Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 2/01 8 ф.
  • Иегъовӕ дӕтты хъару

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иегъовӕ дӕтты хъару
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иегъовӕ ӕххуыс кӕны фӕллад адӕймагӕн
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • «Агурут Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ тых»
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Йегъовӕ дын тых дӕтдзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • Хорз цы у, уый аразгӕйӕ ма бафӕллайут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
km 2/01 8 ф.

Иегъовӕ дӕтты хъару

1 Апостол Павелы тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Куыстыты чиныг кӕсгӕйӕ ӕмбарӕм, Иегъовӕйӕн куыд зӕрдиагӕй лӕггад кодта, уый. Павелӕн уый куыд ӕнтыст? Уый загъта: «Алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13, НД). Гӕнӕн ис, ӕмӕ, Иегъовӕ цы хъару дӕтты, уый махӕн дӕр ӕххуыс кӕна. Куыд? Нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нын цы ӕхсӕз мадзалы сарӕзта, уыдонӕй пайда кӕнгӕйӕ.

2 Хуыцауы Ныхас. Цӕмӕй нӕм тых уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы хӕрын, ӕмӕ цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фесафӕм, уый тыххӕй та хъуамӕ нӕхи ӕфсадӕм Хуыцауы Ныхасӕй (Матф. 4:4). Библи нын дӕтты хъару, цӕмӕй ма фӕцудӕм. Цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕцӕгад зӕрдӕбынӕй уарзӕм ӕмӕ йӕ макуы ныууадзӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, алыбон дӕр хъуамӕ сӕрмагондӕй лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм Библи ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм (Пс. 1:2, 3).

3 Куывд. Ахсджиаг у Иегъовӕмӕ хӕстӕгдӕр кӕнын, уӕлдайдӕр та тыхст рӕстӕджы. Йӕ сыгъдӕг уды уылты уый хайджын кӕны йӕ хъаруйӕ, уый тыххӕй йӕм чи кувы, уыдоны (Лук. 11:13; Еф. 3:16, НФ). Фыстад нӕ разӕнгард кӕны «кувыны ӕдзух лӕууынмӕ» (Ром. 12:12, НФ). Ды афтӕ фӕкӕныс?

4 Ӕмбырд. Хъару ма нын дӕттынц ӕмӕ нӕ фидар кӕнынц ӕмбырды фембӕлдтӕ дӕр, стӕй уым не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ зӕрдиагӕй кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый дӕр (Дзут. 10:24, 25). Истӕуыл куы фӕтыхсӕм, уӕд нӕ уыдон барӕвдауынц ӕмӕ нын зӕрдӕбынӕй баххуыс кӕнынц (Фӕс. н. 17:17; Еккл. 4:10).

5 Уацамынд. Уацамынды иудадзыг хайад куы исӕм, уӕд нӕ зӕрдыл дардзыстӕм Паддзахад ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕ. Иннӕтӕн Иегъовӕйы базонынӕн куы феххуыс кӕнӕм, уӕд нӕхӕдӕг дӕр фӕныфсджындӕр вӕййӕм (Ап. к. 20:35). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, махӕй алкӕмӕн йӕ бон нӕу, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, уырдӕм цӕрынмӕ ацӕуын кӕнӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады хайад исын, фӕлӕ нӕ алкӕй бон дӕр у лӕггад кӕнын, нӕ разы бӕрӕг нысӕнттӕ ӕвӕргӕйӕ (Дзут. 6:10—12).

6 Чырыстон цӕстдарджытӕ. Махӕн пайда хӕссы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ кӕй фидар кӕнынц ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕнынц, уый. Иегъовӕ сын сӕ бар бакодта йӕ дзуг, цӕмӕй йыл аудой (1 Пет. 5:2). Павелау цӕугӕ цӕстдарджытӕ дӕр фидар кӕнынц, цы ӕмбырдты лӕггад кӕнынц, уыдон (Ром. 1:11, 12).

7 Иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕнцӕгтӕ. Рагзаманты чи цард ӕмӕ абон дӕр чи цӕры, уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты дӕнцӕгтыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый тынг бафидар кӕны (Дзут. 12:1). Ныфссаст куы уай, уӕд хорз нӕ уаид, нӕ журналты иу ахӕм разӕнгардгӕнӕг биографи кӕнӕ «Ӕрвылазон чиныджы» зӕрдӕфидаргӕнӕг цау куы бакӕсис, уӕд?

8 Иу ӕфсымӕр, ныртӕккӕ йыл цӕуы 95 азы бӕрц, ӕцӕгад базыдта гыццыл лӕппуйӕ. Гыццыл ма куы уыд, уӕд йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцыд. Фыццаг уый, ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты зӕрдиагӕй хайад чи иста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ныууагътой Иегъовӕйы организаци. Стӕй та йӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнын каст зын. Фӕлӕ уӕддӕр уый алкӕддӕр йӕ ныфс дардта Иегъовӕйыл. Тагъд рӕстӕджы йын лӕггаддзинад циндзинад хӕссын райдыдта. Абон та? Кӕд йӕ ӕнӕниздзинад бонӕй-бонмӕ ӕвзӕрдӕр кӕны, уӕддӕр уый у Бруклины Вефилы бинонты уӕнг ӕмӕ лӕггад кӕны Разамонӕг советы. Уый никуы фӕфӕсмон кодта, Иегъовӕйы организацийыл ӕнувыд кӕй уыд, ууыл.

9 Иу хо, Стыр Британийы Вефилы бинонты уӕнг, аргъуыд райста 13-аздзыдӕй. Афӕдзы фӕстӕ йе ’фсымӕримӕ райдыдта пионерӕй лӕггад кӕнын, уымӕй иу азы фӕстӕ та йын йӕ фыды ахӕстоны сбадын кодтой, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы хӕцынмӕ кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй. Хо ӕппынӕдзух хъару куырдта Иегъовӕйӕ ӕмӕ дарддӕр дӕр лӕггад кодта ӕцӕг Хуыцауӕн. Фӕстӕдӕр чындзы ацыд иузӕрдион ӕфсымӕрмӕ ӕмӕ иумӕ ӕххӕст кодтой Иегъовӕйы фӕндон. 35 азы иумӕ куы фӕцардысты, уӕд йӕ лӕг ӕвиппайды фӕзиан. Ногӕй та йын хъару радта Иегъовӕ, ӕмӕ суанг абоны онг лӕггад кӕны Иегъовӕйӕн ӕмӕ йӕ ныфс ис, ӕнустӕм куыд Иегъовӕйы зӕххон бинонты уӕнг, афтӕ кӕй лӕггад кӕндзӕн, уымӕй.

10 Иегъовӕ ӕххуыс кӕны йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕмӕ сын дӕтты хъару. «Уый дӕтты тых фӕллад адӕймагӕн ӕмӕ стыр хъару — ӕдыхӕн». Нӕ бон у уыцы ӕгӕрон тыхы гуырӕнӕй тых исын, уӕлдӕр цы ӕхсӕз мадзалыл дзырдтам, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр куы пайда кӕнӕм, уӕд. Дӕ зӕрдыл дар: «Иегъовӕйыл йӕ ныфс чи дары, уыдон... стыхджын уыдзысты... Размӕ тындздзысты ӕмӕ нӕ бафӕллайдзысты, цӕудзысты ӕмӕ нӕ бафӕлмӕцдзысты» (Ис. 40:29—31). Павел йӕ ныфс ӕппынӕдзух дардта, Иегъовӕ йын хъару кӕй ратдзӕн, ууыл, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын