йӕ ном хуыйны Роберт ӕмӕ йыл цӕуы 80 азӕй фылдӕр. Уый загъта: «Царды мын бирӕ фӕлварӕнтӕ уыди, фӕлӕ-иу мын, Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихты цы уынаффӕ ис, уый баххуыс кодта. Зӕгъӕм, иуафон сӕмбӕлдтӕн ӕхцаимӕ баст зындзинӕдтыл. Стӕй ма цасдӕр рӕстӕг хистӕр нӕлгоймагӕй нал лӕггад кодтон». Робертӕн цы ’ххуыс кӕны йӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнынӕн? «Куыддӕр тыхсын райдайын, афтӕ Хуыцаумӕ скувын,– загъта Роберт.– Цас арӕхдӕр ӕмӕ зӕрдиагдӕрӕй фӕкувын, уыйас мӕ зӕрдӕйы фылдӕр фарн вӕййы».
ЙЕСО ЗЫНГЗӔРДӔЙӔ ХЪУСЫН КОДТА
Нӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕндзыстӕм, куы хъусын кӕнӕм, уӕд (кӕс 8–10 абзацтӕ)
8. Иоанны 8:29 стихмӕ гӕсгӕ ма Йесойӕн йӕ зӕрдӕйы фарн ноджыдӕр цӕй фӕрцы уыд?
8 Бакӕс Иоанны 8:29. Йесо ӕфхӕрд куы ӕййӕфта, уӕд дӕр йӕ зӕрдӕйы уыд фарн, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, иузӕрдионӕй куы баззайа, уӕд йӕ Фыды зӕрдӕ кӕй барухс кӕндзӕн. Йесо Йегъовӕйы коммӕ каст, уый йын зын куы уыд, уӕд дӕр. Уый Йегъовӕйы уарзта, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ царды Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы уыд. Зӕгъӕм, зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ Йесо Йегъовӕйӕн ӕххуыс кодта «куыд дӕсны кусӕг» (Ӕмб. 8:30). Зӕххыл та зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ-иу адӕмӕн йӕ Фыды тыххӕй дзырдта (Матф. 6:9; Иоан. 5:17). Уыцы хъуыддаг Йесойӕн стыр циндзинад хаста (Иоан. 4:34–36).
9. Не ’ппӕт хъарутӕ дӕр хъусын кӕнынмӕ куы саразӕм, уӕд нын уый куыд феххуыс кӕны нӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнынӕн?
9 Мах дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы», ӕмӕ афтӕмӕй Йесойы фӕзмӕм (1 Кор. 15:58). Не ’ппӕт хъарутӕ дӕр хъусын кӕнынмӕ куы саразӕм, уӕд нӕ зындзинӕдты тыххӕй ӕгӕр нӕ фӕмӕт кӕнӕм (Хъуыд. 18:5). Зӕгъӕм, уацамынды арӕх ахӕм адӕмыл сӕмбӕлӕм, ӕмӕ уыдон махӕй стырдӕр зындзинӕдтӕ февзарынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы куы бауарзынц ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын куы райдайынц, уӕд сӕ цард хуыздӕрырдӕм фӕивы ӕмӕ амондджындӕр свӕййынц. Ӕмӕ уый нӕхи цӕстӕй куы фӕуынӕм, уӕд нӕ ноджы тынгдӕр фӕуырны, Йегъовӕ ныл кӕй батыхсдзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы вӕййы фарн. Бирӕ азты дӕргъы депресси кӕмӕн ис ӕмӕ йӕхимӕ ницӕйаг чи кӕсы, иу ахӕм хо уый йӕхиуыл бавзӕрста. Уый загъта: «Хъусын кӕнынмӕ арӕх куы фӕцӕуын, уӕд афтӕ ныфссаст нал вӕййын ӕмӕ амондджындӕр вӕййын. Мӕнмӕ гӕсгӕ, афтӕ уымӕн у, ӕмӕ, уацамынды куы вӕййын, уӕд Йегъовӕимӕ ӕнгомдӕр вӕййын».
