Фарстаты асыкк
◼ Чырыстӕттӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй сын сӕ чындзӕхсӕвы фӕдыл раныхас Паддзахады залы уа, уыдон хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ цӕуыл хъуамӕ аныхас кӕной?
Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цы чындзӕхсӕв скӕнынц, уый кад хӕссы Йегъовӕйӕн, уӕлдайдӕр та Паддзахады залы чындзӕхсӕвы фӕдыл раныхас куы вӕййы, уӕд. Уымӕн ӕмӕ Паддзахады залы цыдӕриддӕр вӕййы, уый адӕм нымайынц нӕ динимӕ баст хъуыддагыл. Цӕмӕй Паддзахады залы раныхас уа, уый тыххӕй уал раст уаид, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы аныхас кӕниккой, чындзӕхсӕв чи кӕны, уыдонимӕ, ӕмӕ уӕд «алцыдӕр... уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» уыдзӕн (1 Кор. 14:40).
Раныхас Паддзахады залы уа, уый кӕй фӕнды, уыдоны хъӕуы курдиат ныффыссын ӕмӕ йӕ ӕмбырды комитетмӕ раттын. Уыцы курдиат хъуамӕ рагацау ныффыссой ӕмӕ дзы фӕнысан кӕной, раныхас цы бон ӕмӕ цы рӕстӕгмӕ пълан кӕнынц, уый. Хъуамӕ сӕ зӕрдыл дарой, чындзӕхсӕвы тыххӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фембӕлды рӕстӕг кӕй нӕ фӕивдзысты. Уымӕй уӕлдай, сӕ дыууӕйӕн дӕр хъуамӕ уа хорз ном, сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдау уа Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ.
Цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕв Хуыцауӕн кад ӕрхӕсса, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбырды комитетимӕ рагацау аныхас кӕной, залы сӕ цы саразын фӕнды, ууыл. Хистӕр нӕлгоймӕгты сӕхи цы фӕнды, уый сын нӕ кӕнын кӕндзысты. Фӕлӕ раст цы нӕ уыдзӕн, ахӕм исты куы пълан кӕной, уӕд сӕ хъӕудзӕн хистӕр нӕлгоймӕгтӕм байхъусын. Паддзахады залы хъуамӕ цӕгъдой ӕрмӕстдӕр «Паддзахады мелодитӕ» кӕнӕ, нӕ зарджыты чиныджы цы музыкӕ ис, уый. Паддзахады зал срӕсугъд кӕнын кӕнӕ сӕ бандӕттӕ ӕндӕрхуызон сӕвӕрын куы фӕнда, уӕд уый тыххӕй дӕр бар ракурын хъӕуы. Къамисӕнӕй кӕнӕ видеокамерӕйӕ исгӕйӕ алцыдӕр хъуамӕ уа уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у бар раттын, цӕмӕй Паддзахады залы репетици скӕной, кӕд уый ӕмбырды хъуыддӕгтӕ нӕ къуылымпы кӕндзӕн, уӕд. Хъусинӕгты фӕйнӕгыл чындзӕхсӕвмӕ хуынды гӕххӕтт ауындзӕн нӕй. Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у «Нӕ хъусын кӕныны фембӕлды» цыбыр хъусинаг скӕнын, зӕгъгӕ, тагъд Паддзахады залы уыдзӕн чындзӕхсӕвы фӕдыл раныхас.
Усгур ӕмӕ чындзӕн загсы ӕвдисӕнтӕ чи уыдзӕн кӕнӕ уырдӕм чи ӕрбацӕудзӕн, уыдон се ’ппӕт дӕр донаргъуыд уой, уый ӕнӕмӕнг нӕу. Фӕлӕ йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдау Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ кӕмӕн у, кӕнӕ уазджытӕм ӕнахуыр чи фӕкӕсдзӕн, ахӕм адӕймаджы фӕхонын раст нӕ уаид. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, раныхас хъуамӕ уа хистӕр нӕлгоймагӕн. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕарӕхсынц Хуыцауы Ныхас амонынмӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ бон уыдзӕн бинонты царды фӕдыл хорз раныхас бакӕсын (1 Тим. 3:2).
Раныхас цы хистӕр нӕлгоймагӕн уыдзӕн, уымӕн рагацау зӕгъын хъӕуы, цӕмӕй усгур ӕмӕ чындзимӕ аныхас кӕна, куы ӕмбӕлыдысты, уыцы рӕстӕг сӕхи, чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ дардтой ӕви нӕ. Уыдон йемӕ ӕргом ныхас кӕндзысты. Кӕд сӕ искӕмӕн уый размӕ дӕр ма бинонтӕ уыд, уӕд хистӕр нӕлгоймаг сбӕлвырд кӕндзӕн, Библимӕ гӕсгӕ ӕмӕ закъонмӕ гӕсгӕ сын сӕ цард баиу кӕнӕн ис, ӕви нӕй (Матф. 19:9). Хистӕр нӕлгоймагӕн хъӕудзӕн равдисын, кӕй ахицӕн, уый фӕдыл гӕххӕтт.
Бинонты хъуыддаг чи кӕны, уыдон хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ алцӕуылдӕр куы аныхас кӕной ӕмӕ сӕм куы хъусой, уӕд чындзӕхсӕвы бон алкӕмӕн дӕр циндзинад ӕрхӕсдзӕн (Ӕмб. 15:22; Дзут. 13:17).