Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/00 3–6 фф.
  • Хорз уацхъуыд ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хорз уацхъуыд ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзур фидарӕй
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Лӕууӕм алцӕмӕйдӕр цӕттӕйӕ ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндгӕйӕ
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
  • Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахӕм зондыл аразут, цӕмӕй фервӕзой
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Фидарӕй дӕ уырны, цӕуыл ӕууӕндыс, уый рӕстдзинад кӕй у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
km 2/00 3–6 фф.

Хорз уацхъуыд ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм

1 Н. э. I ӕнусы Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, зӕгъгӕ, Паддзахады хорз уацхъуыд хъусын кӕнут ӕмӕ «ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут ӕппӕт адӕмтӕй» (Матфейы 24:14; 28:19, 20, НД). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йын йӕ ныхӕстӕ тынг ахсджиагыл нымайынц ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ XX-ӕм ӕнусы кӕрон нӕ чырыстон ӕфсымӕрады нымӕц 234 бӕстӕйы сырӕзт 5 900 000 ахуыргӕнинаджы онг. Цӕй стыр кад у уый нӕ уӕларвон Фыдӕн!

2 Мах бакъахдзӕф кодтам XXI-ӕм ӕнусмӕ. Не Знаг архайы, цӕмӕй нӕ фӕиппӕрд кӕна нӕ сӕйраг куыстӕй — Паддзахады уацхъуыд хъусын кӕнынӕй ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕй. Уый ныл ӕндавы ацы цардыуагон системӕйы уылты ӕмӕ архайы, цӕмӕй фылдӕр ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕм дарӕм нӕ хъус ӕмӕ сыл нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ хардз кӕнӕм. Царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый зонӕм Хуыцауы Ныхасӕй — Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын — ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ ацы системӕ хъуамӕ ма амона, ахсджиаг цы у, уый (Ром. 12:2). Уый нысан кӕны Библийы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын «хъусын кӕн дзырд, афонӕй ӕнафонӕй... дӕ куыст ӕххӕст кӕн» (2 Тим. 4:2, 5).

3 Дызӕрдыг ма кӕнут. Чырыстӕттӕ хъуамӕ «ӕххӕст уой ӕмӕ Хуыцауы фӕндоныл ма дызӕрдыг кӕной» (Кол. 4:12, НД). «Нӕ дызӕрдыг кӕнын» нысан кӕны «фидарӕй цӕуылдӕр ӕууӕдын, фидар уырнындзинад истӕуыл, кӕнӕ искӕуыл». Куыд чырыстӕттӕ, афтӕ хъуамӕ ӕууӕндӕм, Хуыцауы пехуымпарадон ныхас ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ фӕстаг бонты фӕуды кӕй цӕрӕм, ууыл. Махӕн дӕр апостол Павелау хъуамӕ уа фидар уырнындзинад. Уый загъта, зӕгъгӕ, хорз уацхъуыд у «Хуыцауы тых ирвӕзындзинадмӕ, алкӕцы ӕууӕндӕгӕн дӕр» (Ром. 1:16).

4 Хӕйрӕг пайда кӕны, чи рӕдийы ӕмӕ иннӕты дӕр чи рӕдийын кӕны, ахӕм фыдзӕрдӕ адӕмӕй ӕмӕ сайджытӕй (2 Тим. 3:13). Уымӕй нӕ кӕй бафӕдзӕхста, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт тыхтӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм нӕ дин раст кӕй у, ууыл. Цӕмӕй нӕ ӕнувыддзинад царды сагъӕстӕй ма бамынӕг уа, уый тыххӕй фыццаг бынаты ӕвӕрӕм Паддзахады хъуыддӕгтӕ (Мтф. 6:33, 34). Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм цы рӕстӕджы цӕрӕм, ӕмӕ ма хъуыды кӕнӕм, ацы цардыуагон системӕйы кӕрон тагъд кӕй не ’рцӕудзӕн, ууыл. Уый ӕвӕстиатӕй ӕрхӕстӕг кӕны (1 Петры 4:7, НФ). Чи зоны хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, бирӕ бӕстӕты ӕцӕгады тыххӕй адӕмӕн фехъусын кодтой, фӕлӕ дзы ницы ӕнтыстдзинӕдтӕ ис, уӕддӕр уымӕ нӕкӕсгӕйӕ, хъуамӕ дарддӕр дӕр адӕмы фӕдзӕхсӕм (Иез. 33:7—9).

5 Ацы фӕстаг бонты хъуамӕ нӕхимӕ раттӕм ахӕм ахсджиаг фарстытӕ: Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны тыххӕй цы фӕдзӕхст ратта, уымӕ мын раст ахаст ис? Хорз уацхъуыд хъусынгӕнгӕйӕ фидарӕй ӕууӕндыс Паддзахадыл? Ирвӕзынгӕнӕн куысты мӕ фылдӕр хайад исын фӕнды ӕви нӕ? Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый ӕмбаргӕйӕ, хъуамӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм нӕхиуыл, куыд хъусын кӕнӕм ӕмӕ куыд амонӕм, ууыл. Афтӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр фервӕздзыстӕм ӕмӕ ма нӕм чи хъуса, уыдон дӕр (1 Тим. 4:16). Куыд лӕггадгӕнджытӕ, афтӕ нӕ бон куыд у нӕ уырнындзинад бафидар кӕнын?

6 Фӕзмӕм фессалоникӕгты. Фессалоникӕйы цӕрӕг ӕфсымӕрты зӕрдиаг куыстыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, Павел загъта: «Уымӕн ӕмӕ цы цины хабар хъусын кӕнӕм, уый сымах ӕхсӕн ӕрмӕст ныхӕсты нӕ рабӕрӕг, фӕлӕ тыхы, сыгъдӕг уды, ӕмӕ фидар уырнындзинады, уӕхӕдӕг куыд зонут, афтӕмӕй мах сымах тыххӕй ахӕмтӕ систӕм; бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ, сымах дзырд сыгъдӕг уды циндзинадимӕ райстад, ӕмӕ райдыдтат фӕзмын мах ӕмӕ Хицауы» (1 Фес. 1:5, 6, НД). Павел ӕппӕлыд фессалоникӕйы ӕмбырдӕй, уымӕн ӕмӕ зындзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ, уыдон хъусын кодтой зӕрдӕбынӕй ӕмӕ ныфсджынӕй. Цы сын баххуыс кодта уыцы хъуыддаджы? Уыдоныл хорзырдӕм бандӕвтой апостол Павел ӕмӕ йе ’мкусджыты ӕнувыддзинад ӕмӕ ныфсхастдзинад. Куыд?

7 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлцӕттӕ сӕ цардӕй сбӕлвырд кодтой, Хуыцауы сыгъдӕг уд сыл кӕй уыд ӕмӕ сӕ зӕрдӕбынӕй кӕй уырныдта, цы хъусын кодтой, уый. Павел ӕмӕ Силӕйы, Фессалоникӕмӕ ӕрцӕуыны хӕдразмӕ, Филиппы тынг бафхӕрдтой. Ӕнӕ тӕрхонӕй сӕ фӕнадтой, ахӕстоны сӕ ныппӕрстой ӕмӕ сыл хъадамантӕ бакодтой. Фӕлӕ сыл уый нӕ бандӕвта, уӕддӕр хорз уацхъуыд ныфсджынӕй хъусын кодтой. Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ сӕ рауагътой, ахӕстон хъахъхъӕнӕг ӕмӕ йӕ бинонты чырыстон фӕндагыл слӕууын кодтой ӕмӕ сӕ лӕггаддзинад адарддӕр кодтой (Ап. к. 16:19—34).

8 Хуыцауы сыгъдӕг уд Павелы бафидар кодта, ӕмӕ уый ӕрцыд Фессалоникӕмӕ. Уым райдыдта кусын, цӕмӕй йӕхи дардтаид ӕмӕ уый фӕстӕ фессалоникӕгтӕн ӕцӕгад амонын райдыдта. Уый алы фадатӕй дӕр пайда кодта хорз уацхъуыд хъусын кӕнынӕн (1 Фес. 2:9). Павел афтӕ ныфсджынӕй хъусын кодта ӕмӕ бынӕттон цӕрджытӕй иуӕй-иутӕ сӕ гуымирытӕ ныууагътой ӕмӕ систы ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ (1 Фес. 1:8—10).