10. Брендӕйы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
10 Ӕркӕсӕм-ма ноджыдӕр иу хойы цӕвиттонмӕ. Йӕ ном хуыйны Брендӕ. Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ чызг дӕр сты уӕззау низӕй рынчын (рассеянный склероз). Брендӕ вӕййы инвалиды коляскӕйы ӕмӕ йе уӕнгты хъару нӕй. Хатгай хӕдзарӕй-хӕдзармӕ фӕхъусын кӕны, фӕлӕ сӕйраджыдӕр фӕхъусын кӕны писмоты руаджы. Брендӕ загъта: «Ацы дунейы мӕ низӕн сдзӕбӕхгӕнӕн кӕй нӕй, уый куы бамбӕрстон ӕмӕ йыл куы басастӕн, уӕд мӕ хъарутӕ иууылдӕр мӕ лӕггадмӕ сарӕзтон. Куы фӕхъусын кӕнын ӕмӕ писмотӕ куы фӕфыссын, уӕд мӕ мӕ зындзинӕдтӕ айрох вӕййынц. Стӕй фӕхъуыды кӕнын, не ’мбырды территорийы кӕмӕн хъусын кӕнын, уыдонӕн куыд баххуыс кӕнон, ууыл. Уацамынды куы вӕййын, уӕд мӕ зӕрдыл ӕдзухдӕр фӕлӕууы, цы диссаджы фидӕн мӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый».
ЙЕСО ЙЕ ’МБӔЛТТЫ ӔХХУЫСЫЛ АЛКӔДДӔР РАЗЫ УЫД
Нӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕндзыстӕм, хорз ӕмбӕлттӕ нын куы уа, уӕд (кӕс 11–15 абзацтӕ)
11–13. а) Апостолтӕ ӕмӕ иннӕтӕ куыд равдыстой, Йесойӕн хорз ӕмбӕлттӕ кӕй уыдысты? б) Йесойӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ кӕй уыд, уый йын цы ’ххуыс уыди?
11 Йесо цалынмӕ зӕххыл лӕггад кодта, уӕдмӕ йын йӕ иузӕрдион апостолтӕ уыдысты хорз ӕмбӕлттӕ. Ӕмбисӕндты 18:24 стихы ахӕм ӕмбӕлтты тыххӕй фыст ис: «Вӕййы ахӕм ӕмбал, ӕмӕ вӕййы ӕфсымӕрӕй ӕнувыддӕр». Йесойӕн ахӕм ӕмбӕлттӕ кӕй уыд, уымӕн тынг аргъ кодта. Цалынмӕ зӕххыл уыд, уӕдмӕ йыл йӕхи ӕфсымӕртӕй иу дӕр нӕ баууӕндыд (Иоан. 7:3–5). Иуафон йӕ хиуӕттӕ суанг афтӕ дӕр хъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ сӕрызонд фӕцыди (Мар. 3:21). Уыдонӕй уӕлдай апостолтӕ Йесойӕн уыдысты ӕцӕг ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ сын йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв загъта: «Сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ» (Лук. 22:28).
12 Хатгай-иу апостолтӕ Йесойы фӕфыдӕнхъӕл кодтой, фӕлӕ уый йе ’ргом сӕ рӕдыдтытӕм не здӕхта. Уый зыдта, йӕ апостолтӕ йыл кӕй ӕууӕндынц (Матф. 26:40; Мар. 10:13, 14; Иоан. 6:66–69). Йӕ царды фӕстаг бон семӕ куы уыд, уӕд сын ахӕм ныхӕстӕ загъта: «[Ӕз] уӕ хонын мӕ хӕлӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ, мӕ Фыдӕй цыдӕриддӕр фехъуыстон, уый уын раргом кодтон» (Иоан. 15:15). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Йесойӕн йе ’мбӕлттӕ кӕй уыдысты стыр ныфсы хос. Йемӕ иумӕ кӕй лӕггад кодтой ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодтой, уый фӕрцы йӕ зӕрдӕйы уыди циндзинад (Лук. 10:17, 21).
