Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 15 дек. (уыр.)
«Ацафон бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц Йесойы райгуырдыл. Зоныс, Библийы йӕ райгуырды тыххӕй цы фыст ис, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, уый? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ рафӕлдах 5-ӕм фарс ӕмӕ бакӕс 2 Тимофеймӕ 3:16.] „Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы“ ацы номыры ууыл дзырд цӕуы».
«Райхъал ут!», 22 дек. (уыр.)
«Куыд хъуыды кӕныс, абон сывӕллӕттӕ цы ӕвирхъау компьютерон хъӕзтытӕй хъазынц, уыдон сыл искуыд ӕндавынц ӕмӕ сӕ ныййарджыты ууыл мӕт кӕнын хъӕуы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ныййарджытӕй бирӕтӕн уыцы хъуыддаджы стыр ӕххуыс у Библийӕ мӕнӕ ацы стих. [Бакӕс Псалом 10:5.] „Райхъал ут!“-ы ацы номыр бинонтӕн баххуыс кӕндзӕн равзарын, компьютерон хъӕзтытӕ цӕмӕй тӕссаг сты, уый».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 янв.
«Адӕймагӕн йӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы кӕнӕ йӕхӕдӕг куы фӕрынчын вӕййы, уӕд сагъӕсты бахауы, Хуыцау ацы хабар цӕмӕн ӕруагъта?, зӕгъгӕ. Чи зоны дӕхӕдӕг дӕр кӕддӕр афтӕ сагъӕс кодтай. Библи нын ӕвдисы, Хуыцауӕн, хъизӕмар чи кӕны, уыцы адӕмыл йӕ зӕрдӕ кӕй риссы. [Бакӕс Исай 63:9а.] Ацы журнал ӕмбарын кӕны, Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна».
«Райхъал ут!», 8 янв. (уыр.)
«Куыд хъуыды кӕныс, хицауад нын нӕ хъуыдытӕ ӕргом дзурыны бар хъуамӕ ма дӕтта? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Зӕгъӕм, адӕймаджы йӕ дины тыххӕй иннӕтӕн дзурын куы фӕнда? Мӕнӕ ам куыд кӕсӕм. [Бакӕс Куыстытӕ 28:30, 31.] Ӕрӕджы ацы фарста ӕвзӕрста АИШ-ы Сӕйраг тӕрхондон. Табуафси, уый тыххӕй бакӕс мӕнӕ ацы журналы».