Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 7/01 1 ф.
  • Ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм!

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм!
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар хӕссӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн хӕдзарӕй хӕдзармӕ хъусын кӕнынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Йегъовӕ дын ӕцӕгдӕр аргъ кӕны?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Иу хӕдзарӕй иннӕмӕ
    Зарут Йегъовӕйӕн!
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2001
km 7/01 1 ф.

Ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм!

1 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнынмӕ нӕхи куы срӕвдз кӕнӕм, уӕд нын, ӕвӕццӕгӕн, иууыл зындӕр вӕййы нӕхи дуары раз. Куы фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, дзырдарӕхст не стӕм, уӕд нӕ уый фӕхъыгдары ӕмӕ нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм хӕдзарӕй рацӕуынмӕ ӕмӕ «ӕппӕт адӕмтӕн» ӕцӕгады тыххӕй дзурынмӕ (1 Тим. 2:4). Фӕлӕ мах хъуамӕ хорз уацхъуыд ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм. Цӕмӕн?

2 Уый у Иегъовӕйы уацхъуыд. Иегъовӕ йӕ уацхъуыд ныффыссын кодта Библийы. Ӕмӕ йӕ иннӕтӕн куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕхи ныхӕстӕ нӕ фӕдзурӕм, фӕлӕ Хуыцауы ныхӕстӕ (Ром. 10:13—15). Нӕ ныхӕстӕм нын чи нӕ байхъусы, уый ӕцӕгӕй нӕ байхъусы Иегъовӕмӕ. Фӕлӕ нын уый нӕ ныфс нӕ сӕтты. Мах дызӕрдыг дӕр нӕ кӕнӕм, дунейы уавӕрты ивындзинӕдтӕм чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдоны зӕрдӕтӕм Паддзахады уацхъуыд кӕй бахъардзӕн (Иез. 9:4; Матф. 5:3, 6, НД).

3 Иегъовӕ йӕхимӕ кӕны адӕмы. Раздӕр нӕм чи нӕ хъуыста, уый нӕм, гӕнӕн ис, ныр байхъуса, йӕ уавӕртӕ кӕй фӕивтой ӕмӕ йӕ зӕрдӕ кӕй фӕфӕлмӕндӕр, уый тыххӕй. Чи зоны, Иегъовӕ ныр хъавы, хорззӕрдӕ йӕм кӕй дары, уый равдисынмӕ ӕмӕ йӕ «ӕрбакӕнынмӕ» (Иоан. 6:44, 65). Афтӕ куы уа, уӕд мах хъуамӕ цӕттӕ уӕм Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ ӕмӕ хъусӕм, ахӕм адӕмы ссарыны тыххӕй зӕдтӕ цы разамынд дӕттынц, уымӕ (Рар. 14:6).

4 Иегъовӕ нын дӕтты йӕ сыгъдӕг уд. Сыгъдӕг уд нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дзурӕм «ныфсджынӕй Иегъовӕйы номӕй» (Ап. к. 14:1—3, НД). Нӕ лӕггаддзинады нын ахӕм стыр ӕххуыс лӕвӕрд кӕй цӕуы, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ныфсджынӕй дзурдзыстӕм ӕцӕгады тыххӕй нӕ сыхӕгтӕн, не ’мкусджытӕн, не ’мкъласонтӕн, нӕ хӕстӕджытӕн, стӕй ма ахуыргонд ӕмӕ хъӕздыг адӕмӕн дӕр.

5 Йесо нын бацамыдта, дзурын куыд хъӕуы, уый. Йесо лӕвӕрдта, хъуыды кӕнынмӕ чи разӕнгард кодта, ахӕм фарстытӕ, хаста хуымӕтӕг цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ, йӕ ныхӕстӕ бӕлвырд кодта Фыстадӕй ӕмӕ ӕцӕгад ӕмбарын кодта хуымӕтӕгӕй, фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕй. Абон дӕр уыцы мадзӕлттӕ сты ӕппӕты хуыздӕр (1 Кор. 4:17). Цы уавӕрты хъусын кӕнӕм, уыдон, гӕнӕн ис, ивой, фӕлӕ Паддзахады уацхъуыд, адӕмыл тынг чи ӕндавы, уый нӕ ивы.

6 Иегъовӕ махӕн тынг скад кодта — мах уылты адӕмӕн дӕтты, тынг ахсджиаг сын чи у, ахӕм ӕххуыс. Уӕдӕ ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм! Уӕм уӕндон ӕмӕ Иегъовӕйӕн бар радтӕм, цӕмӕй «байгом кӕна махӕн дуар дзырдӕн» ӕмӕ хорз уацхъуыд иннӕтӕн хъусын кӕнӕм (Кол. 4:2—4).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын