Хуыцауы адӕм хицӕн кӕнынц уӕздандзинадӕй
1 Абон уӕздан адӕм бирӕ нал ис. Цӕуылнӕ? Адӕм афтӕ фӕтагъд кӕнынц, ӕмӕ сӕ арӕх ахӕм хуымӕтӕг ныхӕстӕ, куыд «дӕ хорзӕхӕй», «табуафси», «бузныг» ӕмӕ «бахатыр кӕн» зӕгъын рох дӕр ма фӕвӕййы. Хуыцауы Ныхасы рагзагъд уыд, фӕстаг бонты адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕй кӕндзысты. Уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, адӕм уыдзысты «хиуарзон... хъал, сӕрыстыр... ӕбузн... нӕфидауӕг [«нал сӕм уыдзӕн тугхӕстӕгдзинады ӕнкъарӕн», НД], ӕнӕхиуылхӕцгӕ... хорздзинад нӕуарзджытӕ... къӕйных» (2 Тим. 3:1—4). Ӕппӕт уыцы миниуджытӕ адӕймагӕн не ’ххуыс кӕнынц уӕздан уӕвынӕн. Чырыстӕттӕ Хуыцауы адӕм кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй ацы дунейы ма бафӕзмой ӕмӕ ӕнӕрхъуыды ма суой.
2 Цы у уӕздандзинад? Уӕздандзинад нысан кӕны иннӕтыл хъуыды кӕнын, адӕмимӕ цӕрын зонын. Уӕздан адӕймаг вӕййы ӕрхъуыдыджын, ӕгъдауджын, ӕфсармджын. Уыцы миниуджытӕ адӕймагмӕ фӕзынынц, Хуыцауы ӕмӕ адӕмы куы фӕуарзы, уӕд (Лук. 10:27). Ӕхца фидын сын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ӕнӕ уыдонӕй адӕмимӕ цӕрын зын у.
3 Йесо Чырысти нын равдыста иттӕг хорз дӕнцӕг. Уый алкӕддӕр архайдта «сызгъӕрин фӕткмӕ» гӕсгӕ: «Уӕхицӕн [уӕ] куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм кӕной, афтӕ сымах дӕр кӕнут уыдонӕн» (Лукайы 6:31). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл куыд аудыдта ӕмӕ сӕ куыд уарзта, уый нӕ дисы не ’фтауы? (Матф. 11:28—30). Уый уӕздан уый тыххӕй нӕ уыд, ӕмӕ, хи дарын куыд хъӕуы, уый чингуыты бакаст. Сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ зӕрдӕхӕлар кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыд ахӕм. Мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй йӕ фӕзмӕм.
4 Чырыстӕттӕ уӕздан кӕд хъуамӕ уой? Ӕрмӕстдӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгты, цӕмӕй сӕхи хорзӕй равдисой? Уӕздандзинад сӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн хъӕуы, цӕмӕй иннӕты зӕрдӕмӕ фӕцӕуой? Нӕ! Мах хъуамӕ алкӕддӕр уӕм уӕздан. Уӕдӕ ӕмбырды не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотимӕ нӕ бон куыд у нӕхи уӕздан дарын?
5 Паддзахады залы. Паддзахады зал у нӕ кувынады бынат. Мах уырдӕм ӕрбацӕуӕм, Иегъовӕ Хуыцау нӕ кӕй фӕхуыдта, уымӕ гӕсгӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ стӕм йӕ уазджытӕ (Пс. 14:1). Паддзахады залмӕ куы ӕрбацӕуӕм, уӕд нӕхи, уазджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ фӕдарӕм? Нӕ дарӕс ӕмӕ нӕ ӕддаг бакастмӕ нӕ хъус ӕрдарӕм? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ уӕлӕдарӕс хъуамӕ ма уа ӕнӕбары кӕнӕ цыдӕр ӕнахуыр. Иегъовӕйы адӕм конгрестӕм кӕнӕ алы къуыри ӕмбырды фембӕлдтӕм куы фӕцӕуынц, уӕд бӕрӕг вӕййынц сӕ аив кондӕй, уый та ӕмбӕлон у, йӕхи Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы адӕмӕн (1 Тим. 2:9, 10). Афтӕмӕй мах кад кӕнӕм нӕ уӕларвон Фысымӕн ӕмӕ ма цы уазджыты ӕрбахуыдта, уыдонӕн дӕр.
6 Нӕ хорз ӕгъдау ма бӕрӕг уыдзӕн, фембӕлдтӕм афоныл куы цӕуӕм, уӕд. Раст зӕгъгӕйӕ, уый алкӕд ӕнцон нӕ вӕййы. Иуӕй-иутӕ, чи зоны, дард цӕрынц кӕнӕ сын стыр бинонтӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тагъд не срӕвдз вӕййынц. Фӕлӕ иуӕй-иу ӕмбырдты бафиппайдтой, хъусынгӕнджыты 25 проценты ӕдзухдӕр фыццаг зарӕг ӕмӕ куывды фӕстӕ кӕй ӕрбацӕуынц, уый. Уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Хъуамӕ нӕ ма рох кӕна, уӕздан адӕймаг иннӕтыл кӕй фӕхъуыды кӕны, уый. Иегъовӕ, нӕ хӕларзӕрдӕ Фысым, уыцы монон куывдтӕ аразы нӕ пайдайӕн. Фембӕлдтӕм афоныл куы цӕуӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, кӕй йын аргъ кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй нымайӕм, уый. Уымӕй уӕлдай ма фембӕлдтӕм куы ӕрӕджы кӕнӕм, уӕд иннӕты хъыгдардзыстӕм ӕмӕ уый дзурӕг уыдзӕн, афоныл чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн кӕй нӕ аргъ кӕнӕм.
7 Фембӕлды фыццаг хатт искӕй куы фенӕм, уӕд ӕм бацӕуӕм? Уыдоныл-иу куы бацин кӕнӕм, уӕд уый дӕр дзурӕг уыдзӕн нӕ уӕздандзинадыл (Матф. 5:47; Ром. 15:7). Зӕрдиагӕй «ӕгас цӕуай» зӕгъын, къух райсын кӕнӕ зӕрдӕбынӕй мидбылты бахудын — стыр хъуыддӕгтӕ не сты, фӕлӕ уыдон дӕр дзурӕг уыдзысты, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, ууыл (Иоан. 13:35). Иу нӕлгоймаг фыццаг хатт Паддзахады залмӕ куы ӕрбацыд, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Ам иу бонмӕ цас уарзӕгой адӕмыл фембӕлдтӕн, уымӕй дӕр иууылдӕр ӕнӕзонгӕтӕ, уыйбӕрц никуы ма федтон, гыццылӕй фӕстӕмӕ цы аргъуанмӕ цӕуын, уым. Бамбӕрстон, ӕцӕгад кӕй ссардтон, уый». Фӕстагмӕ йӕ цард фӕивта ӕмӕ авд мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райста. Ӕцӕгӕйдӕр, уӕздандзинады руаджы бирӕ цыдӕртӕ ӕнтысы!
8 Кӕд нӕхи ӕцӕгӕлӕттимӕ уӕздан дарӕм, уӕд «уӕлдайдӕр та не ’муырнджытимӕ» хъуамӕ ма уӕм уӕздан? (Гал. 6:10). Библи домы: «Зӕрондӕн ӕгъдау дӕтт» (Лев. 19:32). Нӕ фембӕлдты ахӕм адӕмы хъуамӕ рохуаты ма уадзӕм.
9 Лӕмбынӕг хъусӕм. Ӕмбырды фембӕлдты Хуыцауы чырыстон лӕггадгӕнджытӕ раныхӕстӕ фӕдзурынц, цӕмӕй нын бахай кӕной уды лӕварӕй мах сфидар кӕнынӕн (Ром. 1:11). Рӕсугъд нӕ уаид, фембӕлды куы фынӕй кӕниккам, чъиу куы ӕууиликкам, нӕ фарсмӕ чи бада, уыдонимӕ иудадзыг куы сусу-бусу кӕниккам, уазӕгдонмӕ дзӕгъӕл рацу-бацу куы кӕниккам, фембӕлды цӕуыл дзурой, уымӕ чи нӕ хауы, ахӕм ӕрмӕг куы кӕсиккам кӕнӕ ма ӕндӕр цыдӕртӕ куы кӕниккам, уӕд. Уыцы хъуыддаджы хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уой фӕзминаг. Нӕ чырыстон ӕгъдау нӕ разӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй докладгӕнӕгмӕ зӕрдиагӕй хъусӕм ӕмӕ йын аргъ кӕнӕм, стӕй ма Библийы бындурыл цы дзура, уымӕн дӕр.
10 Уымӕй уӕлдай ма, докладгӕнӕг ӕмӕ хъусджытыл хъуыдыгӕнгӕйӕ, хъуамӕ нӕ пейджертӕ ӕмӕ нӕ дзыппыхӕсгӕ телефонтӕ бафснайӕм, цӕмӕй фембӕлдты рӕстӕджы ма хъыгдарой.
