«Йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм»
1. Хорз хъусынгӕнджытӕ цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?
1 Кӕд Йесо Чырысти дины скъолаты нӕ ахуыр кодта, уӕддӕр уымӕй хуыздӕр ахуыргӕнӕг никуы уыд. Цы хорз у, йӕ лӕггады тыххӕй фыст цы ӕрцыд, уый мах рӕстӕгмӕ кӕй ӕрхӕццӕ ӕмӕ дзы нӕ бон пайда кӕнын кӕй у. Цӕмӕй мах дӕр хорз хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «йӕ къахвӕдтыл цӕуӕм» (1 Пет. 2:21).
2. Цы нын баххуыс кӕндзӕн адӕмы Чырыстийау уарзын?
2 Адӕмы кӕй уарзӕм, уый хъуыддагӕй ӕвдисӕм. Йесо адӕмы тынг уарзта ӕмӕ сын ӕххуыс дӕр уымӕн кодта (Марчы 6:30–34). Нӕ участокты бирӕтӕ «удхар кӕнынц» ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ хорз хабар базоной (Ром. 8:22). Сӕ уавӕр тӕссаг кӕй у, уый кӕй ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ Йегъовӕ кӕй уарзы, уый нӕ разӕнгад кӕны, цӕмӕй дарддӕр хъусын кӕнӕм (2 Пет. 3:9). Адӕм куы уыной, зӕрдиагӕй сыл кӕй тыхсӕм, уӕд хуыздӕр хъусдзысты, цы хабар сын дзурӕм, уымӕ.
3. Йесо адӕмӕн хорз хабар кӕд дзырдта?
3 Алы фадатӕй дӕр пайда кӕнӕм. Йесо алы фадатӕй дӕр пайда кодта, цӕмӕй адӕмӕн хорз хабар радзырдтаид (Матф. 4:23; 9:9; Иоан. 4:7–10). Уӕдӕ мах дӕр ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ цӕттӕ уӕм хорз хабар дзурынмӕ. Иуӕй-иутӕ семӕ фӕхӕссынц Библи ӕмӕ литературӕ, цӕмӕй сӕ бон уа куысты, скъолайы, фӕндагыл, дуканийы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хъусын кӕнын.
4. Куыд у нӕ бон сӕйраджыдӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын?
4 Нӕ ныхасы сӕр – Хуыцауы Паддзахад. Йесо Чырысти сӕйраджыдӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар (Лук. 4:43). Кӕд нӕ ныхас алыхатт комкоммӕ Хуыцауы Паддзахадӕй нӕ райдайӕм, уӕддӕр ма рох кӕнӕм, нӕ нысан кӕй у, адӕмы уыцы Паддзахад куыд тынг хъӕуы, уый сын бамбарын кӕнын. Фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уый равдисынӕн, ацы дунейы ӕвзӕр уавӕрты кой куы фӕкӕнӕм, уӕддӕр сӕйраджыдӕр хъусын кӕнӕм, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» (Ром. 10:15).
5. Цӕмӕй хорз хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй Библийӕ пайда кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у?
5 Хуыцауы Ныхасӕй пайда кӕнӕм. Чырысти ӕдзухдӕр амыдта Фыстадӕй. Йӕхи зондӕй ницы дзырдта (Иоан. 7:16, 18). Хуыцауы Ныхас ӕй фидар кодта ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдта, цӕмӕй Хӕйрӕджы ныхмӕ фӕлӕууыдаид (Матф. 4:1–4). Цӕмӕй мах дӕр адӕмы хорз ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ алы бон дӕр Библи кӕсӕм ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрӕм (Ром. 2:21). Уацамынды адӕймаджы фарстӕн дзуапп дӕтгӕйӕ-иу, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, Библийӕ стих бакӕсӕм. Хъуамӕ адӕймаг уына, мах нӕхи хъуыдытӕ кӕй нӕ дзурӕм, фӕлӕ Хуыцауы хъуыдытӕ.
6. Чырыстийы ныхӕстӕ адӕмы зӕрдӕтӕм цӕмӕн хъардтой?
6 Нӕ ныхас адӕмы зӕрдӕтӕм хъарӕд. «Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуыма ничи дзырдта» (Иоан. 7:46). Ацы ныхӕстӕ загътой хъахъхъӕнджытӕ, сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ сӕ фарисейтӕ куы бафарстой, Йесойы цӕуылнӕ ӕрцахстат, зӕгъгӕ, уӕд. Чырысти ӕнӕуи цыдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ хаста, фӕлӕ адӕмы афтӕ ахуыр кодта, йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕтӕм куыд хъардтаиккой (Лук. 24:32). Цы дзырдта, уый бамбарын кӕнынӕн-иу ӕрхаста адӕмӕн сӕ цардимӕ баст фӕсномыг ныхӕстӕ (Матф. 13:34). Цас бамбӕрстаиккой, уымӕй фылдӕр сын нӕ дзырдта (Иоан. 16:12). Адӕмы ӕргом йӕхимӕ нӕ, фӕлӕ Йегъовӕмӕ здӕхта. Мах дӕр Йесойау хорз ахуыргӕнджытӕ суыдзыстӕм, иннӕты куыд ахуыр кӕнӕм, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд (1 Тим. 4:16).
7. Чырысти ӕнӕрынцойӕ цӕмӕн хъусын кодта?
7 Уацамынды цӕуӕм, кӕд нӕм нӕ фӕхъусынц ӕмӕ ныхмӕ фӕцӕуынц, уӕддӕр. Кӕд Чырысти диссаджы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уӕддӕр ӕм бирӕтӕ нӕ хъуыстой (Лук. 10:13). Суанг йӕхи бинонтӕ дӕр афтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ «йӕ сӕрызонд фӕцыди» (Марчы 3:21). Фӕлӕ уӕддӕр Йесо хорз хабар ӕнӕрынцойӕ дзырдта. Йӕ ныфс нӕ асаст, уымӕн ӕмӕ фидарӕй зыдта, адӕмы чи ссӕрибар кӕна, уыцы ӕцӕгдзинад сын кӕй дзуры (Иоан. 8:32). Йегъовӕйы ӕххуысӕй махӕн дӕр нӕ ныфс нӕ сӕтты (2 Кор. 4:1).
8, 9. Йесойау нӕ бон куыд у хорз хабары тыххӕй нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын?
8 Хуымӕтӕг цард кӕнӕм. Йесо хуымӕтӕг цард кодта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд лӕггад кӕнын (Матф. 8:20). Хъусын кодта ӕвӕллайгӕйӕ, иуӕй-иу хатт ӕнафонмӕ дӕр (Марчы 6:35, 36). Зыдта, йӕ куыст сӕххӕст кӕнынӕн ын бирӕ рӕстӕг кӕй нӕй. «Рӕстӕг бирӕ нал баззад», уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ нӕ исбон Йесойау ма ’вгъау кӕнӕм (1 Кор. 7:29–31).
9 Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн уацамынды бирӕ ӕнтыст, уымӕн ӕмӕ Чырыстийӕ ахуыр кодтой (Ап. хъ. 4:13). Мах дӕр хорз хъусын кӕндзыстӕм, ӕппӕты хуыздӕр ахуыргӕнӕджы куы фӕзмӕм, уӕд (2 Тим. 4:5).