13 Апостолтӕй уӕлдай ма Йесойӕн уыди ӕндӕр ӕмбӕлттӕ дӕр, куыд нӕлгоймӕгтӕ, афтӕ сылгоймӕгтӕ дӕр. Уыдон ын стыр ӕххуыс уыдысты хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр. Чидӕртӕ-иу сӕ Йесойы уазӕгуаты фӕхуыдтой, цӕмӕй-иу сӕм къӕбӕр бахордтаид (Лук. 10:38–42; Иоан. 12:1, 2). Чидӕртӕ та-иу йемӕ хъусын кӕнынмӕ иу ранӕй иннӕ ранмӕ цыдысты ӕмӕ сӕм цы уыд, уымӕй-иу ӕм фӕкастысты (Лук. 8:3). Йесойӕн ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ уымӕн уыд, ӕмӕ сын йӕхӕдӕг дӕр уыд хорз ӕмбал. Уый сын хорздзинад никуы ’вгъау кодта, стӕй, сӕ бон цы нӕ уыд, уый сӕ нӕ домдта. Йесо ӕххӕст уӕвгӕйӕ йе ’нӕххӕст ӕмбӕлттӕй бузныг уыд, кӕй йын ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй. Дзырд дӕр ыл нӕй, йе ’мбӕлттӕ йын стыр ӕххуыс уыдысты, цӕмӕй йӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕдтаид.
14, 15. Нӕ бон куыд у хорз ӕмбӕлттӕ ссарын? Ахӕм ӕмбӕлттӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты?
14 Хорз ӕмбӕлттӕ нын ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм. Ӕмӕ нын цӕмӕй ахӕм ӕмбӕлттӕ уа, уый тыххӕй нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ уӕм хорз ӕмбӕлттӕ (Матф. 7:12). Библи нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн удуӕлдайӕ ӕххуыс кӕнӕм, уӕлдайдӕр та, «хъуаг чи ӕййафы», уыдонӕн (Еф. 4:28). Ахъуыды кӕн, де ’мбырды дӕ бон кӕмӕн уаид баххуыс кӕнын, ууыл. Дӕ бон нӕ уаид, хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм ацӕргӕ йе та рынчын хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй искӕмӕ фӕкӕсын, зӕгъӕм, йӕ бӕсты дуканимӕ ацӕуын? Кӕнӕ та дӕ бон нӕ уаид, ӕхцайӕ чи тыхсы, ахӕм бинонты фӕхонын, цӕмӕй иумӕ къӕбӕр бахӕрат? Кӕд сайтӕй jw.org® ӕмӕ приложенийӕ JW Library® пайда кӕнын зоныс, уӕд дӕ бон нӕ уаид де ’мбырды иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнын? Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕдзухдӕр куы ’ххуыс кӕнӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм (Хъуыд. 20:35).
15 Не ’мбӕлттӕ нын фӕлварӕнты рӕстӕг стыр ӕххуыс уыдзысты, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕндзыстӕм. Иов йӕ хъуыдытӕ куы дзырдта, уӕд ӕм Елиуй куыд хъуыста, раст афтӕ махмӕ дӕр не ’мбӕлттӕ фӕразонӕй фӕхъусынц, нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ сын куы фӕдзурӕм, уӕд, ӕмӕ нын афтӕмӕй стыр ӕххуыс вӕййынц (Иов 32:4). Хъуамӕ не ’мбӕлттӕм уымӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, ӕмӕ нӕ бӕсты уынаффӕтӕ хӕсдзысты. Фӕлӕ нын Библийӕ уынаффӕ куы дӕттой, уӕд зондыл дзурӕг уаид, куы-иу сӕм байхъусиккам (Ӕмб. 15:22). Паддзах Давид-иу сӕрныллӕгдзинад равдыста ӕмӕ-иу йе ’мбӕлтты ӕххуысыл сразы. Мах дӕр ӕххуысхъуаг куы уӕм, уӕд-иу хъуамӕ сӕрныллӕгдзинад равдисӕм ӕмӕ-иу не ’мбӕлтты ӕххуысыл сразы уӕм (2 Сам. 17:27–29). Хорз ӕмбӕлттӕ сты Йегъовӕйы лӕвар! (Иак. 1:17).
НӔ ЗӔРДӔЙЫ ФАРН ЦӔЙ ФӔРЦЫ БАХЪАХЪХЪӔНДЗЫСТӔМ?
16. Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ, фарнӕй цӕй фӕрцы схайджын уыдзыстӕм? Бамбарын ӕй кӕн.
16 Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7. Цымӕ ацы ран афтӕ фыст цӕмӕн ис, ӕмӕ, Йегъовӕ цы фарн дӕтты, уымӕй «Йесо Чырыстийы фӕрцы» схайджын уыдзыстӕм? Уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй адӕймаг ӕцӕг фарнӕй хайджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбара, Йесойӕн Хуыцауы фӕндты цы бынат ис, уый ӕмӕ йыл хъуамӕ ӕууӕнда. Зӕгъӕм, Чырыстийы нывонды фӕрцы нӕ тӕригъӕдтӕ иууылдӕр хатыргонд цӕуынц (1 Иоан. 2:12). Уый нын цӕй стыр удӕнцойы хос у! Йесо у Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ӕмӕ кӕрон скӕндзӕн, Хӕйрӕг ӕмӕ нын йӕ дуне цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кӕнынц, уыдонӕн (Ис. 65:17; 1 Иоан. 3:8; Рарг. 21:3, 4). Уый нӕ цӕй стыр ныфс уадзы! Ӕмӕ нын Йесо цы куыст бахӕс кодта, уый кӕнын кӕд ӕнцон нӕу, уӕддӕр немӕ уыдзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матф. 28:19, 20). Ӕмӕ уый зонгӕйӕ мах стӕм хъӕбатыр! Ӕппӕт ацы хабӕрттӕ кӕй зонӕм, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕйы ис фарн!
17. а) Цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнынӕн? б) Иоанны 16:33 стихмӕ гӕсгӕ, нӕ къухы цы бафтдзӕн?
17 Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕззау фӕлварӕнты нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнӕм? Йесойӕн цы ӕртӕ хъуыддаджы баххуыс кодтой, уыдон. Фыццаг: цыфӕнды уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувӕм. Дыккаг: Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм ӕмӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнӕм, уый ӕнцон куы нӕ уа, уӕд дӕр. Ӕмӕ ӕртыккаг: фӕлварӕнты рӕстӕг-иу не ’мбӕлтты ӕххуысыл сразы уӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын Хуыцауы фарн нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд хъахъхъӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд Йесойау фӕлварӕнты фидар лӕудзыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй ацы дунейыл уӕлахиз кӕндзыстӕм. (Бакӕс Иоанны 16:33.)
41 ЗАРӔГ О Хуыцау, фехъус мӕ
a Алчидӕр нӕ ӕмбӕлы, нӕ зӕрдӕйы фарн бахъахъхъӕнын нын зын кӕй тыххӕй вӕййы, ахӕм зындзинӕдтыл. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йесойӕн йӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнынӕн цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы ӕххуыс кодтой, уый. Ӕмӕ аныхас кӕндзыстӕм, махӕн дӕр уыцы ӕртӕ хъуыддаджы куыд баххуыс кӕндзысты нӕ зӕрдӕйы фарн хъахъхъӕнынӕн, цыфӕнды уӕззау фӕлварӕнтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр.