Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • wp20 № 2 11–13 фф.
  • Хуыцауы Паддзахадӕн цы бантысдзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы Паддзахадӕн цы бантысдзӕн?
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДӔН НЫРОНГ ДӔР ЦЫ БАНТЫСТ?
  • ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ТАГЪД РӔСТӔДЖЫ ЦЫ САРАЗДЗӔН?
  • ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД АДӔМӔН ЦАВӔР ХОРЗДЗИНӔДТӔ ӔРХӔСДЗӔН?
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • «Ӕнусмӕ чи нӕ фехӕлдзӕн», уыцы Паддзахад
    Кувут Иунӕг Ӕцӕг Хуыцауӕн
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2020
wp20 № 2 11–13 фф.
Цӕугӕдон ӕхсӕрдзӕнмӕ кӕлы. Цӕугӕдоны алыварс ис урссӕр хӕхтӕ ӕмӕ хъӕд

Хуыцауы Паддзахадӕн цы бантысдзӕн?

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй куывтаиккой. Уый зыдта, зӕххыл цы ’взӕр хабӕрттӕ цӕуы, уыдон Хуыцауы фӕндӕй кӕй не сты ӕмӕ адӕмы зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕрмӕстдӕр иу хицауад – Хуыцауы Паддзахад. Хуыцауы Паддзахадӕн йӕ къухы цы бафтдзӕн?

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДӔН НЫРОНГ ДӔР ЦЫ БАНТЫСТ?

Айразмӕйы статьяйӕ базыдтам, Чырысти Хуыцауы Паддзахады ӕрцыды кой кӕнгӕйӕ цы хабӕрттӕ ранымадта, уыдон. Ӕмӕ абон уыцы хабӕрттӕ кӕй цӕуынц, уымӕй бӕрӕг у, Йесо Чырысти Паддзах кӕм у, уыцы Паддзахад уӕлӕрвты кӕй ӕрфидар.

Чырысти Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уӕд Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты уӕлӕрвтӕй ӕрӕппӕрста, Библийы куыддӕриддӕр фыст ӕрцыд, афтӕ. Ныр уыдонӕн сӕ бар цӕуы ӕрмӕстдӕр зӕххыл. Ӕмӕ, 1914 азӕй фӕстӕмӕ цард бонвыддӕр кӕй кӕны, уымӕн йӕ аххосӕгтӕй иу уый у (Раргомад 12:7, 9).

Кӕд дунейы уавӕртӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнынц, уӕддӕр Чырысти, Хуыцауы Паддзахады Паддзах, ӕгас зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн ӕххуыс кӕны. Уый рагацау загъта, ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн хорз хабар. Ӕмӕ абон уыцы куыст кӕй цӕуы, уый руаджы милуангай адӕм сӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ аразынц (Исай 2:2–4). Уыдон сахуыр сты куыстмӕ ӕмӕ мулкмӕ ахӕм цӕстӕй кӕсын, цӕмӕй сын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр ма суой, стӕй сӕ бинонты цард дӕр хуыздӕрырдӕм фӕивта. Уыцы адӕм Библийӕ цы базонынц, уый сын абон дӕр стыр пайда хӕссы ӕмӕ ма уый фӕрцы свӕййынц, Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цӕрыны аккаг чи у, ахӕм адӕймӕгтӕ.

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ТАГЪД РӔСТӔДЖЫ ЦЫ САРАЗДЗӔН?

Кӕд Чырысти ныр уӕлӕрвты Паддзах у, уӕддӕр зӕххыл нырма ис хицауӕдтӕ. Фӕлӕ Хуыцау Чырыстийӕн загъта: «Бацу де знӕгты ’хсӕнмӕ ӕмӕ сӕ дӕ дӕлбар бакӕн» (Псалом 110:2). Тагъд Чырысти йе знӕгты се ’ппӕты дӕр фесафдзӕн, Хуыцауы коммӕ кӕсын кӕй фӕнды, уыдоны та сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн.

Уыцы рӕстӕг Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

  • Афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй мӕнг динтӕ сӕфт ӕрцӕуой. Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны ӕмӕ адӕмы цард зындӕр чи кӕны, уыцы динтӕ сӕфт ӕрцӕудзысты. Библийы мӕнг динтӕ барст цӕуынц хӕтаг сылгоймагимӕ. Се сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд бирӕтӕ арвы цӕфау фӕуыдзысты (Раргомад 17:15, 16).

  • Адӕмы хицаудзинадӕн кӕрон скӕндзӕн. Хуыцауы Паддзахад ӕппӕт зӕххон хицауӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн (Раргомад 19:15, 17, 18).

  • Фыдгӕнджыты фесафдзӕн. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ Хуыцауы коммӕ кӕсын кӕй нӕ фӕнды, уыдонӕн сӕ хабар куыд уыдзӕн? «Фыдгӕнджытӕ... зӕххӕй фесӕфдзысты» (Ӕмбисӕндтӕ 2:22).

  • Хӕйрӕджы ӕмӕ дӕлимонты фесафдзӕн. Хӕйрӕгӕн ӕмӕ дӕлимонтӕн сӕ бон нал уыдзӕн «адӕмты... сайын» (Раргомад 20:3, 10).

Хуыцауы Паддзахад, йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕн цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД АДӔМӔН ЦАВӔР ХОРЗДЗИНӔДТӔ ӔРХӔСДЗӔН?

Чырысти, уӕларвон Паддзахады Паддзах, сараздзӕн, иу зӕххон хицауадӕн дӕр цы хъуыддӕгтӕ нӕ бантыст саразын, уыдон. Йемӕ ма паддзӕхтӕ уыдзысты, адӕмӕй ӕвзӕрст чи ӕрцыд, уыдон, сӕ нымӕц у 144 000 (Раргомад 5:9, 10; 14:1, 3). Чырысти афтӕ бакӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ам, зӕххыл, сӕххӕст уа. Хуыцауы Паддзахад зӕххы цӕрджытӕн цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

  • Низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. «Уым цӕрӕг адӕмӕй иу дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Исай 33:24). «Нал уыдзӕн... мӕлӕт» (Раргомад 21:4).

  • Адӕм уыдзысты фӕрнӕйдзаг ӕмӕ ӕдас. «Дӕ фырттӕ хайджын уыдзысты ӕнӕкӕрон фарнӕй» (Исай 54:13). «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:4).

  • Алкӕмӕн дӕр уыдзӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ куыст. «Ме ’взӕрст адӕм бафсӕддзысты сӕ къухты фыдӕбонӕй. Сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн» (Исай 65:22, 23).

  • Ӕрдзӕн зиан ницыуал хӕсдзӕн. «Ӕдзӕрӕг быдыр ӕмӕ ӕнӕдон бӕстӕ фырцинӕй зардзысты, хус бӕстӕ цин кӕндзӕн ӕмӕ шафранау дидинӕг калдзӕн» (Исай 35:1).

  • Адӕм базондзысты, цы сӕ хъӕудзӕн аразын, цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой. «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

Хуыцауы зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй уыцы хорздзинӕдтӕй схайджын уай (Исай 48:18). Иннӕ статьяйӕ базондзынӕ, ныр дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыцы диссаджы фидӕн дӕхи цӕстӕй фенай.

Адӕмы хицаудзинад мингай азты дӕргъы цы зиан хӕссы, уый Хуыцауы Паддзахад сраст кӕндзӕн. Зӕхмӕ цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн?

  • Лӕг ӕмӕ ус хъӕды сындӕггай згъорынц

    ӔНӔНИЗДЗИНАД

  • Бинонтӕ парчы кӕрдӕгыл бадгӕйӕ сӕ улӕфт уадзынц. Фыд гитарӕйыл цӕгъды

    ФАРН ӔМӔ ӔДАСДЗИНАД

  • Лӕг ӕмӕ ус сӕ цӕхӕрадоны дидинджытӕм зилынц

    ЗӔРДӔМӔДЗӔУГӔ КУЫСТ

  • Цӕугӕдон ӕхсӕрдзӕнмӕ кӕлы. Цӕугӕдоны алыварс ис урссӕр хӕхтӕ ӕмӕ хъӕд

    СЫГЪДӔГ ӔРДЗ

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын