Ӕцӕг чырыстон иудзинад. Куыд?
1 Цы хъуамӕ иу кӕна 234 бӕстӕйы цӕрӕг ӕмӕ иу-380 ӕвзагыл дзурӕг ӕхсӕз милуанӕй фылдӕр адӕймаджы? Ӕрмӕстдӕр, Иегъовӕ Хуыцауӕн кӕй кувынц, уый (Мих. 2:12; 4:1—3). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ сӕхицӕй зонынц, абон ӕцӕг чырыстон иудзинадӕн гӕнӕн кӕй ис. «Иу дзуг» кӕй стӕм ӕмӕ нын «иу фыййау» кӕй дӕтты разамынд, уымӕ гӕсгӕ фидар лӕудзыстӕм, адӕмы кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны, дунейы уыцы зондахасты ныхмӕ (Иоан. 10:16; Еф. 2:2).
2 Хуыцауы ӕнӕивгӕ фӕндон у ӕмбаргӕ сфӕлдисондты раст дины баиу кӕнын (Рарг. 5:13). Ацы хъуыддаг ахсджиаг кӕй у, уый Йесо зыдта ӕмӕ зӕрдӕбынӕй куывта, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджыты ’хсӕн иудзинад уа (Иоан. 17:20, 21). Махӕй алкӕмӕндӕр йӕ бон куыд у чырыстон ӕмбырды иудзинадӕн ахъаз кӕнын?
3 Иудзинадӕн куыд ис гӕнӕн. Ӕнӕ Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ ӕнӕ йӕ сыгъдӕг удӕй чырыстон иудзинад никуы уыдаид. Библийы цы бакӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг удӕн фӕдӕттӕм нӕ цардыл сӕрибарӕй ӕндавыны бар. Уый фӕрцы «иудзинад хъахъхъӕнӕм, фидыддзинады цӕдисы» (Еф. 4:3). Уый нын ӕххуыс кӕны кӕрӕдзийӕн уарзондзинадӕй хатыр кӕнынӕн (Кол. 3:13, 14; 1 Пет. 4:8). Иудзинадӕн ахъаз кӕныс Хуыцауы Ныхасыл алы бон дӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ?
4 Мах ма иу кӕны нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр. Уацамынды иннӕтимӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм куы «фӕтох кӕнӕм евангелийы уырниады сӕрыл» (НФ), уӕд свӕййӕм «ӕмкусджытӕ ӕцӕгады» (Фил. 1:27; 3 Иоан. 8, НД). Афтӕмӕй ӕмбырды уарзондзинады иугӕнӕг тӕгтӕ фидардӕр кӕнынц. Цӕуылнӕ ис ацы къуыри уацамынды ацӕуӕн, рагӕй кӕимӕ нӕ хъусын кодтай, ахӕм хъусынгӕнӕгимӕ?
5 Цӕй стыр кад у, абон зӕххыл ӕрмӕстдӕр цы иу ӕцӕг ӕхсӕнадӕмон ӕфсымӕрад ис, уым кӕй стӕм! (1 Пет. 5:9). Ӕрӕджы ӕхсӕнадӕмон конгрессты, «Кадджын кӕнут Хуыцауы», зӕгъгӕ, мингай адӕм уыцы дунеон иудзинад сӕхи цӕстӕй федтой. Уӕдӕ махӕй алчидӕр ацы зынаргъ иудзинадӕн ахъаз кӕнӕд Хуыцауы Ныхас алы бон кӕсгӕйӕ, дайуаг фарстытӕ уарзондзинады мидӕг лыггӕнгӕйӕ ӕмӕ хорз хабар «ӕмзӕрдӕйӕ» хъусынгӕнгӕйӕ (Ром. 15:6).