Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w19 апрель 20–25 фф.
  • Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар ӕмӕ фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар лӕуу

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар ӕмӕ фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар лӕуу
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ФЫДГӔНӔГ ТЫХТӔ АДӔМЫ КУЫД САЙЫНЦ?
  • ФЫДГӔНӔГ ТЫХТЫ НЫХМӔ ФИДАР ФӔЛӔУУӔН ЦӔЙ ФӔРЦЫ ИС?
  • ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ЙӔ НЫФС ЧИ ДАРЫ, УЫДОН ЦАВӔР АРФӔДЗИНӔДТӔЙ СХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТЫ?
  • Хӕйрӕджыты ныхмӕ фӕлӕуу
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
  • Зӕдтӕ ӕмӕ хӕйрӕджытӕ нӕ цардмӕ исты бар дарынц?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуу
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
  • Спиритизм ӕдас ирхӕфсӕн схонӕн ис?
    Фӕсивӕды фарстатӕ
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
w19 апрель 20–25 фф.

17 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

Йегъовӕйыл дӕ ныфс дар ӕмӕ фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар лӕуу

«Нӕ тох [у]... уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ» (ЕФ. 6:12).

55 ЗАРӔГ Ма сӕ тӕрсут!

СТАТЬЯЙЫ ДЗЫРД ЦӔУЫЛ ЦӔУЫa

1. Йегъовӕ ныл зӕрдиагӕй кӕй тыхсы, уый цы хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг, уыдонӕй иу цавӕр у ӕмӕ уый Ефесӕгтӕм 6:10–13 стихтӕй куыд зыны?

ЙЕГЪОВӔ ныл зӕрдиагӕй тыхсы, ӕмӕ уый бӕрӕг у бирӕ хъуыддӕгтӕй. Уыцы хъуыддӕгтӕй иу уый у, ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны не знӕгты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн. Нӕ сӕйраг знӕгтӕ сты Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ. Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй уыцы фыдгӕнӕг тыхтӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм ӕмӕ нын дӕтты, сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 6:10–13.) Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм. Махӕн дӕр нӕ бон у апостол Павелау фидарӕй зӕгъын: «Кӕд Хуыцау немӕ ис, уӕд нӕ ныхмӕ чи уыдзӕн?» (Ром. 8:31).

2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

2 Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕм не ’ргом ӕгӕр не здахӕм. Мах нӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ саразӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонӕм ӕмӕ йын лӕггад кӕнӕм (Пс. 25:5). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ зонӕм, Хӕйрӕг куыд архайы, уый, цӕмӕй ныл хинӕй ма рацӕуа (2 Кор. 2:11). Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ адӕмы сӕйраджыдӕр цы мадзӕлтты руаджы сайынц, уыдонӕй иумӕ. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон куыд у сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууын.

ФЫДГӔНӔГ ТЫХТӔ АДӔМЫ КУЫД САЙЫНЦ?

3, 4. а) Спиритизм цы у? б) Абон спиритизмимӕ баст хабӕрттыл бирӕтӕ кӕй ӕууӕндынц, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

3 Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ адӕмы сӕйраджыдӕр цы мадзӕлтты руаджы сайынц, уыдонӕй иу у спиритизм. Спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтыл хӕст чи у, уыдон фӕзӕгъынц, иннӕтӕй уӕлдай цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕй фӕзонынц ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл сӕ бар кӕй цӕуы. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, дӕсны фӕрсыны ӕмӕ астрологийы руаджы сӕ бон кӕй у базонын, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Чидӕртӕ та сӕхи афтӕ февдисынц, цыма мӕрдтимӕ ныхас кӕнынц. Чидӕртӕ та фӕкӕнынц хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕb.

4 Абон спиритизмимӕ баст хабӕрттыл бирӕтӕ ӕууӕндынц. Иртасджытӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй Латинаг Америкӕйы бӕстӕтӕй ӕмӕ Карибы сакъадӕхтӕй кӕцыдӕрты, ӕдӕппӕтӕй 18 бӕстӕйы, алы ӕртыккаг адӕймаг дӕр хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтимӕ баст хабӕрттыл ӕууӕнды. Стӕй, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы бӕстӕты алы ӕртыккаг адӕймаджы дӕр уырны, мӕрдтимӕ ӕмӕ ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ ныхас кӕнӕн кӕй ис. Иртасджытӕ ма сбӕрӕг кодтой, Африкӕйы 18 бӕстӕйы цӕрджытӕн се ’мбисӕй фылдӕр хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтимӕ баст хабӕрттыл кӕй ӕууӕндынц. Уӕдӕ кӕмфӕнды ма цӕрӕм, уӕддӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй нӕхи спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй бахизӕм. Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ Хӕйрӕг сайы «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр» (Рарг. 12:9).

5. Йегъовӕ спиритизммӕ цы цӕстӕй кӕсы?

5 Йегъовӕ у «рӕстдзинады Хуыцау» (Пс. 31:5). Ӕмӕ цымӕ спиритизммӕ цы цӕстӕй кӕсы? Йе сӕфт дзы уыны! Йегъовӕ израилӕгты бафӕдзӕхста: «Уе ’хсӕн хъуамӕ ма уа ахӕм адӕймаг, йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты чи басыгъта, дӕсны чи фӕрсы, кӕлӕнтӕ чи кӕны, нысӕнттӕ чи халы, хинтӕ чи кӕны ӕмӕ, мӕрдтимӕ чи ныхас кӕны, уыдонмӕ чи цӕуы, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ чи дзуры кӕнӕ мӕрдты чи фӕрсы. Ахӕм митӕ чидӕриддӕр кӕны, уый ӕлгъаг у Йегъовӕйы цӕсты» (Дык. з. 18:10–12). Мах израилӕгтӕй уӕлдай Моисейы закъоны дӕлбар не стӕм. Фӕлӕ уӕддӕр зонӕм, Йегъовӕ спиритизммӕ уӕд цы цӕстӕй каст, ныр дӕр ӕм ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы (Мал. 3:6).

6. а) Хӕйрӕг спиритизмӕй куыд пайда кӕны, цӕмӕй адӕмӕн знаггад кӕна? б) Екклесиасты 9:5 стихмӕ гӕсгӕ, мӕрдтӕ цы уавӕры сты?

6 Йегъовӕ нӕ спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй фӕдзӕхсы, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, Хӕйрӕг уыдӕттӕй кӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмӕн знаггад кӕна. Хӕйрӕг спиритизмӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмы йӕ мӕнг ныхӕстыл баууӕндын кӕна, зӕгъӕм, адӕймаг йӕ мӕлӕты фӕстӕ ӕндӕр кӕмдӕр кӕй фӕцӕры, ууыл. (Бакӕс Екклесиаст 9:5.) Уымӕй уӕлдай ма спиритизмӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмы тас уадза, стӕй цӕмӕй Йегъовӕйы ма базоной. Йӕ нысан у, цӕмӕй адӕм ӕууӕндой фыдгӕнӕг тыхтыл, Йегъовӕйыл нӕ, фӕлӕ.

ФЫДГӔНӔГ ТЫХТЫ НЫХМӔ ФИДАР ФӔЛӔУУӔН ЦӔЙ ФӔРЦЫ ИС?

7. Йегъовӕ нын цы ӕргом кӕны?

7 Гыццыл раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй нын Йегъовӕ Хӕйрӕджы тыххӕй ӕмӕ йӕ дӕлимонты тыххӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕргом кӕны, цӕмӕй нӕ бон уа сӕ хин митӕй нӕхи бахизын. Ӕркӕсӕм, сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм уынаффӕмӕ.

8. а) Сӕйраджыдӕр нын цы ’ххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, фыдгӕнӕг тыхтӕ цы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц, уыдонӕй нӕхи хизӕм? б) 146-ӕм псаломы 4-ӕм стихӕй куыд зыны, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый фӕдыл Хӕйрӕг цы ныхӕстӕ парахат кӕны, уыдон мӕнг кӕй сты?

