Нӕ бӕрны ис стыр хӕзна
1 Апостол Павел тынг аргъ кодта, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уымӕн. Уыцы хъуыддаг схуыдта «хӕзна» (2 Кор. 4:7). Хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕфхӕрд баййӕфта. Ӕвӕллайгӕйӕ хъусын кодта, кӕуылдӕриддӕр ӕмбӕлд, уыдонӕн. Бирӕ зын ӕмӕ тӕссаг фӕндӕгтыл фӕцыд, зӕххыл дӕр ӕмӕ денджызы дӕр. Нӕ бон куыд у Павелау нӕ лӕггадӕн аргъ кӕнын ӕмӕ уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? (Ром. 11:13). Нӕ лӕггад хӕзнайау зынаргъ цӕмӕн у?
2 Стыр хӕзна. Ацы дунейы хӕзнатӕ арӕх ӕрхӕссынц бирӕ маст ӕмӕ сӕ пайда дӕр вӕййы рӕстӕгмӕ. Нӕ лӕггад та хӕссы ӕнусон хорзӕхтӕ нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр (1 Тим. 4:16). Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм базонынц Йегъовӕйы, сӕ цард фӕивы ӕмӕ сын ӕнусон цардӕй ныфс фӕзыны (Ром. 10:13–15). Нӕ лӕггад нын тынг зынаргъ кӕй у, уый фӕрцы зонӕм, цӕмӕн цӕрӕм, райгонд стӕм ӕмӕ нын фидӕнӕй дӕр фидар ныфс ис (1 Кор. 15:58).
3 Нӕ хӕзнайӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый бӕрӕг уӕд. Цыдӕр нын тынг зынаргъ куы вӕййы, уӕд уый тыххӕй ницы февгъау кӕнӕм. Цы стыр кад у, нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн кӕй хардз кӕнӕм! (Еф. 5:16, 17). Нӕ рӕстӕг цӕуыл ацӕуы, уымӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ нын мулкӕй бирӕ зынаргъдӕр кӕй сты. Адӕмӕн нӕм ахсджиаг хабар кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕндзыстӕм. Архайдзыстӕм, цӕмӕй хорз хабар дзурынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм.
4 Зынаргъ хӕзнатӕ ӕмбӕхстӕй нӕ фӕдарынц, фӕлӕ сӕ афтӕ сӕвӕрынц, иннӕтӕ дӕр сӕ куыд уыной. Кӕд мах дӕр нӕ лӕггад хӕзнайыл нымайӕм, уӕд нын царды фыццаг бынаты уыдзӕн (Матф. 5:14–16). Цӕй уӕдӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бузныг уӕм ӕмӕ апостол Павелау алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм – дзурӕм хорз хабар, цӕмӕй бӕрӕг уа, нӕ лӕггад нын зынаргъ кӕй у, стыр хӕзнайыл ӕй кӕй нымайӕм.