9 Аргъуыд ӕрӕджы чи райста, уыдон сурындзинӕдтӕй нӕ фӕтарстысты ӕмӕ дарддӕр хорз уацхъуыд хъусын кодтой. Фессалоникӕгты сӕ ног уырнындзинад ӕмӕ ӕнусон арфӕдзиндӕтыл фидар ныфс сразӕнгард кодта, цӕмӕй цингӕнгӕйӕ цы ӕцӕгад райстой, уый хъусын кодтаиккой. Фессалоникӕйы ӕмбырд афтӕ зӕрдӕбынӕй хъусын кодта, ӕмӕ сӕ уырнындзинад ӕмӕ сӕ ӕнувыддзинады хабар айхъуыст ӕгас Македонийыл ӕмӕ ма Ахайыл дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Павел йӕ фыццаг ӕрвыст Фессалоникӕгтӕм куы фыста, уӕд сӕ хорз хъуыддӕгтӕ хъуыстгонд уыдысты (1 Фес. 1:7). Цӕй диссаджы цӕвиттон у!

10 Уарзондзинадӕй разӕнгард сты Хуыцаумӕ ӕмӕ адӕммӕ. Абон хорз уацхъуыд хъусынгӕнгӕйӕ куыд уыдзыстӕм фессалоникӕгтау ныфсджын. Павел уыдон тыххӕй фыста: «Ӕнӕрынцойӕ нӕ зӕрдыл дарӕм уӕ уырнындзинады хъуыддаг ӕмӕ уарзондзинады фӕллой» (1 Фес. 1:3). Бӕрӕг у, уыдон тынг кӕй уарзтой Иегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ кӕмӕн хъусын кодтой, уыцы адӕмы. Растдӕр уыцы уарзондзинад сразӕнгард кодта Павел ӕмӕ йе ’мбӕлццӕтты фессалоникӕгтӕн раттынмӕ «ӕрмӕст Хуыцауы хорз уацхъуыд нӕ, фӕлӕ сӕ удтӕ дӕр» (1 Фес. 2:8).

11 Афтӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ ӕмӕ не ’ввахсонтӕм мах дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, Хуыцау нын цы куыст бахӕс кодта, уым. Ахӕм уарзондзинад нӕм кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ ӕмбарӕм, хорз уацхъуыд хъусын кӕнын нын сӕрмагондӕй Хуыцау кӕй бахӕс кодта, уый. «Ӕцӕг цард» ссарынӕн нын Иегъовӕ цыдӕриддӕр аразы, уый тыххӕй дзы стӕм стыр бузныг ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фӕнды, зӕрдӕбынӕй цы диссаджы ӕцӕгӕдтыл ӕууӕндӕм, уый адӕмӕн дзурын (1 Тим. 6:19, НД).

12 Цас фылдӕр хъусын кӕнӕм, уыйас нӕ уарзондзинад Иегъовӕмӕ ӕмӕ адӕммӕ тынгдӕр кӕны. Ахӕм уарзондзинад нӕм куы уа, уӕд нӕ фӕнддзӕн фылдӕр хъусын кӕнын хӕдзарӕй-хӕдзармӕ ӕмӕ ма ӕндӕр рӕтты уацамынд кӕнын дӕр. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм нӕ хӕстӕджытӕн, нӕ сыхӕгтӕн ӕмӕ нӕ зонгӕтӕн. Цы хорз уацхъуыд дзурӕм адӕмӕн, уый бирӕтӕ кӕд нӕ исынц, иуӕй-иутӕ та кӕд Паддзахады уацхъуыд нӕ уадзынц хъусын кӕнын, уӕддӕр цин кӕнӕм. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Паддзахады тыххӕй уацамынды ӕмӕ адӕмы фервӕзын кӕныны хъуыддаджы нӕ бон цы уыди, уый кӕй сарӕзтам. Ӕмӕ нын Иегъовӕ баххуыс кӕндзӕн рӕстдзинадуарзӕг адӕмы ссарынӕн. Ӕгӕрыстӕмӕй, уӕззау уавӕрты куы бахауӕм ӕмӕ нын Сайтан нӕ циндзинад фесафыныл куы архайа, уӕддӕр нӕ ныфс нӕ фесафдзыстӕм ӕмӕ адӕмӕн ӕнувыдӕй хъусын кӕндзыстӕм. Махӕй алчидӕр йӕ хӕс куы ӕххӕст кӕна, уӕд ӕмбырдтӕ Фессалоникӕйы ӕмбырдау зӕрдиагӕй лӕггад кӕндзысты.

