«Ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут»
1 Кӕд ацы дуне алыхуызон сагъӕстӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕй йедзаг у, уӕддӕр Чырыстийы ныхӕстӕм кӕй байхъуыстам, ме ’фсондз уӕхиуыл сӕвӕрут, зӕгъгӕ, уый фӕрцы ссардтам ӕцӕг удӕнцой (Матф. 11:29, 30). Йесойы ’фсондз кӕй райстам, уый нысан кӕны, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй систӕм, ӕмӕ ныл уый ӕрмӕст хӕс не ’вӕры, фӕлӕ ма нын удӕнцой дӕр хӕссы. Уымӕ ма хауы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй уыдон дӕр удӕнцой ссарой Чырыстийы ӕнцонхӕссӕн ӕфсондзы бын (Матф. 24:14; 28:19, 20).
2 Хуыцауӕн лӕггад кӕнын нын хӕссы удӕнцой. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, цы уаргъ хӕссут, ууыл ма ноджыдӕр сӕвӕрут. Фӕлӕ сын загъта, цӕмӕй сӕ уӕззау уаргъ йе ’нцонхӕссӕн уаргъӕй баивтаиккой. Мах ацы дунейы сагъӕстӕ мӕты нал ӕфтауынц ӕмӕ иннӕтау ӕнӕныфс дӕр нал стӕм, стӕй, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл нал фыдӕбон кӕнӕм (Лук. 21:34; 1 Тим. 6:17). Кӕд ӕнӕвдӕлон стӕм ӕмӕ нӕ бирӕ кусын хъӕуы, уӕддӕр нын царды сӕйрагдӕр у Хуыцауӕн лӕггад кӕнын (Матф. 6:33). Ахсджиагдӕр цы у, уый куы ’мбарӕм, уӕд нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнын зын нӕ уыдзӕн, фӕлӕ нын алы хатт дӕр удӕнцой хӕсдзӕн (Фил. 1:10).
3 Нӕ зӕрдӕмӕ тынг цы фӕцӕуы, ууыл нын ныхас кӕнын дӕр ӕхсызгон вӕййы (Лук. 6:45). Алы чырыстонӕн дӕр тынг зынаргъ у Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый. Уӕдӕ куыд ӕхсызгон вӕййы, нӕ сагъӕстӕ куы ныууадзӕм ӕмӕ, «хуыздӕр цыдӕр кӕй уыдзӕн, уый тыххӕй хорз хабар» куы фӕхъусын кӕнӕм! (Ром. 10:15). Арӕхдӕр цы хъуыддаг фӕаразӕм, уымӕ хуыздӕр фӕарӕхсӕм ӕмӕ нын фылдӕр цин ӕрхӕссы. Уӕдӕ нӕ бон цас у, уыйас куы хъусын кӕнӕм, уӕд зӕрдӕрухсдӕр уыдзыстӕм. Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, исчи хорз хабармӕ куы байхъусы, уӕд! (Ап. хъ. 15:3). Адӕм нӕм куы нӕ хъусой ӕмӕ нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕддӕр нын уацамынд удӕнцой хӕсдзӕн, нӕ зӕрдыл куы дарӕм, нӕ фыдӕбон Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй у ӕмӕ нын цы бантысы, уый йӕ арфӕдзинадыл куы нымайӕм (Ап. хъ. 5:41; 1 Кор. 3:9).
4 Чырыстийы ӕфсондзы бын кӕй стӕм, уый нын дӕтты диссаджы фадат йемӕ лӕггад кӕнынӕн (Ис. 43:10; Рарг. 1:5). Ацы хъуыддагӕй стырдӕр удӕнцой ницы хӕссы!