Цы хӕзнатӕ нӕм ис, уыдон иннӕтӕн дӕр ма ӕвгъау кӕнӕм
1 Хуыцауы Ныхасы бирӕ ис нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ хӕзнатӕ, ома амындтӕ (Пс. 12:6; 119:11, 14). Иухатт Йесо Чырысти Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕ куы радзырдта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгты бафарста: «Ӕппӕт адӕттӕн сӕ хъуыды бамбӕрстат?» Дзуапп ын куы радтой, уӕд сын загъта: «Афтӕ, уӕларвон паддзахады тыххӕй чи базыдта, уыцы зондамонджытӕй дӕр алкӕцыдӕр у, йӕ къӕбицы ногӕй дӕр ӕмӕ зӕрондӕй дӕр цыдӕриддӕр ис, уый чи рахӕссы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн» (Матф. 13:1–52).
2 Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтам, уӕд цы базыдтам, уыдӕттӕ схонӕн ис зӕронд хӕзнатӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас дарддӕр ахуыр кӕнгӕйӕ базонӕм ӕндӕр арф хъуыдытӕ, ӕмӕ уыдон та схонӕн ис ног хӕзнатӕ (1 Кор. 2:7). Стӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» фӕрцы дӕр Хуыцауы фӕндтӕ хуыздӕр бамбарӕм (Матф. 24:45).
3 Мах стыр аргъ кӕнӕм, уыцы зӕронд ӕмӕ ног хӕзнатӕн. Уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас адӕмӕн арӕхстджындӕрӕй амонӕм, ӕмӕ зӕрдиагӕй дзурӕм, цы базонӕм, уый.
4 Чырыстийӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Адӕмӕн хъусын кӕнгӕйӕ Йесо йӕхиуыл нӕ ауӕрста, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыд, уыцы хӕзнатӕм цы цӕстӕй каст, уый. Фӕлладӕй дӕр никуы фӕзивӕг кодта йӕ «къӕбицӕй» хӕзнатӕ рахӕссынмӕ (Иоан. 4:6–14).
5 Хуыцауы ӕмӕ йӕ фӕнды тыххӕй чи нӕ зыдта, уыдоны Чырысти кӕй уарзта, уый йӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй адӕмӕн хай кодтаид царддӕттӕг хӕзнатӕй (Пс. 72:13). Хуыцауы тыххӕй зонын кӕй фӕндыд, уыдонӕн тӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын «бирӕ цыдӕртӕ амыдтаид» (Марчы 6:34).
6 Йесойы фӕзмӕм. Нӕ хӕзнатӕн стыр аргъ куы кӕнӕм, уӕд мах дӕр Йесойау зӕрдиагӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕ адӕмӕн Библийы ӕвдисӕм (Ӕмб. 2:1–5). Кӕд иуӕй-иу хатт фӕллад вӕййӕм, уӕддӕр нӕ фӕфӕнды, Библийӕ цы базонӕм, уый зӕрдиагӕй дзурын (Марчы 6:34). Нӕ хӕзнатӕн стыр аргъ кӕй кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ, нӕ бон цас у, уыйбӕрц хъусын кӕндзыстӕм ӕмӕ уый тыххӕй ӕппынӕдзух фадӕттӕ агурдзыстӕм.