Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 15 дек. (уыр.)
«Ацафон адӕмӕн сӕ фылдӕр фӕхъуыды кӕнынц Йесо Чырыстийыл, уырны сӕ ӕви нӕ, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ. Иутӕ дзурынц, уыцы адӕймаг ӕцӕгӕй кӕй нӕ уыд. Ды та куыд хъуыды кӕныс? [Дзуапп куы радта, уӕд бакӕс Матфейы 16:15, 16.] Ныфс мӕ ис, дӕ зӕрдӕмӕ кӕй фӕцӕудзӕн ацы статья. Дзырд дзы цӕуы, Йесо ӕцӕгӕй чи уыд, ууыл. Статьяйӕ базондзынӕ, Йесо дын дӕ царды абон куыд ахады ӕмӕ дын сомбон цы сараздзӕни, уый».
«Райхъал ут!», 22 дек. (уыр.)
«Разы нӕ дӕ, нӕ ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕнынӕн нӕ сыгъдӕг, хӕрзгъӕд хӕлцад кӕй хъӕуы? [Бауадз ӕй дзуапп радтын.] Ӕркӕс ма, рагзаманты Хуыцау йӕ адӕмӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта. [Бакӕс Левит 26:4, 5.] Журнал «Райхъал ут!» дзуры, хӕлцады фарста абон сагъӕссаг цӕмӕн у, уый тыххӕй. Афтӕ ма амоны, Хуыцауы фӕрцы ӕппӕт зӕххыл адӕм куы ницӕуыл уал тыхсдзысты, ахӕм рӕстӕгмӕ».
«Хъахъхъӕнӕг мӕсыг», 1 янв.
«Никуы ахъуыды кодтай, адӕм ӕмсӕр ӕмӕ ӕмбар цӕуылнӕ сты? Ацы фарстайы тыххӕй фыст ис Библийы. [Бакӕс Иов 34:19.] Хуыцау адӕмӕн ӕмхуызон уавӕртӕ куыд скӕндзӕн, уый тыххӕй дзырдӕуы мӕнӕ ацы журналы».
«Райхъал ут!», 8 янв. (уыр.)
«Махӕй алчидӕр фехъуыста ацы ӕвирхъау хабары тыххӕй. Уый фӕстӕ адӕмы ноджы тынгдӕр хъуыди ныфс ӕмӕ ӕххуыс. Ацы статьяйы дзырд цӕуы уыцы хабарыл ӕмӕ ма дзы фыст ис, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд ӕххуыс кодтой, удӕгасӕй чи баззад, ирвӕзынгӕнджытӕн ӕмӕ йӕ хион кӕмӕн фӕмард, уыдонӕн».