Иегъовӕйӕ хъару кур
1 Иегъовӕйы ӕххуыс нӕ бирӕ кӕмдӕрты хъӕуы. «Ӕппӕт дунейыл» хорз уацхъуыд хъусын кӕныны хӕслӕвӕрдмӕ алчи йӕ ныфс нӕ бахӕсдзӕн (Матф. 24:14). Ӕппынӕдзух тох кӕнӕм не ’нӕххӕстдзинадимӕ (Ром. 7:21—23). Уымӕй уӕлдай ма «тох... [кӕнӕм] ацы талынг дунейы [уӕлӕрдзон] хицауиуӕггӕнджыты ныхмӕ» (Еф. 6:11, 12). Ӕцӕгӕйдӕр нӕ хъӕуы ӕххуыс. Куыд ис Иегъовӕйӕ хъару исӕн?
2 Кувгӕйӕ. Иегъовӕ рӕдауӕй дӕтты йӕ сыгъдӕг уд, йӕ лӕггадгӕнджытӕй дзы чи куры, уыдонӕн (Лук. 11:13). Дӕ ныфс хӕссыс хъусын кӕнынмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, уынджы кӕнӕ телефонӕй? Тӕрсыс дӕ хиуӕттӕ, дӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕн хъусын кӕнынӕй? Дӕ территорийы адӕм ӕцӕгадмӕ кӕй нӕ хъусынц, уый дын дӕ ныфс сӕтты? Кӕд дӕ дӕ уавӕртӕ схойынц дӕ уырнындзинады сӕрты ахизынмӕ кӕнӕ дӕ намыс счъизи кӕнынмӕ, уӕд та? Дӕ ныфс Иегъовӕйыл ӕвӕр. Хъару дзы кур (Фил. 4:13).
3 Библи ахуыр кӕнгӕйӕ. Хӕринаг нын тых куыд дӕтты, раст афтӕ нӕ уырнындзинад дӕр фидар кӕны Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цы ӕрмӕг дӕтты, уымӕй (Матф. 4:4; 24:45). Стэнли Джоунзы куы бафарстой, Китайы ахӕстоны иунӕгӕй цалдӕр азы куы бадт ӕнӕ Библийӕ, уӕд ын хъару цы лӕвӕрдта, уӕд уый загъта: «Махӕн фӕлварӕнты нӕ бон у фидар фӕлӕууын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлварӕнты размӕ хъуамӕ сӕйраджыдӕр Библи ахуыр кӕнӕм. Куы нӕ йӕ ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уидӕгтӕ нӕ ауадздзӕн».
4 Ӕмбырдтӕм цӕугӕйӕ. Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды адӕмӕн Иудӕ ӕмӕ Силӕ «бирӕ раныхӕстӕй сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кодтой ӕмӕ сӕ ныфс бауагътой» (Ап. к. 15:32, НД). Абон дӕр, ӕмбырды фембӕлдты цы хъусӕм, уый нын фылдӕр кӕны нӕ бузныгдзинад Иегъовӕмӕ, фидар нын кӕны нӕ уырнындзинад ӕмӕ нӕ разӕнгард кӕны лӕггад кӕнынмӕ. Ӕмбырды ӕппынӕдзух ӕмбӕлӕм, «ӕнцой» (НД) нын чи сты, уыцы «ӕмкусджытыл Хуыцауы Паддзахадӕн» (Кол. 4:11).
5 Ацы «ӕнахуыр уӕззау рӕстӕджыты» нӕ хъӕуы ӕххуыс (2 Тим. 3:1, НД). Иегъовӕйӕ хъару куы курӕм, уӕд махӕй дӕр фидарӕй зӕгъӕн уыдзӕн, зӕгъгӕ, «цӕргӕсау сӕ базыртыл схӕцдзысты, размӕ тындздзысты ӕмӕ нӕ бафӕллайдзысты, цӕудзысты ӕмӕ нӕ бафӕлмӕцдзысты» (Ис. 40:31).