«Хицауӕн зӕрдӕбынӕй кусӕг сылгоймӕгтӕ»
1 Ахӕм ныхӕстӕ Павел загъта Трифенӕ ӕмӕ Трифосӕй — Ромы ӕмбырды зӕрдӕбынӕй цы хотӕ лӕггад кодта, уыдонӕй. Уый ӕндӕр хо Персидӕйӕ загъта, зӕгъгӕ, уый «бирӕ бакуыста Хицауӕн». Уый ма раппӕлыд Фивӕйӕ ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «бирӕты хъахъхъӕны» (Ром. 16:2, 12, НД). Сыгъдӕг Фыстады Тавифӕйы тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ йӕм «уыдис... бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ бирӕ хорзӕхтӕ кодта» (Ап. к. 9:36). Цӕй арфӕдзинад сты ӕмбырдӕн духовон сылгоймӕгтӕ!
2 Не ’мбырды зӕрдӕбынӕй цы хотӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн аргъ кӕнӕм? Уыдон фылдӕр цӕуынц уацамынды, уыдон фылдӕр адӕмимӕ ахуыр кӕнынц Библи ӕмӕ ӕххуыс кӕнынц ног ӕрбацӕуджытӕн. Уыдон ма сӕ сывӕллӕттӕн дӕр арынц рӕстӕг, цӕмӕй духовон ӕгъдауӕй ӕнтыстджын уой. Чырыстон сылгоймӕгтӕ ма архайынц, цӕмӕй ӕмбырды уа уарзондзинад, циндзинад, сабырдзинад ӕмӕ ӕнувыддзинад. Уыдон бирӕ хъуыддӕгты кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ лӕгтӕ ӕмӕ сӕ бинонтӕ Иегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнынц.
3 Ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады архайӕг хотӕ. Хицауӕн ма зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕнынц хотӕ-миссионертӕ, уыдонӕй бирӕтӕ хайад истой фӕсарӕнты Паддзахады хъуыддаг сфидар кӕныны хъуыддаджы. Районон цӕстдарджытӕ цы ӕмбырдты вӕййынц, уым сӕ устытӕ уацамынды цӕуынц бирӕ хотимӕ ӕмӕ сӕ духовон ӕгъдауӕй фидар кӕнынц. Зӕгъын ма хъӕуы, Вефилы зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕны ӕмӕ Иегъовӕйы организацийӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы хоты тыххӕй дӕр. Нӕ хотӕ, ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ, Хуыцауӕн зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уый руаджы милуангай адӕм базыдтой ӕцӕгад.
4 Ацы иузӕрдион сылгоймӕгтӕ райгонд сты сӕ сӕруӕлдай цардӕй (1 Тим. 6:6, 8). Уыдон уый аккаг сты, цӕмӕй сӕ ӕппӕлӕм, рӕвдауӕм ӕмӕ сын нӕ бон цы у, уымӕй ӕххуыс кӕнӕм.
5 Иегъовӕйы организацийы чырыстон хотӕ зынаргъ сты, уымӕн ӕмӕ сӕ иузӕрдион лӕггаддзинад махӕй алкӕмӕндӕр хӕссы арфӕдзинад. Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр аргъ кӕнӕм ахӕм сылгоймӕгтӕн ӕмӕ кувӕм Иегъовӕмӕ, цӕмӕй арфӕ кӕна, «Хицауӕн зӕрдӕбынӕй [чи] кусы», уыдонӕн.