Хуыцау иунӕг Хицау куы уыд, уӕд Дун-дунейы уыд фарн ӕмӕ иудзинад
Хуыцауы Паддзахад нӕ цӕмӕн хъӕуы?
Фыццаг дыууӕ адӕймагӕн не Сфӕлдисӕг уыди сӕ иунӕг Хицау, йӕ ном у Йегъовӕ. Ӕмӕ сын хорзӕй цыдӕриддӕр арӕзта, уый арӕзта, кӕй сӕ уарзта, уый тыххӕй. Йегъовӕ Едемы скодта рӕсугъд цӕхӕрадон ӕмӕ дзы фыццаг дыууӕ адӕймаджы ӕрцӕрын кодта. Уымӕй уӕлдай ма сын парахатӕй радта хӕринаг. Стӕй ма сын бахӕс кодта, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кодтаид, ахӕм куыст (Райдиан 1:28, 29; 2:8, 15). Адӕм дарддӕр дӕр Хуыцаумӕ куы хъуыстаиккой ӕмӕ йӕ сӕ Хицауыл куы нымадтаиккой, уӕд алкӕддӕр фӕрнӕй ӕмӕ сабырӕй цардаиккой.
Фыццаг дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы хицаудзинадыл сӕ къух систой
Библийӕ базонӕн ис, иу зӕд (фӕстӕдӕр ӕй схуыдтой Сайтан Хӕйрӕг) Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыд. Уый сдзырддаг кодта, Хуыцауӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй адӕмӕн Хицау уа. Хӕйрӕг загъта, адӕм ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй ӕмӕ ӕнӕ йӕ хицаудзинадӕй амондджындӕр кӕй уыдзысты. Хъыгагӕн, нӕ рагфыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, ацыдысты Хӕйрӕджы зондыл ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты (Райдиан 3:1–6; Раргомад 12:9).
Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы хицаудзинадыл сӕ къух кӕй систой, уый тыххӕй ӕнӕхай фесты дзӕнӕтӕй ӕмӕ, ӕнустӕм ӕнӕнизӕй цардаиккой, уыцы фадатӕй (Райдиан 3:17–19). Цы рӕдыд сарӕзтой, уый фӕзынд, фӕстӕдӕр сын цы цот рацыд, уыдоныл дӕр. Библийы фыст ис, Адамы аххосӕй «дунемӕ [кӕй] ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт» (Ромӕгтӕм 5:12). Тӕригъӕд ма ӕркодта уымӕ дӕр, ӕмӕ, «адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Адӕмы хицаудзинад алкӕддӕр ӕркӕны зындзинӕдтӕм.
АДӔМЫ ХИЦАУДЗИНАД РАЙДЫДТА
Нимрод Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд
Адӕмӕй хицау чи сси, уыдонӕй Библийы фыццаг Нимроды кой цӕуы. Уый Йегъовӕйы хицаудзинады ныхмӕ рацыд. Нимроды заманӕй фӕстӕмӕ барджын адӕм иннӕты ӕфхӕрдтой. Иу-3 000 азы размӕ паддзах Соломон ныффыста: «Федтон ӕфхӕрд адӕмы цӕссыгтӕ, ныфсытӕ сын чи бавӕрдтаид, уый та нӕ уыд. Бартӕ уыдысты се ’фхӕрджыты къухы» (Екклесиаст 4:1).
Абон дӕр ницы фӕивта. 2009 азы Иугонд Нациты Организаци цы статьятӕ рауагъта, уыдонӕй иуы фыст уыд: «Арӕхӕй-арӕхдӕр фехъусӕн вӕййы, зӕгъгӕ, хицауӕдтӕ разамынд дӕттын кӕй нӕ зонынц, уый у, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр адӕм уыйбӕрц зындзинӕдтӕ кӕй ӕвзарынц, уымӕн йӕ сӕйраг аххосӕгтӕй сӕ иу».
ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД БАРТӔ ЙӔ КЪУХМӔ РАЙСТА!
Адӕмы хъӕуы хуыздӕр хицӕуттӕ ӕмӕ хуыздӕр хицаудзинад. Ӕмӕ нын не Сфӕлдисӕг уымӕй зӕрдӕ ӕвӕры!
Суанг ӕппӕты хуыздӕр хицауӕдтӕн дӕр сӕ бон нӕ баци адӕмы зындзинӕдтӕн се ’ппӕтӕн кӕрон скӕнын
Хуыцау сфидар кодта Паддзахад, кӕнӕ хицауад. Уый баивдзӕн зӕххон хицауӕдтӕ се ’ппӕт дӕр, «йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм» (Данел 2:44). Уый у, милуангай адӕм кӕй тыххӕй фӕкувынц, уыцы Паддзахад (Матфейы 6:9, 10). Фӕлӕ уыцы Паддзахады Хуыцау йӕхӕдӕг нӕ хицауиуӕг кӕны. Хицауӕй дзы сӕвӕрдта, кӕддӕр зӕххыл чи цард, уый. Цымӕ чи у?