Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 авг.
«Бирӕтӕ бафиппайдтой, кӕй фылдӕр кӕнынц, адӕмӕй йӕхи чи хибар кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕ. Куыд хъуыды кӕныс, раст кӕнынц? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Дӕ хъус ма ӕрдар, ацы зондджын ӕмбисонды цы дзырдӕуы, адӕймаг иннӕтыл йӕхи цӕмӕн хъуамӕ бӕтта, уый тыххӕй. [Бакӕс Екклесиаст 4:9, 10.] Ацы журналы дзырд цӕуы, адӕмӕн ӕнӕ кӕрӕдзийӕ цӕуылнӕ у сӕ бон цӕрын ӕмӕ цы ис саразӕн, цӕмӕй адӕймаг йӕхи иннӕтӕй ма хибар кӕна, уый тыххӕй».
«Райхъал ут!», 2 июнь (уыр.)
«Бирӕты мӕты ӕфтауы, хӕлд нывтӕ ӕмӕ кинотӕ афтӕ арӕх кӕй ӕмбӕлынц, уый. Куыд хъуыды кӕныс, ууыл тыхсын хъӕуы? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Библийы ахадгӕ уынаффӕтӕ нӕ бахъахъхъӕндзысты [Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:3, 4.] Ацы журналы ӕвзӕрст цӕуы, нӕ бон куыд у нӕхи бахизын уыцы фыдбылызӕй».
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 авг. (уыр.)
«Зоныс, бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ӕгас дунейы адӕмӕн се ’рдӕгӕй фылдӕр бон дыууӕ доллӕрӕй къаддӕрыл кӕй цӕрынц? Куыд хъуыды кӕныс, уыцы уавӕр куыд ис фӕхуыздӕргӕнӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ӕвзӕрст цӕуы, Библимӕ гӕсгӕ мӕгуырдзинад цӕй фӕрцы нал уыдзӕн [Бакӕс Псалом 71:12, 13, 16.]».
«Райхъал ут!», 8 авг. (уыр.)
«Фӕстаг азты ӕрдзон бӕллӕхтӕ ӕгас дунейы дӕр зиан хӕссынц. Куыд хъуыды кӕныс, цы ис саразӕн, адӕмы хъизӕмӕрттӕ фӕрогдӕр кӕнынӕн? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы дзырдӕуы, боныхъӕд афтӕ цӕмӕн ивы ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ уый куыд ӕрнывыл уыдзӕн, уый тыххӕй [Бакӕс Исай 35:1.]».