Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w19 июнь 31 ф.
  • Рагон тыхтон «райхӕлдтой»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Рагон тыхтон «райхӕлдтой»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Денджызы зарӕг» – хид дыууӕ рӕстӕджы ’хсӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • ЗЫДТАЙ ЙӔ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2016
  • Куыд ӕрцыд хъахъхъӕд ацы чиныг?
    Чиныг алкӕмӕндӕр
  • Йезекил тынг уарзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнын
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
w19 июнь 31 ф.
 Эйн-Гедийы сыгъдтытӕ тыхтон; ног компьютерон программӕты ӕххуысӕй тыхтон райхӕлдтой

Рагон тыхтон «райхӕлдтой»

1970 азы Эйн-Гедийы цы сыгъдтытӕ тыхтон ссардтой, уый ахуыргӕндтӕн ныронг сӕ бон бакӕсын нӕ уыд. Фӕлӕ ӕрӕджы нырыккон технологиты фӕрцы сбӕрӕг кодтой, уыцы тыхтоны фыст кӕй ис цалдӕр стихы Левиты чиныгӕй ӕмӕ дзы кӕй ӕмбӕлы Хуыцауы ном

1970 азы Израилы, Эйн-Гедийы, Мард денджызы ныгуылӕн былгӕронмӕ хӕстӕг археологтӕ ӕмбырдгӕнӕн къахгӕйӕ ссардтой тынг сыгъдтытӕ тыхтон. Уыцы ӕмбырдгӕнӕн уыд, ӕвӕццӕгӕн, н. э. 6 ӕнусы кӕй басыгътой, уыцы хъӕуы. Тыхтон ахӕм уавӕры уыд, ӕмӕ йын йӕ фыстытӕ бакӕсӕн нӕ уыди, суанг ӕй райхалӕн дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уӕд аскъуыдаид. Фӕлӕ нырыккон технологиты фӕрцы (3-D сканер) ахуыргӕндтӕ уыцы тыхтон «райхӕлдтой». Ног компьютерон программӕты ӕххуысӕй та сӕ бон сси бакӕсын, цы фыст дзы уыд, уый.

Уыцы тыхтоны ис скъуыддзаг Библийӕ. Тыхтонӕй цы хӕйттӕ баззад, уыдоныл фыст ис цалдӕр стихы Левиты чиныджы райдианӕй. Уыцы стихты ӕмбӕлы Хуыцауы ном тетраграмматонӕй фыстӕй. Иртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы тыхтон фыст ӕрцыд н. э. 50 азӕй н. э. 400 азы ’хсӕн. Уӕдӕ Мард денджызмӕ ’ввахс Кумраны цы тыхтӕттӕ ссардтой, уыдоны фӕстӕ ацы тыхтон у дзуттаг ӕвзагыл фыст тыхтӕттӕй ӕппӕты рагондӕр. Газет «Джерузалем пост»-ы Гиль Зоар ныффыста: «Эйн-Гедийы Левиты чиныгӕй цы скъуыддзаг ссардтой, уый цалынмӕ нӕ бон бакӕсын нӕ баци, уӕдмӕ нӕм иу ахӕм тыхтон дӕр нӕ уыд, цӕмӕй фыст ӕрцыдаид, Мард денджызы тыхтӕттӕ фыст куы ӕрцыдысты, уӕдӕй (ома дыккаг кувӕндоны заманы кӕронӕй), Алеппойы кодекс фыст куы ӕрцыд, уӕдмӕ (ома нӕ эрӕйы 10 ӕнусмӕ) цы мин азы рацыд, уыцы рӕстӕг». Иртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы тыхтоны цы фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Торӕйы масоретаг текст «миназы дӕргъы [кӕй] нӕ фӕивта, стӕй дзы къопитӕ чи кодта, уыдоны рӕдыдтытӕ дӕр ын йӕ хъуыды [кӕй] нӕ фӕивтой».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын