Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 10/07 1 ф.
  • Мӕгуырты ныфс уадзӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Мӕгуырты ныфс уадзӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
km 10/07 1 ф.

Мӕгуырты ныфс уадзӕм

1 Йесо Чырысти уӕлдай тынгдӕр йе ’ргом здӕхта мӕгуыртӕм. Йесо сын диссаджы хуызы хӕринаг лӕвӕрдта, дзӕбӕх сӕ кодта, фӕлӕ йын сӕйрагдӕр уыд мӕгуыртӕн «хорз хабар» дзурын (Матф. 11:5). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон дӕр ӕххуыс кӕнынц мӕгуыртӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр (Матф. 24:14; 28:19, 20).

2 Ӕцӕг ныфс. Чырыстон дины разамонджытӕ арӕх мӕгуыртӕн зӕрдӕ бавӕрынц, зӕгъгӕ, хъӕздыг цӕрдзыстут, аргъуаны бирӕ мысайнаг куы дӕттат, уӕд. Фӕлӕ Библи ахуыр кӕны, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон мӕгуырдзинадӕн ӕмӕ адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр (Пс. 9:18; 145:16; Ис. 65:21–23). Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый мӕгуыртӕн куы амонӕм, уӕд сӕ бауадздзыстӕм ныфс ӕмӕ сын баххуыс кӕндзыстӕм Хуыцауы базонынӕн (Матф. 5:3).

3 Чырыстийы заман фарисейтӕ мӕгуыртӕм кастысты уӕлейӕ бынмӕ, ӕнӕрвӕссонӕй сӕ хуыдтой «амхаарец», кӕнӕ «сау адӕм». Фӕлӕ Йесойы цӕсты та сӕ «туг», ома сӕ цард уыд «зынаргъ» (Пс. 72:13, 14). Махӕн дӕр нӕ бон у Йесойау мӕгуыртӕм фӕлмӕн зӕрдӕ дарын ӕмӕ сын хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнын (Ӕмб. 14:31). Мах нӕ фӕнды, мӕгуырты кой кӕнгӕйӕ былысчъилтӕ кӕнын кӕнӕ сын хорз хабар ӕвӕндонӕй дзурын. Хуыцауы Паддзахады хабармӕ чи байхъусы, уыдонӕн сӕ фылдӕр хъӕздыг не сты.

4 Стыр ӕххуыс абон дӕр. Библийы ахуырӕдтӕ абон дӕр мӕгуыртӕн ӕххуыс кӕнынц. Зӕгъӕм, Библи дзуры фыднозт, ӕхцайыл хъазын, зивӕг кӕнын, тамако дымын, ӕмӕ ма адӕймаг йӕхи мӕгуырау уавӕрмӕ цӕй тыххӕй ӕркӕны, бирӕ ӕндӕр ахӕм хъуыддӕгты ныхмӕ (Ӕмб. 6:10, 11; 23:21; 2 Кор. 7:1; Еф. 5:5). Хуыцауы Ныхас разӕнгард кӕны, цӕмӕй ныл ӕууӕнк уа ӕмӕ «зӕрдӕбынӕй» кусӕм, уыцы миниуджытӕ та адӕмы зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц (Кол. 3:22, 23; Дзут. 13:18). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, куыстуӕтты хицӕуттӕн сӕ фылдӕр стыр аргъ кӕнынц, сайгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ зӕрдиагӕй чи фыдӕбон кӕны, ахӕм кусджытӕн.

5 Йегъовӕ мӕгуырты хъизӕмӕрттӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. Тагъд Йесо Чырысти фервӕзын кӕндзӕн, ӕххуыс чи агуры, уыцы мӕгуырты (Пс. 72:12). Уӕдмӕ та уал нын ис хорз фадат, цӕмӕй адӕмы, уыимӕ мӕгуырты дӕр ныфс уадзӕм – Библийӕ сын хорз хабар дзурӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын