Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 4/08 1 ф.
  • «Бузныг ут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Бузныг ут»
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Бузныг ут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Бузныгзӕрдӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Арфӕйы куывд
    Йегъовӕйӕн зӕрдӕрайгӕйӕ зарут!
Фылдӕр фенын
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
km 4/08 1 ф.

«Бузныг ут»

1 Йесо Чырысти дӕс хъотырджыны куы сдзӕбӕх кодта, уӕд ӕм ӕрмӕст сӕ иу ӕрбаздӕхт бузныг зӕгъынмӕ. Йесо йӕ бафарста: «Дӕс адӕймаджы не сдзӕбӕх сты? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты?» (Лук. 17:11–19). Мах дӕр хъуамӕ бузныг уӕм, хорзӕй цыдӕриддӕр ис, ӕмӕ нын алы ӕнӕфау лӕвар дӕр рӕдауӕй чи дӕтты, уыцы уӕларвон Фыд Йегъовӕ Хуыцауӕй! (Кол. 3:15; Иак. 1:17).

2 Хуыцауӕй цӕй тыххӕй хъуамӕ уӕм бузныг? Адӕмы тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста (Иоан. 3:16). Йӕхимӕ нӕ кӕй ӕрбаввахс кодта (Иоан. 6:44). Ӕгас дунейы дӕр нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ’хсӕн цы иудзинад ис, уый тыххӕй (Пс. 133:1–3). Стӕй ма бирӕ ӕндӕр лӕвӕртты тыххӕй дӕр. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй суӕм, Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕ чи ферох кодта, уыцы ӕбузныг израилӕгты хуызӕн (Пс. 106:12, 13).

3 Бузныг кӕй дӕ, уый хъуыддагӕй ӕвдис. Ӕвӕццӕгӕн, дӕс хъотырджыны Чырыстийӕ бузныг уыдысты, фӕлӕ уый ӕрмӕст иу адӕймаг равдыста хъуыддагӕй (Лук. 17:15). Мах дӕр бузныг кӕй стӕм, уый равдисдзыстӕм, зӕрдиагӕй куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд нын цыдӕриддӕр сарӕзта, уый тыххӕй дзы кӕд ӕцӕгӕйдӕр бузныг стӕм, уӕд нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй адӕмы уый хуызӕн уарзӕм ӕмӕ рӕдау уӕм. Ӕмӕ уый бӕрӕг уыдзӕн, адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд (Лук. 6:45). Йегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгты ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй куы дзурӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр уарздзыстӕм ӕмӕ дзы бузныг уыдзыстӕм (Пс. 40:5).

4 Иннӕты дӕр разӕнгард кӕн, цӕмӕй бузныг уой. Махӕн нӕ бон у нӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕ бузныг уой. Уымӕн ныййарджытӕн бирӕ фадӕттӕ ис, зӕгъӕм, цы сфӕлдыста, уымӕ сӕ сывӕллӕттимӕ куы фӕкӕсынц, уӕд (Ром. 1:20). Библийы ахуыры рӕстӕджы та нӕ бон у адӕймаджы бафӕрсын: «Цы бакастыстӕм, уый нын куыд ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый?» Ахуыргӕнинаг Хуыцауӕй цас тынгдӕр бузныг уа, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзӕн ӕмӕ йӕ фӕнддзӕн йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын.

5 Ацы фӕстаг бонты бирӕтӕ сты ӕбузныг (2 Тим. 3:1, 2). Уӕдӕ Йегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон у, йӕ лӕггадгӕнджытӕ дзы бузныг кӕй сты, уый сӕ зӕрдиаг лӕггадӕй кӕй ӕвдисынц! (Иак. 1:22–25).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын