Ауӕрӕх кӕнӕм нӕ зӕрдӕтӕ
1. Махӕй алкӕуылдӕр цавӕр хӕс ис?
1 Чырыстон ӕфсымӕрады махӕй алкӕмӕндӕр йӕ хӕс у ӕмбырд йӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавын (1 Пет. 1:22; 2:17). Уымӕн гӕнӕн ис, нӕ зӕрдӕтӕ куы уӕрӕх кӕнӕм, иннӕты фӕлмӕн уарзтӕй куы уарзӕм (2 Кор. 6:12, 13, НФ). Афтӕ ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цӕмӕн у ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты хорз базонын?
2. Не ’муырнджыты ’хсӕн нӕ хӕлӕрттӕ агурын цӕмӕн хъӕуы?
2 Хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕнынц. Не ’муырнджыты цас хуыздӕр базонӕм, уыйас сын тынгдӕр фӕаргъ кӕнӕм сӕ уырнындзинад, сӕ фӕразондзинад ӕмӕ сӕ иннӕ хорз миниуджытӕн. Сӕ хъӕндзинӕдтӕ сын раздӕрау нал фиппайдзыстӕм ӕмӕ нӕ хӕлардзинады тӕгтӕ фидардӕр кӕндзысты. Нӕ кӕрӕдзи хорз куы зонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн кӕрӕдзи фидар ӕмӕ ныфсхаст кӕнын (1 Фес. 5:11, НФ). Ӕмбырды иу иннӕмӕн «зӕрдӕрухсы» хос куы уа, уӕд Сайтаны фыддунейы ӕндӕвдады ныхмӕ лӕууынхъом уыдзыстӕм (Кол. 4:11). Куыд хорз у, ацы ӕнахуыр уӕззау фӕстаг бонты нын Иегъовӕйы адӕмы ’хсӕн хорз хӕлӕрттӕ кӕй ис! (Ӕмб. 18:24).
3. Куыд у нӕ бон, ӕмӕ иннӕтӕн «зӕрдӕрухсы» хос уӕм?
3 Исты зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын ӕввахс хӕлӕрттӕ уыдзысты ныфсы хос ӕмӕ удӕнцой (Ӕмб. 17:17). Иу хо йӕхимӕ ӕппындӕр ницы каст, фӕлӕ йӕ фӕндыд уыцы хъуыдыйӕ фервӕзын, ӕмӕ мӕнӕ цы дзуры: «Мӕ хӕлӕрттӕ мын зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ кодтой, ӕппӕлыдысты мӕ, ныфс мӕ уагътой, ӕмӕ мын уымӕй баххуыс кодтой мӕ зӕрдӕйӕ уыцы ӕнтъыснӕг хъуыдытӕ асурын». Ахӕм хӕлӕрттӕ ӕцӕгдӕр сты Иегъовӕйы лӕвар (Ӕмб. 27:9).
4. Нӕ бон куыд у ӕмбырды иннӕты хуыздӕр базонын?
4 Алкӕуылдӕр зӕрдӕйӕ у. Цы ис саразӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕтӕ уӕрӕх кӕнӕм, не ’муырнджыты фӕлмӕн уарзтӕй уарзӕм? Чырыстон фембӕлдты иннӕтӕн ӕгасцуай зӕгъынӕй дарддӕр, ӕвзӕр нӕ уаид семӕ хорз истӕуыл аныхас кӕнын. Зӕрдӕбынӕй сыл тыхс, фӕлӕ сӕ уыимӕ уӕлдай фӕрстытӕ ма кӕн (Фил. 2:4; 1 Пет. 4:15). Зӕрдӕйӕ сыл кӕй дӕ, уый ма бӕрӕг уыдзӕн уӕхимӕ сӕ уазӕгуаты куы хонай (Лук. 14:12—14). Кӕнӕ та дӕ бон у семӕ хъусын кӕнынмӕ цӕуын (Лук. 10:1). Не ’фсымӕрты хуыздӕр базонынӕн фыццаг къахдзӕфмӕ уыдонмӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм, фӕлӕ-иу сӕм нӕхӕдӕг фӕраздӕр уыдзыстӕм. Ӕмӕ афтӕмӕй ахъаз кӕндзыстӕм ӕмбырды иудзинадӕн (Кол. 3:14).
5. Нӕ бон куыд у ног хӕлӕрттӕ ссарын?
5 Цымӕ нӕхицӕн хӕлӕрттӕн ӕрмӕстдӕр уыдоны ӕвзарӕм, нӕхи цахъхъӕн чи у, кӕнӕ мах цы уарзӕм, уый чи уарзы? Мах хъӕуы бацархайын, цӕмӕй ӕмбырды нӕ хӕлӕрттӕ ӕрмӕст ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ма уой ӕмӕ нӕ хӕлардзинады арӕнтӕ ма къуындӕг кӕной. Кӕд Давид ӕмӕ Ионафан, Руф ӕмӕ Ноемин, ӕмкарӕн нӕ уыдысты ӕмӕ иухуызон уавӕрты нӕ хъомыл кодтой, нӕ цардысты, уӕддӕр ӕввахс хӕлӕрттӕ систы (Руф 4:15; 1 Пад. 18:1). Дӕ бон у ног хӕлӕрттӕ ссарын? Уый дын, дӕхӕдӕг дӕр ӕнхъӕл куыд нӕ дӕ, ахӕм хорзӕхтӕ ӕрхӕсдзӕн.
6. Нӕ зӕрдӕтӕ куы уӕрӕх кӕнӕм, не ’фсымӕрты фӕлмӕн уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕ райсдзыстӕм?
6 Нӕ зӕрдӕтӕ куы уӕрӕх кӕнӕм, иннӕты фӕлмӕн уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд кӕрӕдзи фидар кӕндзыстӕм ӕмӕ уымӕй ӕмбырды фарныл фарн ӕфтаудзыстӕм. Уый нӕ, фӕлӕ ма нын Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр арфӕ кӕндзӕн, не ’фсымӕрты кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй куы бӕлвырд кӕнӕм (Пс. 40:2, 3; Дзут. 6:10). Хорз нӕ уаид, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр ӕфсымӕртимӕ хуыздӕр куы базонгӕ уаиккам?