8 Хуыцауы Ныхас кӕс ӕмӕ йыл хъуыды кӕн. Сӕйраджыдӕр нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, фыдгӕнӕг тыхтӕ цы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц, уыдонӕй нӕхи хизӕм. Хуыцауы Ныхас абарӕн ис цыргъ хъамаимӕ, ӕмӕ Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты ныхмӕ уымӕй хуыздӕр хӕцӕнгарз нӕй (Еф. 6:17). Зӕгъӕм, Библи ӕргом кӕны, мӕрдтӕ цы уавӕры сты, уый, ӕмӕ уый фӕрцы зонӕм, мӕрдтӕн сӕ бон у удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын, зӕгъгӕ, уый мӕнг ныхас кӕй у. (Бакӕс Псалом 146:4.) Стӕй ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй у йӕ бон, фидӕны цы уыдзӕн, уый рагацау зӕгъын (Ис. 45:21; 46:10). Хуыцауы Ныхас ӕдзухдӕр куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд, фыдгӕнӕг тыхтӕ цы мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕнынц, уыдонӕй не сӕфт уындзыстӕм ӕмӕ сӕ нӕхи хиздзыстӕм.

9. Спиритизмимӕ баст чи у, уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?

9 Спиритизмимӕ цыдӕриддӕр баст у, уыдӕттӕй дӕхи хиз. Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхи хизӕм спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтӕй се ’ппӕтӕй дӕр. Зӕгъӕм, мӕрдтимӕ чи фӕныхас кӕны, уыдонмӕ нӕ фӕцӕуӕм ӕмӕ мӕрдтимӕ ныхас кӕнынӕн ӕндӕр мадзӕлттӕй дӕр нӕ пайда кӕнӕм. Стӕй, айразмӕйы статьяйы куыд загътам, афтӕмӕй мах нӕхи хизӕм, адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд кӕй ис, уыцы ахуырадимӕ баст зианы ӕгъдӕуттӕй. Стӕй фидӕны хабӕрттӕ базоныны тыххӕй дӕсныфӕрсджытӕм нӕ фӕцӕуӕм ӕмӕ астрологийӕ нӕ пайда кӕнӕм (Ис. 8:19). Мах ӕй зонӕм, уыцы хъуыддӕгтӕ иууылдӕр тынг тӕссаг кӕй сты ӕмӕ дзы чи архайы, уыдон сӕхи Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтимӕ кӕй бӕттынц.

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ чи систы, уыдон сӕ дӕсныфӕрсӕн чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ басыгътой

Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты бафӕзм – спиритизмимӕ баст дзауматӕй дӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон аппар, стӕй дӕхи хиз спиритизмимӕ баст ирхӕфсӕнтӕй (кӕс 10–12 абзацтӕ)

10, 11. а) Фыццаг ӕнусы чидӕртӕ рӕстдзинад куы базыдтой, уӕд куыд бакодтой? б) 1 Коринфӕгтӕм 10:21 стихмӕ гӕсгӕ, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты цӕмӕн хъуамӕ фӕзмӕм ӕмӕ уый куыд ис аразӕн?

10 Спиритизмимӕ баст дзауматӕ аппар. Фыццаг ӕнусы Ефесы цӕрджытӕй чидӕртӕ спиритизмимӕ баст хъуыддӕгты архайдтой. Фӕлӕ, рӕстдзинад куы базыдтой, уӕд куыд бакодтой? Библийы фыст ис: «Кӕлӕнгӕнджытӕй... бирӕтӕ сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басыгътой» (Хъуыд. 19:19). Уыцы чырыстӕттӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый сарӕзтой, цӕмӕй фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар фӕлӕууыдаиккой. Кӕд сӕ чингуытӕ тынг зынаргъ уыдысты, уӕддӕр сӕ ӕндӕр искӕмӕн нӕ радтой, стӕй сӕ уӕй дӕр нӕ акодтой, фӕлӕ сӕ судзгӕ бакодтой. Уыдон чингуыты аргъыл нӕ хъуыды кодтой, фӕлӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕ куыд барухс кодтаиккой, ууыл.

11 Нӕ бон куыд у уыцы чырыстӕтты бафӕзмын? Зондыл дзурӕг уаид, спиритизмимӕ баст дзауматӕй нӕм цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ куы аппариккам. Уыдӕттӕм хауынц, цӕстдзыдӕй ӕмӕ фыдгӕнӕг тыхтӕй хи бахъахъхъӕныны тыххӕй кӕмӕй фӕпайда кӕнынц, ахӕм дзауматӕ, зӕгъӕм, амулеттӕ, талисмантӕ ӕмӕ сырх ӕндах. (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 10:21.)

Ӕфсымӕр йӕ амулет ӕппары; лӕг ӕмӕ ус фӕцӕуынц, спиритизмимӕ баст кинойы тыххӕй фыст кӕм ис, ахӕм плакаты рӕзты

12. Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзарӕм, уый фӕдыл нӕхимӕ цавӕр фарстатӕ хъуамӕ раттӕм?

12 Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзарыс, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Спиритизмимӕ баст чингуытӕ, журналтӕ кӕнӕ интернет-статьятӕ фӕкӕсын? Цы ис зӕгъӕн, цы музыкӕмӕ фӕхъусын, цы кинотӕм фӕкӕсын кӕнӕ цы видеохъӕзтытӕй фӕхъазын, уыдонӕй та? Мыййаг дзы спиритизмимӕ баст хабӕрттӕ нӕ вӕййы, зӕгъӕм, вампиртӕ, зомби ӕмӕ ӕндӕр ахӕм цыдӕртӕ? Кӕнӕ та дзы, мыййаг, хинтӕ-кӕлӕнтӕ афтӕ ӕвдыст нӕ фӕцӕуынц, цыма ирхӕфсӕн йеддӕмӕ ницы сты?» Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, ӕрымысгӕ хабӕрттӕ кӕм вӕййы, зӕгъӕм, фантастикӕ кӕнӕ аргъӕуттӕ, ахӕм ирхӕфсӕнтӕ се ’ппӕт спиритизмимӕ баст нӕ вӕййынц. Цавӕр ирхӕфсӕнтӕ равзарыс, ууыл-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ӕмӕ-иу стӕй архай, цӕмӕй-иу, Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттӕй дӕхи хизай. Мах фӕнды ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй Хуыцауы раз «[нӕ] цӕсгом сыгъдӕг уа» (Хъуыд. 24:16)c.

13. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

13 Иннӕтӕн-иу хӕйрӕджытимӕ баст хабӕрттӕ ма дзур. Мах фӕнды уыцы хъуыддаджы Йесойы фӕзмын (1 Пет. 2:21). Йесо зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ цард уӕлӕрвты, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ зыдта. Фӕлӕ сын сӕ хабӕрттӕ адӕмӕн нӕ дзырдта. Уый фӕндыд адӕмы ӕргом Йегъовӕмӕ здахын, Хӕйрӕгмӕ нӕ, фӕлӕ. Нӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын? Хъуамӕ иннӕтӕн хӕйрӕджытимӕ баст хабӕрттӕ ма дзурӕм. Уый бӕсты хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй «[нӕ] дзыхӕй цӕуа зонды ныхӕстӕ», ома рӕстдзинады тыххӕй дзурӕм (Пс. 49:3).

Йесо Чырысти у хъомысджын Паддзах ӕмӕ уӕларвон ӕфсады сӕргълӕууӕг

Мах фыдгӕнӕг тыхтӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Йегъовӕ, Йесо ӕмӕ зӕдтӕ уыдонӕй бирӕ хъомысджындӕр сты (кӕс 14, 15 абзацтӕ)d

14, 15. а) Фыдгӕнӕг тыхтӕй нӕ тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы? б) Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

