Хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады хорз хабар
1 «Хъӕуы [Мӕ] Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд дзурын; цӕмӕйдӕриддӕр Ӕз уый тыххӕй ӕрвыст дӕн» (Лук. 4:43, НФ). Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, хъусын кӕнгӕйӕ йӕ ныхасы сӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй уыд. Абон мах цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕн дӕр йӕ сӕйраг хъуыды у Хуыцауы Паддзахад. Ӕмӕ уый тыххӕй загъдӕуыд Матфейы 24:14 стихы: «Хъуыстгонд уыдзӕн ацы Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн; ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон». Цы хъуамӕ фехъусой адӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй?
2 Хуыцауы Паддзахад хицауиуӕг кӕны уӕлӕрвтӕй ӕмӕ тагъд кӕрон скӕндзӕн адӕмы хицаудзинадӕн. Хӕйрӕг ӕппӕрст ӕрцыд уӕларвӕй, ӕмӕ ацы фыддунейӕн йӕ фӕстаг бонтӕ ралӕууыдысты (Рар. 12:10, 12). Сайтаны фыддунейӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахад та йӕ бынатӕй ӕнкъуысгӕ дӕр нӕ фӕкӕндзӕн. Уый ныллӕудзӕн ӕнустӕм (Дан. 2:44; Дзут. 12:28).
3 Коммӕгӕс адӕмӕн сӕ зӕрдӕ хорзӕй цыдӕриддӕр зӕгъы, уый сын уыцы Паддзахад ратдзӕн. Уый адӕмы фервӕзын кӕндзӕн, ӕнцад-ӕнцойӕ цӕрын сӕ чи нӕ уадзы, уыцы хӕстытӕ ӕмӕ фыдракӕндтӕй, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуырдзинадӕй (Пс. 45:9, 10; 71:12—14). Хӕринаг цух ничиуал уыдзӕн (Пс. 71:16; Ис. 25:6). Низтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Ис. 33:24; 35:5, 6). Адӕм алцӕмӕйдӕр ӕххӕст суыдзысты, зӕхх дзӕнӕт фестдзӕн ӕмӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ фӕрнӕй цӕрдзысты (Ис. 11:6—9).
4 Нӕхи нӕ Хуыцауы Паддзахады бӕрны бакӕнын кӕй фӕнды, уый ӕвдисӕм нӕ абоны цардӕй. Паддзахады хорз хабар кӕй зонӕм, уый хъуамӕ зына нӕ царды алы фӕзилӕны дӕр — цӕмӕ тырнӕм ӕмӕ нын сӕйрагдӕр цы у, уый мидӕг. Зӕгъӕм, кӕд нӕ нӕ бинонты дарын хъӕуы, уӕддӕр хъуамӕ уый ма ӕруадзӕм, ӕмӕ ӕхцайы мӕтӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ ферох кӕнӕм (Матф. 13:22; 1 Тим. 5:8). Мах хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм Йесойы фӕдзӕхст: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ [царды ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цы у] уыдон иуылдӕр бафтдзысты уӕ къухы» (Матф. 6:33).
5 Цалынмӕ ма рӕстӕг ис, уӕдмӕ адӕм хъуамӕ фехъусой Хуыцауы Паддзахады хорз хабар ӕмӕ цы базоной, уымӕ гӕсгӕ архайын райдайой. Цӕй уӕдӕ сын уыцы хъуыддаджы баххуыс кӕнӕм, «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй» сын бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕсгӕйӕ (Ап. к. 19:8).