11 Уӕздандзинад ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Ныййарджытӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр кӕсой, сӕ сывӕллӕттӕ сӕхи куыд дарынц, уымӕ. Сывӕллон фембӕлды рӕстӕджы кӕуын кӕнӕ разил-базил кӕнын куы райдайа ӕмӕ иннӕты куы хъыгдара, уӕд хуыздӕр уаид сывӕллоны залӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, тагъддӕр ракӕнын ӕмӕ йӕ ӕрсабыр кӕнын. Уый, гӕнӕн ис, иуӕй-иу хатт зын уа, фӕлӕ уымӕй бӕрӕг уыдзӕн де ’рхъуыдыдзинад. Тӕлфаг сабитӕ кӕмӕн ис, уыцы ныййарджытӕ арӕх сбадынц залы кӕронӕй, цӕмӕй сӕ фембӕлды рӕстӕджы ӕддӕмӕ рацӕуын куы бахъӕуа, уӕд къаддӕр хъыгдарой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иннӕтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕрхъуыдыджын ӕмӕ фӕстаг бынӕттӕ ма бацахсой, цӕмӕй дзы, сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, уыдон сбадой.
12 Ныййарджытӕ ма хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕм сӕ хъус дарой фембӕлдты размӕ дӕр ӕмӕ сӕ фӕстӕ дӕр. Сывӕллӕттӕ хъуамӕ залы ма разгъор-базгъор кӕной, уымӕн ӕмӕ сыл, гӕнӕн ис, афтӕмӕй исты ӕрцӕуа. Уӕдӕ Паддзахады залы кӕрты дӕр дугъ кӕнын у тӕссаг, уӕлдайдӕр та куы ӕрталынг вӕййы, уӕд. Ӕддейӕ хъӕрӕй куы дзурӕм, уӕд, гӕнӕн ис, сыхӕгты хъыгдарӕм ӕмӕ уымӕй нӕ кувынадыл къӕм сбада. Сӕ сывӕллӕттӕм, Паддзахады залы мидӕгӕй уой ӕви ӕддейӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ сӕ хъус цы ныййарджытӕ дарынц, уыдон раппӕлинаг сты, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй ахъаз кӕнынц, иумӕ цӕрын нын цӕмӕй ӕхсзыгондӕр уа, уымӕн (Пс. 132:1).
13 Чиныгахуыркӕнынады. Мах аргъ кӕнӕм, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ афтӕ уазӕгуарзон кӕй сты ӕмӕ сӕ хӕдзӕртты ӕмбырды фембӕлдтӕн бынат кӕй дӕттынц, уымӕн. Куы сӕм ӕрбацӕуӕм, уӕд сын хъуамӕ сӕ хӕдзары дзауматимӕ хъавгӕйӕ архайӕм. Мидӕмӕ бацӕуыны размӕ хъуамӕ нӕ дзабыртӕ дзӕбӕх ныссӕрфӕм, цӕмӕй пъол кӕнӕ гауызтӕ ма счъизи кӕнӕм. Ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕм кӕсой, цӕмӕй уыдон, чиныгахуыркӕнынад кӕм вӕййы, уыцы уатӕй дарддӕр макуыдӕм цӕуой. Кӕд къорд гыццыл вӕййы ӕмӕ нӕхи сӕрибардӕр фӕхатӕм, уӕддӕр хъуамӕ искӕй хӕдзары, цы нӕ фӕнды, уый ма кӕнӕм. Сывӕллон уазӕгдонмӕ куы цӕуа, уӕд йӕ ныййарӕг дӕр хъуамӕ йемӕ ацӕуа. Уымӕй уӕлдай ма, чиныгахуыркӕнынад дӕр ӕмбырды фембӕлд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уӕм аив конд, Паддзахады залмӕ цӕугӕйӕ куыд аив конд вӕййӕм, афтӕ.
14 Уӕздандзинад хъӕуы ӕнӕмӕнг. Нӕ чырыстон ӕгъдау ӕрмӕст нӕ лӕггаддзинадыл нӕ фӕзындзӕн, фӕлӕ ма ахъаз уыдзӕн нӕ ахастытӕн иннӕтимӕ дӕр (2 Кор. 6:3, 4, 6). Мах, амондджын Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, хъуамӕ уӕм зӕрдӕрухс, хъуамӕ нӕхи афтӕ дарӕм, цӕмӕй нӕ адӕм уарзой ӕмӕ иннӕтӕн гыццыл, фӕлӕ ӕхсызгон хъуыддӕгтӕй циндзинад хӕссӕм. Ахӕм уӕздандзинадӕй фидауынц Хуыцауы адӕм.