14 Фыдгӕнӕг тыхтӕй ма тӕрс. Ацы дунейы цӕргӕйӕ ныл алы ӕвзӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуы. Адӕймаг ӕнӕнхъӕлӕджы исты фыдбылызы бахауы, фӕрынчын вӕййы кӕнӕ амӕлы. Фӕлӕ цымӕ ахӕм хабӕрттӕ иууылдӕр ӕнӕуынгӕ тыхты аххосӕй ӕрцӕуынц? Библи нын дзуры, зӕгъгӕ, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Еккл. 9:11). Йегъовӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ равдыста, дӕлимонтӕй бирӕ хъомысджындӕр кӕй у. Зӕгъӕм, Хӕйрӕджы нӕ бауагъта, цӕмӕй Иовы цард байстаид (Иов 2:6). Моисейы заман та Йегъовӕ равдыста, Египеты кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕй бирӕ хъомысджындӕр кӕй у (Рац. 8:18; 9:11). Йесо уӕлӕрвты Паддзах куы сси, уӕд ын Йегъовӕ ахӕм тых радта, ӕмӕ Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрӕппӕрста. Ӕмӕ тагъд рӕстӕджы та уыцы фыдгӕнӕг тыхтӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты дӕлдзӕхмӕ, ӕмӕ уӕд сӕ бон нӕ уыдзӕн адӕмӕн зиан хӕссын (Рарг. 12:9; 20:2, 3).

15 Йегъовӕ абон йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны, уымӕн ис бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм иу хъуыддагыл. Мах хъусын кӕнӕм ӕмӕ иннӕтӕн рӕстдзинад амонӕм ӕгас зӕххыл дӕр (Матф. 28:19, 20). Ӕмӕ афтӕмӕй мах хурмӕ калӕм Хӕйрӕджы фыдхъуыддӕгтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бар куы уаид, уӕд уыцы хъуыддаг ӕрлӕууын кӕнид. Фӕлӕ уый йӕ бон нӕу. Уӕдӕ нӕ фыдгӕнӕг тыхтӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Библийы фыст ис: «Йегъовӕйы цӕстытӕ фӕлгӕсынц ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Аз. 16:9). Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд нын дӕлимонтӕ ахӕм зиан нӕ ракӕндзысты, ӕмӕ йын сраст кӕнӕн мауал уа.

ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ЙӔ НЫФС ЧИ ДАРЫ, УЫДОН ЦАВӔР АРФӔДЗИНӔДТӔЙ СХАЙДЖЫН УЫДЗЫСТЫ?

16, 17. Фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн хъӕбатырдзинад кӕй фӕхъӕуы, уый цавӕр цӕвиттонӕй бӕрӕг у?

16 Фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад, уӕлдайдӕр та, цавӕрдӕр хабӕрттӕ куы нал фӕкӕнӕм ӕмӕ нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ не ’мбӕлттӕ уый тыххӕй нӕ ныхмӕ куы свӕййынц, уӕд. Ахӕм хъӕбатырдзинад чи равдисы, уыдонӕн Йегъовӕ раарфӕ кӕны. Ӕркӕсӕм, Ганӕйы чи цӕры, иу ахӕм хойы цӕвиттонмӕ. Йӕ ном хуыйны Эрикӕ. Уый 21-аздзыдӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Йӕ фыд дзуарылӕг у, ӕмӕ-иу сӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ хъуыди нывонды дзидза бахӕрын, цӕмӕй-иу мӕрдты – сӕ рагфыдӕлты – хорзӕх ссардтаиккой. Фӕлӕ Эрикӕ йӕ бинонтӕн загъта, уыцы ӕгъдау кӕй нал ӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ йын уыдон бафидис кодтой, нӕ рагфыдӕлты, дам, ницӕмӕ дарыс. Тарстысты, куы сӕм фӕфыдӕх уой, уымӕй, зӕгъгӕ, дам, нын нӕ сӕрызонд фӕцӕуын кӕндзысты ӕмӕ ныл исты низ бафтаудзысты.

17 Эрикӕйӕн йӕ бинонтӕ уыцы ӕгъдау тыххӕй ӕххӕст кӕнын кодтой, фӕлӕ уый нӕ бакуымдта, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй бахъуыд хӕдзарӕй ӕцӕуын. Фӕлӕ уынджы нӕ баззад, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ суазӕг кодтой. Афтӕмӕй йын Йегъовӕ балӕвар кодта чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты, ӕмӕ йын бинонты хуызӕн систы (Мар. 10:29, 30). Кӕд Эрикӕйыл йӕ бинонтӕ сӕ къух систой ӕмӕ ма йын суанг йӕ дзаумӕттӕ дӕр басыгътой, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад, донаргъуыд райста ӕмӕ ныр лӕггад кӕны пионерӕй. Дӕлимонтӕн нӕ бантыст Эрикӕйыл тас бафтауын. Эрикӕ загъта: «Алы бон дӕр фӕкувын, цӕмӕй мӕ бинонтӕ Йегъовӕйы базоной ӕмӕ, адӕймаг нӕ уарзӕгой Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы сӕрибардзинадӕй хайджын вӕййы, уыдон дӕр уыцы сӕрибардзинадӕй схайджын уой».

