Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 5/04 1 ф.
  • Уӕнгроггӕнӕн музыкӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕнгроггӕнӕн музыкӕ
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм музыкӕ
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Хорз у «Паддзахады мелодитӕм» хъусын
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2011
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
km 5/04 1 ф.

Уӕнгроггӕнӕн музыкӕ

1 Зарын ӕмӕ музыкӕ алкӕддӕр ахсджиаг уыдысты раст дины. Рагон Израилы Асаф ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ зарыдысты: «Арфӕ кӕнут Иегъовӕйӕн... Зарут ын, цӕгъдут ын, уӕ хъус дарут йӕ ӕппӕт диссаг хъуыддӕгтӕм» (1 Пар. 16:8, 9). Абон мах Иегъовӕйӕн зарӕм алы къуыри дӕр нӕ ӕмбырды фембӕлдты (Еф. 5:19). Цӕй диссаджы фадат у уый йӕ ном скадджын кӕнынӕн! (Пс. 68:31).

2 «Паддзахады мелодитӕ» цӕгъдын куы райдайынц, уӕд фӕхъуыды кӕнӕм Хуыцауы хъуыддӕгтыл. «Паддзахады мелодитӕм куы фӕхъусын, уӕд мӕ зӕрдыл уайтагъд ӕрлӕууынц зарӕджы ныхӕстӕ,— дзуры иу хо.— Куыд хорз у Иегъовӕйыл хъуыды кӕнын зӕрдӕскъӕфӕн музыкӕмӕ хъусгӕйӕ!» (Фил. 4:8).

3 Кӕд ис «Паддзахады мелодитӕм» хъусӕн? «Паддзахады мелодитӕ» хӕдзары куы фӕзӕлынц, уӕд бинонтӕм уый гуырын кӕны рӕсугъд, уырнындзинад фидаргӕнӕг хъуыдытӕ, ӕмӕ сын уый та фарн хӕссы. «Мах ӕм [музыкӕмӕ] тынг арӕх фӕхъусӕм хӕдзары дӕр, машинӕйы дӕр, фӕлӕ дзы фӕлмӕцгӕ никуы скӕнӕм,— ныффыстой иу бинонтӕ.— Арӕх нӕ „Паддзахады мелодитӕ“ раст зондыл саразынц, нӕхи чырыстон фембӕлдтӕм куы фӕцӕттӕ кӕнӕм, кӕнӕ та конгресмӕ куы фӕцӕуӕм, уӕд». Иу хо загъта: «Уыдон мын хӕдзары куыстытӕ кӕнгӕйӕ мӕ зӕрдӕ бахъӕлдзӕг кӕнынц. Кӕд ма мын уыдаид ногӕхсад дзаумӕттӕ сӕ бынӕтты ӕвӕрын ахӕм ӕхсызгон куыст? Ӕз сфӕнд кодтон, ӕнкъард куы уон, уӕд ацы музыкӕ ӕвӕрдзынӕн. Музыкӕмӕ хъусгӕйӕ мӕм цӕрын ӕрцӕуы! [...] Алы зарӕг дӕр дзы зӕрдӕрухсы хос у». Чи зоны дӕуӕн дӕр ахъаз уаид ахӕм уӕнгроггӕнӕн музыкӕмӕ хъусын?

4 Абоны музыкӕйы ӕмткӕй райсгӕйӕ ис ацы дунейы тӕфаг. Ныййарджытӕн «Паддзахады мелодиты» ӕххуысӕй сӕ бон у сӕ сывӕллӕтты хорз музыкӕ ӕвзарын сахуыр кӕнын. Библи чи ахуыр кӕны ӕмӕ цымыдис чи кӕны, уыцы адӕмӕй дӕр бирӕтӕн ӕхсызгон уыдзӕн, Иегъовӕйы чи кадджын кӕны ӕмӕ адӕймаджы ныфс чи уадзы, ахӕм диссаджы зарджыты тыххӕй базонын (Пс. 46:2, 3, 7, 8).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын