Дӕ разы нысан сӕвӕр – искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын
1 «Уӕ цӕстытыл схӕцут ӕмӕ хуымтӕм акӕсут – уыдон фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35). Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ хауынц нӕ рӕстӕгмӕ дӕр.
2 Нырма ис, Йегъовӕйы базонын кӕй фӕнды, ахӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм. Уый бӕрӕг у, алы аз дӕр донаргъуыд цал адӕймаджы райсы, уымӕй. Кӕд дӕ тынг фӕнды искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын, уӕд дын, цымӕ, цы баххуыс кӕндзӕн?
3 Дӕ разы нысан сӕвӕр. Фыццаджыдӕр, дӕ разы нысан сӕвӕр – искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын. Хъусын кӕнгӕйӕ, уыцы нысан алкӕддӕр дӕ хъуыдыйы уӕд. Махӕн нӕ хӕс ӕрмӕст хъусын кӕнын нӕу, фӕлӕ ма адӕмы ахуыр кӕнын дӕр, ӕмӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ агурӕм фадӕттӕ, цӕмӕй уыцы хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнӕм (Матф. 24:14; 28:19, 20).
4 Цы ма дын баххуыс кӕндзӕн. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй чи хъусын кӕны, уыдон хъуамӕ зӕрдӕбынӕй кувой. Иуӕй-иу хатт уацамынды фембӕлӕм, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды ӕмӕ уый тыххӕй чи фӕкувы, ахӕм адӕмыл. Цӕй стыр кад нӕм ӕрхауд, Йегъовӕ мах уылты агуры ӕмӕ ахуыр кӕны ахӕм адӕмы! (Агг. 2:7; Ап. хъ. 10:1, 2).
5 Иу хо куывта, цӕмӕй искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид, ӕмӕ стӕй йӕ куысты кӕмӕндӕрты радта трактат «Фӕнды дӕ Библи хуыздӕр базонын». Трактат иу сылгоймаг бакаст, ӕмӕ дзы цы купон ис, уый байдзаг кӕныныл куы ӕрбадт, уӕд нӕ хо йемӕ сныхас кодта ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта.
6 Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй Библийы ахуыртӕ райдайын ӕмӕ уадзын хорз кӕмӕн уайы, уыдоны бон у, цӕмӕй дын баххуыс кӕной ӕмӕ дӕ нысан дӕ къухы бафта. Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй дын раарфӕ кӕна, ӕмӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай. Стӕй дын уыцы хъуыддаджы цы баххуыс кӕндзӕн, уыдӕттӕй пайда кӕн. Ӕмӕ, чи зоны, тагъд дӕ нысан дӕ къухы бафта, ӕмӕ искӕимӕ Библи ахуыр кӕнын райдайай.