18. Нӕ ныфс Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй алкӕмӕн нӕ уырнындзинад Эрикӕйау фӕлвӕрд не ’рцӕудзӕн. Фӕлӕ нӕ уӕддӕр алкӕй дӕр хъӕуы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар лӕууын ӕмӕ нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзыстӕм, стӕй ныл Хӕйрӕг хинӕй нӕ рацӕудзӕн. Уымӕй уӕлдай нӕ кӕд дӕлимонтӕ тас бауадзыныл архайынц, уӕддӕр Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕндзыстӕм. Сӕйраджыдӕр та афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕнгомдӕр кӕндзыстӕм. Библийы фыст ис: «Уӕхи Хуыцауы бар бакӕнут, Хӕйрӕгӕн та йӕ ныхмӕ слӕуут, ӕмӕ уӕ алидздзӕн. Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:7, 8).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Фыдгӕнӕг тыхтӕ адӕмы куыд сайынц?

  • Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн?

  • Фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ фидар куы лӕууӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын?

150 ЗАРӔГ Хуыцауы агур, ӕмӕ фервӕзай

a Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи фыдгӕнӕг тыхтӕй хъахъхъӕнӕм ӕмӕ нын ӕмбарын кӕны, цы зиан хӕссынц, уый. Фыдгӕнӕг тыхтӕ адӕмы куыд сайынц? Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй сӕ ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм? Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сӕ хин митӕй нӕхи бахизӕм.

b АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Спиритизммӕ хауынц хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ. Уыцы ахуырӕдтӕй иу у ахӕм, ӕмӕ, дам, мӕрдтӕн сӕ бон у удӕгӕстимӕ ныхас кӕнын, сӕйраджыдӕр, мӕрдтимӕ чи фӕныхас кӕны, уыдоны уылты. Спиритизммӕ ма хауынц астрологи, дӕсны фӕрсын ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ. Стӕй ма уымӕ хауы, адӕмы мӕнг цыдӕртӕ кӕй фӕуырны, уый тыххӕй цӕмӕйдӕрты кӕй фӕтӕрсынц, уый дӕр. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, хи аирхӕфсыны тыххӕй ӕмӕ иннӕты дисы бафтауыны тыххӕй цы фокустӕ февдисынц, уыдон спиритизммӕ нӕ хауынц.

c Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, цавӕр ирхӕфсӕнтӕ ис ӕвзарӕн, уый фӕдыл цавӕрдӕр закъӕттӕ не ’вӕрынц. Чырыстон, цавӕр чингуытӕ кӕсдзӕн, цавӕр видеохъӕзтытӕй хъаздзӕн кӕнӕ цавӕр кинотӕм кӕсдзӕн, уый ӕвзаргӕйӕ хъуамӕ хъуыды кӕна, йе ’фсарм ын Библимӕ гӕсгӕ цы дзуры, ууыл. Ӕмбаргӕ бинонты хистӕр йӕ хъус фӕдары, цӕмӕй, йӕ бинонтӕ цы ирхӕфсӕнтӕ равзарынц, уыдон Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ ма уой. (Кӕс сайты jw.org® статья «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уый бар ис, цӕмӕй цыфӕнды кинотӕм дӕр кӕсой, цыфӕнды зарджытӕм дӕр хъусой ӕмӕ цыфӕнды чингуытӕ дӕр кӕсой?» хайы МАХ ТЫХХӔЙ > АРӔХДӔР КӔЙ ФӔДӔТТЫНЦ, УЫЦЫ ФАРСТАТӔ.)

d НЫВ. Йесо Чырысти у хъомысджын Паддзах ӕмӕ уӕларвон ӕфсады сӕргълӕууӕг.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын