Журналтӕ дӕтгӕйӕ цы ис зӕгъӕн
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 сент.
«Адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕнды, цӕмӕй сын хорз ном уа. Иуӕй-иуты ма суанг цымыдис дӕр кӕны, куы амӕлой, уӕд сӕ адӕм цӕй тыххӕй ӕрхъуыды кӕндзысты. Ууыл искуы ахъуыды кодтай? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын. Уый фӕстӕ бакӕс Екклесиаст 7:1.] Ацы „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ ӕмбарын кӕны, нӕ бон куыд у хорз ном скӕнын адӕмы раз дӕр ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр».
«Райхъал ут!», 22 авг. (уыр.)
«Кӕд искуы дӕумӕ кӕнӕ дӕ бинонтӕй искӕмӕ исчи ӕртхъирӕн кодта, уӕд зондзынӕ, уый цы тас уадзы адӕймаджы. [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы „Райхъал ут“-ы ис хорз уынаффӕтӕ ахӕм ӕфхӕрд адӕмӕн. Ӕмӕ ма дзы дзырдӕуы Хуыцауы зӕрдӕвӕрды тыххӕй дӕр, тагъд ахӕм фыдхъуыддӕгтӕ бынтондӕр кӕй нал уыдзӕн». Бакӕс Михейы 4:4.
«Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1 сент. (уыр.)
«Бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, алыхуызон динтӕ адӕмы кӕнынц иу нысанмӕ, ӕрмӕст алыхуызон фӕндӕгтыл. Иннӕтӕ та ӕууӕндынц, ӕрмӕстдӕр иу раст дин кӕй ис. Ууыл искуы хъуыды кодтай? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы журналы дзырдӕуы, уыцы фарстӕн дзуапп чи дӕтты, иу ахӕм рагон ӕмбисонды тыххӕй». Ӕрдзур Матфейы 13:24—30.
«Райхъал ут!», 8 сент. (уыр.)
«Абон модӕ тынг ӕндавы бирӕ адӕмы цардыл. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ адӕм ӕгӕр тыхсынц сӕ конд ӕмӕ сӕ уындыл. Цы хъуыды кӕныс уый тыххӕй? [Бауадз ӕй йӕ хъуыды зӕгъын.] Ацы „Райхъал ут“ ӕвдисы, модӕмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый». Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:12.