13 Фидар фӕлӕуу фӕлварӕнты. Алыхуызон фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ ныфсджын уӕм (1 Петры 1:6, 7). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хорз бамбарын кодта, зӕгъгӕ, йӕ фӕдыл куы ацӕуой, уӕд «ӕнӕуынон уыдзысты ӕппӕт адӕмӕн» (Мтф. 24:9). Уый Павел ӕмӕ Силӕ бавзӕрстой Филиппы куы уыдысты, уӕд. Куыстыты 16-ӕм сӕры дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Павел ӕмӕ Силӕйы ныппӕрстой мидӕггаг ахӕстоны ӕмӕ сыл хъадамантӕ бакодтой. Сӕйраг ахӕстон уыд кӕрты хуызӕн, уыдис дзы камерӕтӕ ӕмӕ сӕм фаг уӕлдӕф ӕмӕ рухс цыд. Мидӕггаг ахӕстонмӕ та рухс нӕ цыд ӕмӕ дзы уӕлдӕф дӕр нӕ фаг кодта. Павел ӕмӕ Силӕйы ныппӕрстой тынг ӕвзӕр ран, хъизӕмар кодтой талынджы, уым уыд ӕнтӕф ӕмӕ смаг. Ахъуыды ма кӕн, цы рыст ӕвзӕрстой хъадаманты сахатгай бадгӕйӕ, тынг над ӕмӕ арф хъӕдгӕмттимӕ!

14 Уыцы фӕлварӕнтӕм нӕкӕсгӕйӕ, Павел ӕмӕ Силӕ иузӕрдионӕй баззадысты. Зындзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ, уыдон уыдысты ныфсджын, ӕмӕ сӕ сӕ ныфс Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны фидар кодта. Уый тыххӕй фыст ис Хъ 16-ӕм сӕры 25-ӕм стихы, зӕгъгӕ, Павел ӕмӕ Силӕ «кувгӕйӕ, Хуыцауӕн кады зарӕг кодтой». Павел ӕмӕ Силӕ кӕд мидӕггаг ахӕстоны уыдысты, уӕддӕр сӕ афтӕ тынг уырныдта, Хуыцау сӕ райгонд кӕй у, ӕмӕ сӕ зарын иннӕ ахӕстытӕм дӕр хъуыст! Мах дӕр фӕлварӕнты хъуамӕ афтӕ ныфсджын уӕм.

15 Хӕйрӕг нын тынг бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарын кӕны. Иуӕй-иутӕн йӕ бинонтӕ йӕ ныхмӕ свӕййынц. Не ’фсымӕртӕй бирӕты бахъӕуы тӕрхондоны ӕххуыс. Иуӕй-иу хатт нӕ ныхмӕ рацӕуынц аздӕхджытӕ дӕр. Уыдоныл ма ис уӕззау финансон хӕстӕ ӕмӕ ма тыхсынц сӕ цардыл дӕр. Скъолайы фӕсивӕды хъыгдарынц се ’мгӕрттӕ. Куыд ис ацы фӕлварӕнтӕ сфӕразӕн? Цы хъӕуы ныфсджын уӕвынӕн?

16 Фыццаг ӕмӕ ӕппӕты ахсджиагдӕр — Иегъовӕимӕ нын хъуамӕ уа хорз ахастытӕ. Павел ӕмӕ Силӕ мидӕггаг ахӕстоны куы уыдысты, уӕд сӕ рӕстӕг хуымӕтӕджы нӕ сӕфтой, хъаст нӕ кодтой ӕмӕ сӕхиуыл дӕр нӕ мӕт кодтой. Уыдон Хуыцаумӕ скуывтой ӕмӕ йӕ зарӕджы скадджын кодтой. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сын сӕ уӕларвон Фыдимӕ хорз ахастытӕ уыд. Уыдон ӕмбӕрстой, рӕстдзинады тыххӕй кӕй хъизӕмар кодтой ӕмӕ сӕ ирвӕзындзинад Иегъовӕйыл кӕй уыд баст, уый (Пс. 3:9).

17 Абон мах дӕр фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ Иегъовӕмӕ кувӕм. Куыд чырыстӕттӕ, афтӕ нӕ Павел разӕнгард кӕны, цӕмӕй «ӕргом кӕнӕм нӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ» (Фил. 4:6, 7). Куыд ӕхсызгон у зонын, Иегъовӕ нӕ иунӕгӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн фӕлварӕнты, уый! (Ис. 41:10). Цалынмӕ йын зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕнӕм, уӕдмӕ немӕ уыдзӕн (Пс. 45:8).

18 Цӕмӕй ныфсджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕйы хъуыддаджы иудадзыг хайад исӕм (1 Кор. 15:58). Павел ӕмӕ Силӕйы ахӕстоны бакодтой хорз уацхъуыд кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй. Фӕлварӕнты кӕй бахаудысты, уый тыххӕй нал хъусын кодтой? Нӕ, уыдон ма хъусын кодтой ахӕстоны дӕр, ӕмӕ сӕ куы рауагътой, уӕд ацыдысты Фессалоникӕмӕ ӕмӕ бацыдысты иудейты ӕмбырдгӕнӕнмӕ, цӕмӕй «ныхас кодтаиккой семӕ Фыстытӕй» (Ап. к. 17:1—3). Иегъовӕйыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм ӕмӕ фидарӕй куы зонӕм, нӕ дин раст кӕй у, уӕд ницы «ахицӕн кӕндзӕн мах Хуыцауы уарзондзинадӕй нӕ Хицау Йесо Чырыстийы мидӕг» (Ром. 8:35—39).

19 Фидар уырнындзинады цӕвиттонтӕ абон. Абон дӕр бирӕтӕ сты Павел ӕмӕ Силӕйау ныфсджын. Освенцимы концлагеры удӕгасӕй чи баззад, ахӕм хо дзуры не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты фидар уырнындзинад ӕмӕ ныфсы тыххӕй. Уый загъта: «Иухатт мӕм концлагеры фӕсидтысты, ӕмӕ мӕм афицер йӕ къухтӕ тилгӕйӕ бацыд. „Цы уын саразӕм! — райдыдта хъӕр кӕнын. — Фӕнды уӕ ахсгӕ кӕн, фӕнды уӕ ахӕстоны ӕппар, уӕлдай уын нӕу. Концлагермӕ уӕ арвитынц, уӕддӕр уӕм ницы хъары. Мӕлӕты тӕрхон уын рахӕссынц, ӕмӕ цыма ницы ’рцыди, афтӕ уӕхи дарут. Цы ма уын саразӕм?“». Ӕфсымӕртӕ ахӕм уӕззау уавӕрты кӕй бафӕрӕзтой, уый нын нӕ уырнындзинад куыд тынг фидар кӕны! Цӕмӕй бафӕрӕзтаиккой, уый тыххӕй ӕппынӕдзух Иегъовӕйӕ ӕххуыс куырдтой.

20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах иууылдӕр хъуыды кӕнӕм, ивгъуыд азты нацитӕ кӕрӕдзиимӕ куы тох кодтой, уӕд не ’фсымӕртӕ цы фидардзинад равдыстой, уый. Тӕссагдзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕртӕ архайынц, цӕмӕй ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ духовон хӕринаг исой. Уыдон дарддӕр дӕр Хуыцауӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, «сӕ ныхмӕ арӕзт хӕцӕнгӕрзтӕй, иу дӕр ӕнтыстджын [кӕй] нӕ уыдзӕн» (Ис. 54:17).

21 Не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй се ’мкъайтӕ ӕнӕуырнӕг кӕмӕн сты, уыдон дӕр ӕвдисынц фидар уырнындзинад ӕмӕ фӕразондзинад. Гваделупӕйы иу ӕфсымӕрӕн йӕ ус йӕ ныхмӕ тынг цыдис. Цӕмӕй йын йӕ ныфс асастаид ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕм мауал цыдаид, уый тыххӕй йын хӕринаг нал арӕзта, йӕ дарӕс ын нал ӕхсадта, нӕдӕр иту ӕвӕрдта ӕмӕ нӕдӕр хуыйгӕ кодта. Цасдӕр та-иу ӕм дзыхӕй дӕр нӕ дзырдта. Фӕлӕ ацы ӕфсымӕр Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта ӕмӕ дзы куывды ӕххуыс кӕй куырдта, уый руаджы фӕрӕзта. Цас? 20 азы бӕрц. Уый фӕстӕ йӕ ус гыццыл ӕрфӕлмӕн. Ӕппынфӕстаг стыр циндзинад банкъардта, йӕ ус Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнӕг куы сси, уӕд.

22 Уыимӕ ма нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм нӕ ӕвзонг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты фидардзинад, уыдон алы бон дӕр цӕуынц скъоламӕ, се ’мгӕрттӕ сыл алы бон дӕр ӕндавынц, ӕмӕ ма ӕндӕр зындзинӕдтыл дӕр ӕмбӕлынц. Иу ӕвзонг Ӕвдисӕн радзырдта, скъолайы цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлы, уый тыххӕй: «Скъолайы мӕ ме ’мбӕлттӕ ӕппынӕдзух разӕнгард кӕнынц фыдуаг хъуыддӕгтӕм. Фыдуаг митӕ куы нӕ кӕнай, уӕд дӕ иннӕ сывӕллӕттӕ ницӕуыл нымайынц». Цӕй стыр ӕндӕвдад ис нӕ фӕсивӕдыл! Цӕмӕй фӕлварӕнты бафӕразой, уый тыххӕй хъуамӕ хъахъхъӕной сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ.

23 Фӕлварӕнтӕм нӕкӕсгӕйӕ, не ’взонг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй бирӕтӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй сӕхи хизынц. Ӕркӕсӕм Францӕй иу ӕвзонг хойы цӕвиттонмӕ. Иухатт ӕм фӕссихор цалдӕр лӕппуйы бацыд ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй сын апъа кодтаид, фӕлӕ уый куывта ӕмӕ сӕ ныхмӕ афтӕ тынг фӕлӕууыд, ӕмӕ йӕ лӕппутӕ ныууагътой. Цасдӕры фӕстӕ сӕ иу ӕрбаздӕхт ӕмӕ йын загъта, йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй дзы кӕй фӕбузныг. Нӕ хо йын Паддзахады тыххӕй радзырдта ӕмӕ йын бамбарын кодта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ радта бӕрзонд хӕрзӕгъдау нормӕтӕ, Паддзахады арфӕдзинӕдтӕ райсын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Уыцы ахуыры аз ма уый йӕ дины тыххӕй радзырдта ӕнӕхъӕн къласӕн дӕр.

24 Цӕй стыр кад у, Иегъовӕ кӕмӕй пайда кӕны, уыдоны ’хсӕн кӕй стӕм, цӕмӕй ныфсджынӕй йӕ фӕндоны тыххӕй хъусын кӕнӕм! (Кол. 4:12). Уыимӕ ма нӕ ныхмӕ домбайау Сайтан Хӕйрӕг куы рацӕуы, уӕд нын уый диссаджы фадат дӕтты нӕ ӕнаипдзинад сбӕлвырд кӕнынӕн (1 Петры 5:8, 9). Макуы дӕ рох кӕнӕд, Иегъовӕ Паддзахады уацхъуыдӕй кӕй пайда кӕны, цӕмӕй фервӕзын кӕна, чи йӕ хъусын кӕны ӕмӕ ма йӕм чи хъусы, уыдоны дӕр. Нӕ уынаффӕтӕ ӕмӕ нӕ цардӕй равдисӕм, ӕппӕты ахсджиагдӕр нын Паддзахад кӕй у, уый! Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын