Адӕмӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой
1 Абон адӕм ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр ахуыр кӕнынц Иегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕуын (Ис. 2:2, 3). Фӕлӕ цӕмӕй уыдон «дыргъ фӕразондзинады» хӕссой, уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕйы бауарзой (Лук. 8:15; Маркы 12:30). Ахӕм уарзондзинад сӕм куы нӕ уа, уӕд сӕ бон нӕ уыдзӕн ӕвзӕр ӕндӕвдады ныхмӕ фӕлӕууын ӕмӕ раст цы у, уый аразын. Цӕмӕй Иегъовӕйы ӕввахс хӕлӕрттӕ суой, уый тыххӕй сын ӕххуыс кӕн, ӕмӕ йын йӕ миниуджытӕн аргъ кӕной. Разӕнгард сӕ кӕн, чиныджы «Баввахс у Иегъовӕмӕ», зӕгъгӕ, цы ӕрмӕг ис, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнынмӕ.
2 Дӕхи цӕвиттон. Дӕ хъуыддӕгтӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ тынг бандавой дӕ ахуыргӕнинӕгтыл. Дӕ ахастытӕ дын Иегъовӕимӕ куыд зынаргъ сты ӕмӕ уый дӕ цардыл куыд зыны, уый куы уыной, уӕд уыдоны дӕр, чи зоны, бафӕнда, ӕмӕ сын Иегъовӕимӕ ахӕм ахастытӕ уа (Лук. 6:40). Ӕцӕгдӕр, адӕмыл арӕх нӕ ныхӕстӕй нӕ хъуыддӕгтӕ тынгдӕр бандавынц.
3 Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты Иегъовӕйы уарзын сӕйраджыдӕр ахуыр кӕнынц сӕхи цӕвиттонӕй (Дык. з. 6:4–9). Иу лӕг ӕмӕ усы фӕндыд сӕ сывӕллӕтты ӕцӕгады схъомыл кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй зонд агуырдтой, уыцы хъуыддаджы ӕнтыстджын чи уыд, ахӕм ныййарджытӕй. «Кӕимӕ ныхас кодтон, уыдон иууылдӕр дзырдтой, куыд ахсджиаг у ныййарджыты цӕвиттон»,– загъта лӕг. Уӕдӕ ныййарджытӕ хъуамӕ сӕ сывӕллӕттӕн сӕ алы хъуыддагӕй дӕр ӕвдисой, Иегъовӕйы хӕлар уай, уый цы нысан кӕны (Иак. 2:23).
4 Зӕрдӕбынӕй кувын. Цӕмӕй адӕм Иегъовӕйы хӕлӕрттӕ суой, уый тыххӕй ма сӕ дӕ бон у сахуыр кӕнын зӕрдӕбынӕй кувын дӕр. Зӕгъӕм, равдис сын Йесойы дӕнцон куывд, стӕй ма Фыстады цы бирӕ зӕрдиаг куывдтытӕ ис, уыдон дӕр (Матф. 6:9, 10). Кувын куыд хъӕуы, ууыл дӕ сывӕллӕтты ӕмӕ дӕ ахуыргӕнинӕгты дӕ бон у ахуыр кӕнын дӕхи куывдтытӕй дӕр. Дӕ зӕрдӕбын ныхӕстӕм дын куы хъусой, уӕд бамбардзысты, Иегъовӕмӕ цы зӕрдӕ дарыс, уый. Разӕнгард сӕ кӕн, цӕмӕй уӕззау уавӕрты бахаугӕйӕ «ӕппынӕдзух кувой» (Ром. 12:12, НД). Бахъуаджы сахат Иегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны, уый куы уыной, уӕд ыл сӕ ныфс тынгдӕр ӕвӕрдзысты ӕмӕ йӕ ӕцӕг хӕларау бауарздзысты (Пс. 33:9; Фил. 4:6, 7).